Рамзан Кадыров йæ бæрны æрлæууыд

0
209

Цæцæны республикæйы Сæргълæууæг Рамзан Кадыровы Парламенты æмбырды равзæрстой регионы разамонæгæй. Йæ бартæм кæй бахызт, уый тыххæй дзы уыд кадджын æмбырд. Архайдта дзы РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Хуынд æрцыдысты иннæ регионты разамонджытæ, политикон æмæ æхсæнадон архайджытæ, фæсарæйнаг минæвæрттæ, дины кусджытæ. Æрбацæуæг адæмы раз Рамзан Кадыров ард бахордта, адæймаджы æмæ гражданины бартæ æмæ сæрибартæ кæй хъахъхъæндзæн, уый тыххæй. Уырыссаг æмæ йæ цæцæйнаг æвзагыл загъта.

Уый фæстæ Парламенты Сæрдар Магомед Даудов Рамзан Кадыровæн радта Цæцæны Сæргълæууæджы паддзахадон нысан. Сергей Меняйло раарфæ кодта Цæцæны разамонæгæн, бæрнон бынæттæ цалынмæ нæ бацахстой, уæдмæ дæр уыдысты зонгæ. «Ацы фидар уæлахизы тыххæй дын арфæ кæнын, цæрджыты ‘рдыгæй дыл ахæм æууæнк кæй ис, уый у тынг ахсджиаг. Цæмæй республикæ йæхиуыл схæца, уый тыххæй дæ бирæ хъару радтын бахъуыд, адæм та фидæнмæ ныфсимæ кæсынц. Уыдæттæм тырныдта дæ фыд Ахмат-Хаджи Кадыров, ды дæр уыцы фæндагыл ацыдтæ. Цæгат Ирыстоны цæрджыты номæй райс мæ арфæтæ», — загъта Сергей Меняйло.

Уыцы бон ма республикæйы цæрджытæ бæрæг кодтой Грознайы бæрæгбон дæр. Рамзан Кадыровыл та 45 азы сæххæст.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here