Энергоæдасдзинадмæ — фылдæр æргом

0
206
Знон Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланимæ йæ куысты хъуыддæгты фæдыл сæмбæлд Уæрæсейы Федерацийы энергетикæйы министр Николай Шульгинов.

Министримæ ма уыдысты Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтады министры хæдивæг Максим Егоров. Экологон, технологон æмæ атомон цæстдарды Федералон службæйы разамонæг Александр Трембицкий, куыстадон акционерон æхсæнад «Россети»-йы генералон директор Андрей Рюмин, акционерон æхсæнад «Системный оператор единой энергетической системы»-йы правленийы директор Федор Опадчий.

Делегацийы минæвæрттæ Рахизфарсы районы сæргълæууæг Фрайты Сосланы разамындæй бабæрæг кодтой, Беслæны скъолайы террористон акты чи бабын, уыдоны мемориалон комплекс æмæ дзы сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ.
Уыцы бон республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Николай Шульгиновæн уыд хъуыддаджы фембæлд. Уым ныхас цыд регионы артаг æмæ энергетикон фæрæзты ахсджиаг æнæлыггонд фарстатæ æмæ сæ аиуварс кæныныл, стæй уыцы къабаз дарддæр райрæзын кæныныл.
Бæлвырддæр æркастысты Цæгат Ирыстоны электрон хызты архайды фарстатæм. Æрныхас кодтой, республикæ зымæгмæ куыд цæттæ у, уыцы фарстатыл дæр.
Уæрæсейы Федерацийы энергетикæйы министрады делегаци фембæлд республикæйы Хицауады уæнгтимæ.
РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз фембæлд цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтады министры хæдивæг Максим Егоровимæ. РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Фадзайты Æхсарбег, РЦИ-Аланийы артаг, энергетикæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Таматы Майрæн æмæ РЦИ-Аланийы тарифты службæйы раамонæг Къуымæриттаты Алан сæ куысты къабазы фарстатыл æрныхас кодтой куыстадон акционерон æхсæнад «Россети»-йы генералон директор Андрей Рюмин æмæ куыстадон акционерон æхсæнад «Россети Цæгат Кавказ»-ы генералон директор Роман Левченкоимæ.
Электрохардзифтонджы æдасдзинад æххæст кæныны хицауадон къамисы уæнгты æмбырд Цæгат Кавказы федералон зылды субъектты минæвæрттимæ амыдтой Уæрæсейы Федерацийы энергетикæйы министр Николай Шульгинов æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Николай Шульгинов арфæ ракодта Сергей Меняйлойæн йæ ног разамонæджы бынаты тыххæй, стæй иумæйагæй радзырдта министрады размæ цы хæстæ лæууы æмæ куыд æххæстгонд цæуынц, уыдоны тыххæй. Йæ ныхас уыцы фарстайы фæдыл фæбæлвырддæр кодта Цæгат Кавказы федералон зылды тыххæй дзургæйæ.
Сергей Меняйло дæр арфæ ракодта уазджытæн, сæрмагондæй та Николай Шульгиновæн, ахæм ахсджиаг фарстатæ æвзарынæн Цæгат Ирыстон-Алани кæй равзæрста, уый тыххæй. Цыбырæй радзырдта зымæгмæ цæттæ кæныны куыстытæ цы уавæры сты æмæ сæм дарддæр цы нысантæ ис энергохардзифтонгады æдасдзинад фæхуыздæр кæныны тыххæй. Æмбырд йæ куыст дарддæр кодта æнæ журналисттæй.
Куы фæци уæд Николай Шульгинов æмæ Сергей Меняйло рацыдысты журналистты размæ æмæ бæстон дзуаппытæ радтой сæ алыхуызон фарстытæн.
Республикæйы уазджытæ дарддæр сæ балц акодтой Зæрæмæджы ГЭС-мæ.
Касаты Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here