Фиддонтæ раст нымайыны тыххæй

0
311

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд республикæйы Финансон цæстдарды службæйы разамонæг Дзугкойты Аланимæ. Ныртæккæ Республикон клиникон æмæ Сывæллæтты республикон клиникон рынчындæтты цы цæстдарæн мадзæлттæ конд цæуы, уый тыххæй сæм хъæугæ ныхас рауад.

Раздæр Сергей Меняйломæ кусджытæ æрбарвыстой хъæстытæ, медиктæй «сырх зонæйы» чи кусы, уыдонæн сæ фæлладуадзæн рæстæгæн коронавирусимæ баст федералон фиддонтæ нæ банымайынц.

Дзугкойты Алан куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ мызд æмæ разæнгардгæнæнтæ бафидыны тыххæй закъонхæлдтытæ раиртæстой. «Фæллойадон закъонæвæрынад хæлд кæй цæуы, уый бæрæг у. Отпусчы рæстæг бафидыны хъуыддаг раст конд нæ цæуы. Хабæрттæ куы сцæттæ уой, уæд сæ Прокуратурæмæ арвитдзыстæм», — загъта Дзугкойы-фырт.

Сергей Меняйлойы хъуыдымæ гæсгæ, хъæуы Фæллойадон инспекцимæ фæдзурын. «Отпусчы цæугæйæ, хъуамæ адæймаг райса нымæцон сыф, хъуамæ кусæг зона, цы райста, цас, уыдæттæ. Федералон фиддонтæ нæм фæстиатимæ кæй æрхæццæ сты, уый хъуамæ куыстдæттæджы хæстимæ бæрæггонд æрцыдаид. Уый не скодтой, æмæ адæм сæ фарстытæ дæттынц, хъуамæ ахæм уавæр мауал сæвзæра», — фæбæрæг кодта Сергей Меняйло.

Дзугкойты Алан куыд бацамыдта, афтæмæй ныртæккæ кусынц фарстайыл. Медиктæ исынц сæ отпусчы æхца æмæ разæнгардгæнæнтæ, федералон фиддонтæ нымайгæйæ.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here