Ивддзинæдтæ — республикæйы Хицауады Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыд республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг, УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы Æххæстбарджын минæвар Дзанайты Барисимæ.

0
154

Ныхас цыд республикæйы размæцыды нысантæ æмæ Уæрæсейы Президенты хæстæ æмæ уынаффæтæ æххæст кæныныл.

— Ды архайдтай уыцы документтыл бакусын æмæ сæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы æмæ куыстай федералон æмвæзадыл, ныхас кодтай хицауды федералон оргæнтимæ. Дæ фæлтæрддзинад нымайгæйæ мæ фæнды, цæмæй дæ зонындзинæдтæй спайда кæнай республикæйы Хицауады Сæрдары бынаты, — загъта Сергей Меняйло.

Республикæйы Сæргълæууæг куыд бафиппайдта, афтæмæй республикæйы хицауады оргæнты хъуамæ кусой дæсны, цæттæ æмæ фæлтæрдджын адæймæгтæ, уыимæ, рохгæнинаг нæу фæсивæд дæр.

— Цæгат Ирыстон хъуамæ размæ акæна стыр санчъех, уый хуымæтæг хæс нæу, æмæ йыл хъæудзæн иумæйагæй æмæ æнтыстджынæй бацархайын, — фæнысан кодта республикæйы Сæргълæууæг.

Дзанайты Барис арфæ ракодта æмæ загъта:

— Кæй мыл баууæндыдтæ, уый тыххæй — стыр бузныг. Республикæйы Хицауады сæргъы æрлæууын мæнæн у стыр кады хос, æмæ, Ирыстоны хæрзæбонæн цыдæриддæр хъæуы, уыцы хъуыддæгтæ лыг кæныныл ме ‘ппæт хъарутæй дæр бацархайдзынæн.

 

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here