Национ проекттæ царды рауадзын

0
192

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз æппæт æмвæзады разамонджытимæ скодта æмбырд. Национ проекттæ царды куыд æнтысынц, ууыл дзы ныхас рауад.

Министрты ‘ргом Тускъайы-фырт аздæхта, национ проекттæ æххæст кæныны къахдзæфтæ кæй фæсындæгдæр сты, уымæ. «Фæстаг къуыри республикæ национ проекты фæрæзтыл нал æххæссы, кæд Уæрæсейы рæстæмбисы бæрц 56 проценты уыд, уæд мах 50,7 процентыл æрлæууыдыстæм. Цæгат Кавказы федералон зылд дæр фæсте баззадис. Махмæ фæсындæг сты национ проекттæ «Демографи», «Æнæниздзинад», «Экологи». Уавæр хъуамæ банывыл кæнæм, нæ тыхтæ уырдæм саразæм», — фæбæрæг кодта Министрты кабинеты разамонæг.

Цалдæр социалон объекты арæзтад кæй фæкъуылымпы, уыимæ баст у уавæр. «Демографи»-йы проектмæ гæсгæ рæвдауæндæттæ аразынц Дзæуджыхъæу æмæ Хъызлары. Кусæг тых фаг кæй нæй, уымæ гæсгæ аразджытæ Дзæуджыхъæуккаг уынджы æмæ Хъызлары æмгъуыдтæй фæстейы баззадысты. Нысантæм гæсгæ сæ хъуамæ ацы азы кæронмæ сæххæст кодтаиккой, фæлæ, æвæццæгæн, иннæ азмæ баззайдзысты. Министртæн Тускъаты Таймураз сæ размæ сæвæрдта арæзтады æмгъуыдтæ аргъæвыны тыххæй гæххæттытæ бацæттæ кæнын æмæ сæ федералон центрмæ арвитыны хæс.

Тыхстдзинæдтæ ис æнæниздзинад хъахъхъæнынады объектты дæр. Инженерон хызтæм нæ бафтыдтой Къостайыхъæуы фелсырон-акушерон пункт. Районы поликлиникæйы цалцæг ныддæргъвæтин Цыколайы, хъуамæ йæ 30 сентябрмæ сцæттæ кодтаиккой, ныр æй ноябрмæ ахастой. Президент Владимир Путины уынаффæйæ цы арæзтæдтæ цæуынц, уыдонмæ фылдæр æргом хъæуы аздахын. Олгинскæйы цалцæг кæнынц Культурæйы хæдзар.

Арæзтады ведомствæйы разамонæг Моргуаты Константин куыд радзырдта, афтæмæй аразджытæ сæ бавнæлд фæрæвдз кодтой. Ныртæккæ сценæ монтаж кæнынц, мидæгæй та фæлгонцгæнæн куыстытæм бавнæлдтой. Беслæны генералон пъланмæ гæсгæ цы нысантыл кусынц, уыдонмæ дæр ис цæстдард.

 

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here