Терроризмы ныхмæ къамисы æмбырд Терроризмы ныхмæ мадзæлттæн бæрнон чи у, уыцы æххæстгæнæг хицауады æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнты кусджытæ сæ дæсныйад цæмæй фæхуыздæр кæной, ууыл ныхас цыд Терроризмы ныхмæ къамисы æмбырды. Амыдта йæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Фæбæрæг ма кодтой объекттæ куыд хъахъхъæд цæуынц, æнæнхъæлæджы уавæрты рæстæг кусджыты цæттæдзинад дæр.

0
165


Артаджы-энергетикон комплексы, донæфсисады æмæ донуадзыны объекттæ терроризмæй куыд хъахъхъæд цæуынц, уый тыххæй радзырдтой Национ гвардийы республикон управленийы хицау Валерий Голота æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Таматы Майрæн. Терроризмы ныхмæ къамисы уынаффæтæ чи не ‘ххæст кæны, уыцы адæмы хъæуы æфхæрын, хъуамæ уый тыххæй фæндæттæ бацæттæ кæной.

Артаджы-энергетикон комплекс бахъахъхъæныны тыххæй цы домæнтæ ис, уыдон фехæлдтой 115 хатты, бæрнон адæймæгтæй административон бæрнодзинад бадомдтой. Æппынæдзух сæ чи не ‘ххæст кæны, уыдонимæ ис «Зæрæмæджы ГЭС», Национ гварди дзы уавæр аст хатты бæрæг кодта, фæлæ аипдзинæдтæ 2018 азæй фæстæмæ иуварсгонд не ‘рцыдысты.

Республикæйы Сæргълæууæг бафæдзæхста, цæмæй «Зæрæмæджы ГЭС»-ы разамонæджы бафхæрыны фарстайыл æрдзурой Прокуратурæимæ. «Бæрнон адæймæгтæ æгæнонтæ хъуамæ ма кæной, уый сæ уæззау уавæры баппардзæн. Æнæмæнг, хъуамæ мадзæлттæ саразæм, цæмæй уый фæстæ аххосджынты ма агурæм, «РусГидро»-йы разамындмæ хъæуы арвитын бæстон доклад», — фæбæрæг кодта Сергей Меняйло.

Терроризмы ныхмæ мадзæлттæ æххæстгæнджыты зонындзинæдтæ æмæ цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæнын, хъуыддæгтыл уыд йæ ныхас ахуырад æмæ наукæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Алыбегты Эллæйæн. Ацы азы фыццаг æмбис скодтой 254 иумæйаг хъомыладон æмæ культурон-рухсадон мадзалы, уыдон сты терроризмы ныхмæ, фæсивæд сын сæ ахадындзинад æмбарынц. Æдæппæтæй 38 мин студенты æмæ ахуырдзауы архайдтой уыцы хъуыддæгты.

«Сæйрагдæр у рагацау тæссаг хабæрттæ базонын, уырдæм бафтауын хъæуы психологты. Ахсджиаг нысан у æмæ йыл бакусæм», — радзырдта Сергей Меняйло. Ныртæккæ кæд куыст цæуы, уæддæр фæсивæд алыхуызон карз хъуыдытыл фæхæст вæййынц, уæдæ хæцæнгарз æнæ цæстдардæй кæй дæттынц, пайда дзы кæй кæнынц, уый дæр у ныхасы аккаг. Æмбырды куыд райхъуыст, афтæмæй 2021 азы 1 июлæй Уæрæсейы Федерацийы нормативон-барадон базæмæ бахастой уæлæмхасæнтæ æмæ æнæзакъонæй хæцæнгарзæй пайда кæныны тыххæй бæрнондзинад фæкарздæр кодтой.

Æмбырды ма байхъуыстой Мидхъуыддæгты министрады минæвар Цхуырбаты Роландмæ. Уый радзырдта æнæзакъонæй хæцæнгарзы, хæстон æмæ рæмудзæн æрмæджы зилдухы, цы мадзæлттæй тох кæнынц, уыдæтты тыххæй. Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министртæ Бокоты Эльбрус æмæ Тебиаты Сослан фæбæрæг кодтой, сæ объекттæ куыд хъахъхъæд цæуынц, уый.


РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ
Хицауады пресс-слжбæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here