Бынатмæ бацыдысты

0
219
Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы разамонæг Милдзыхты Вячеславимæ бабæрæг кодтой, Дзæуджыхъæуккаг уынджы газы хæтæл кæм срæмыгъта, уыцы бынат. Сæ зæрды уыд уавæрæн аргъ скæнын æмæ æмбæлгæ уынаффæтæ рахæссын.
«Газпром газдихгæнæн Дзæуджыхъу» куыд фехъусын кодта, афтæмæй уынджы хæтæлимæ архайдта хицæн куыстуат. Хæтæл срæмыгъта, зынгсирвæзт дзы рауад. Ныр газы службæйы специалисттæ хъæндзинæдтæ иуварс кæнынц, газ фæцæуынæй тæссаг нал у. Республикæйы Прокуратурæ срæмыгъды уавæртæ бæрæг кæны.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here