«Мегапир»-ы минæвæрттимæ ныхас

0
202

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыд Уæрæсейы Æхсæнадон палатæйы уæнг, Хъахъхъæнынады министрады Æхсæнадон советы сæрдары хæдивæг Александр Каньшинимæ, «Мегапир»-ы директорты советы сæрдар Олег Духовницкийимæ, Гæрзифтонг тыхты фæстауæрцы афицерты иугонды ассоциацийы сæрдар, инæлар-булкъон Вадим Зарицкийимæ.

Архайдтой ма дзы Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тугъанаты Ларисæ, Ветеранты советы сæрдар Фриаты Хъазыбег, фæстауæрцы инæлар-майор Къаболаты Солтан. «Мегапир»-ы минæвар куыд загъта, афтæмæй сæм ис, раздæр зындгонд уæвæг Орджоникидзейаг уæлдæр иумæйаг æфсæддон-командон училищæйы бартæ Суворовон æфсæддон училищæмæ радтыны фæнд.

Сергей Меняйло куыд бацамыдта, афтæмæй уыцы хъæппæрис у тынг ахсджиаг, цæлхдуртæ йын нæ уыдзæн. «Командон училищæйы истори цæмæй ма фæуа, ууыл хъæуы бацархайын», — фæбæрæг кодта республикæйы Сæргълæууæг. Æмгуыстады тыххæй ма цы фæндæттæ рахастой, уыдонимæ уыд республикæйы ветеранты организациты фæлтæрддзинад рапарахат кæныны охыл Цæгат Ирыстоны фæсивæды патриотон хъомылады тыххæй Æппæтуæрæсеон мадзал саразын.

Уæдæ ветерантæ социалон-экономикон рæзты хъуыддæгты куыд архайынц, уый дæр у бафæзминаг. Ацы бонты ассоциаци «Мегапир» æмбæлы Æхсæнадон палатæйы, Ветеранты советы, 58-æм æфсады хæйтты, æфсæддон комиссарадты, «Юнарми»-йы, ахуырадон æмæ фæсивæдон кусæндæтты минæвæрттимæ.

Фæстауæрцы афицерты иугонды ассоциаци «Мегапир» сарæзтой 1993 азы, ныртæккæ йæ уæнгтæ сты дæсгай экономикон, хæрзаудæн, æхсæнадон организацитæ. Сæ сæйраг нысан у Гæрзифтонг тыхтæн æххуыс кæнын, сæ цард Фыдыбæстæйы сæрвæлтау чи ‘рхаста, уыдоны сывæллæтты цур балæууын. Цæцæн æмæ Хуссар Ирыстоны зæххыл чи фæмард, уыдоны сывæллæттыл аудынц. Фæсивæды æфсадмæ цæттæ кæныны дæр архайынц, скъолаты сæрæнæй кусынц, патриотон хъомылад кæнынц.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here