Социалон объекттæ байгом кодта

0
194
Кусæг балцы Алагиры районы сæмбæлд республикæйы Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз. Уым архайдта социалон объекттæ байгом кæныны кадджын мадзæлтты. Базылдысты æмæ сæ сарæзтой национ проекттæ æмæ паддзахадон программæты фæрцы.
Суададжы хъæуы сарæзтой ног спортивон зал, ныр афтæ зæгъæн ис, æмæ скуыста. «Регионы социалон-экономикон рæзты сæйраг рахæцæнтæ сты федералон æмæ регионалон программæтæ. Уыдоны фæлгæты аразæм скъолатæ, рæвдауæндæттæ, культурæйы хæдзæрттæ, спортивон объекттæ æмæ æндæр хъуыддæгтæ. Суададжы спортивон зал дæр уымæн æвдисæн, уый суыдзæн сывæллæтты æмæ фæсивæды физикон рæзты центр», — фæбæрæг кодта Тускъайы-фырт.
Ам спортæй архайынæн алы фадæттæ дæр скодтой, 450 квадратон метры фæзуаты ис тренировкæтæ кæнæн зал, санитарон уæттæ хинайæнтимæ, дзаума ивæнтæ. Ног объекты разамонæг Хæдарцаты Олег куыд загъта, афтæмæй дзы сæдæ сывæллонæй фылдæрæн ис бынат.
Уыцы бон ма Суададжы сæйраг уынджы байгом кодтой парчы фæзуат. Æнусы æрдæгæй фылдæр рацыд, хъæугæрон Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыцы хъæуккæгтæн цыртдзæвæн куы сæвæрдтой, уæдæй. Хъæбатырты номыл ныссагътой бæлæстæ. Ныр сквермæ базылдысты «Хъæууон фæзуæтты иумæйаг рæзт»-ы программæмæ гæсгæ. Фæзынд дзы асфальтæй æмбæрзт къахвæндæгтæ, фадатджын бандæттæ, рæсугъд фонтантæ æмæ бырæтты къоппытæ. Бынат райста фæлладуадзæны хуыз, цæугæдоны былгæрæттæ дæр фæаивдæр сты. Фæпарахатдæр сæ кодтой, асфальтæй сæ сæхгæдтой. Хæстæг у парчы фæзуатмæ.
Алагиры районы ма бындурон цалцæджы фæстæ байгом кодтой Сывæллæтты аивæдты скъола. Куыстытæм бавнæлдтой ацы аз майы, арæзтадон организаци «Аланыстон» æппæт нысантыл дæр бацархайдта. Скъолайы ахæм бындурон куыстытæ никуы уыд. Фæсцалцæг æй байгом кæныны тыххæй скъоламæ æрбацыдысты ахуырдзаутæ, ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ, республикæйы Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг, районы разамынд.
«Республикæйы разамынд ахуырады фарстатæм уæлдай цæстæнгас дары, уæлдайдæр та уæлæмхасæн ахуырадмæ. Хъуамæ сывæллæттæн алы уавæртæ дæр уа. Нæ республикæйы дарддæры рæзт баст у ахæм барджын хъуыддæгтыл», — загъта Тускъайы-фырт. Цалцæджы фæстæ скъола йæ бакаст аивта. Кълæстæ æмæ тыргътæ нырыккон æрмæгæй скодтой, дуæрттæ, рудзгуытæ, пъолтæн сæ уæлцъар аивтой. Ахæм фадæтты сывæллæттæ æмæ ахуыргæнджытæн ахуыр кæнын уыдзæн æнцон.
Алагиры чысыл микрорайон — УЗК уыйас фæлладуадзæн бынæтты хицау нæу. Иунæг сквер дзы ис, ныр æм базылдысты «Горæтаг фадатджын алфамбылай»-ы фæлгæты. Йæ хуыз скалдта, фæзынд дзы асфальтæй æхгæд къахвæндæгтæ, рæсугъд бандæттæ, бырæтты къоппытæ, декоративон рухсгæнæнтæ. Йæ алфамбылайы йын сæвæрдтой быру, къахвæндæгтæ дзы скодтой. «Ацы бынат нæ республикæйы иннæ фæлладуадзæн фæзтæй аивдæр у», — бафиппайдта Тускъаты Таймураз йæ бацæуæны сырх уадздзаг алыг кæнгæйæ.
Уæдæ Дæллаг Бирæгъзæнджы дæр фæзынд фæлладуадзæн фæз. Хетæгкаты Къостайы уынджы кæрон уыд афтид бынат, ныр дзы фæзынд æхсæнадон фæз. Алы фæзилæнæй дæр у æххæст, асфальтæй æмбæрзт къахвæндæгтæ, бандæттæ, рухс, бырæтты къоппытæ. Нæ хъæутæ æмæ нæ горæттæ рæсугъддæр æмæ фадатджындæр кæй кæнынц, уый кусæг балцы кæрон бафиппайдта Тускъаты Таймураз.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here