«ТЭФИ-Регион»-ы архайджытæ

0
195

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейаг телеуынынады академийы фонды генералон директор Этери ЛевиеваимÆ. Дзæуджыхъæуы цæуынц Æппæтуæрæсеон телевизион конкурс «ТЭФИ-Регион»-ы кæронбæттæн мадзæлттæ.

Архайдтой ма дзы Æппæтуæрæсеон паддзахадон телерадиокомпанийы генералон директоры хæдивæг Рифат Сабитов, Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тугъанаты Ларисæ, Мыхуыр æмæ дзыллон фæрæзты комитеты сæрдар Фидараты Юри, Журналистты цæдисы сæрдар Хъуысаты Тимур.
«Ног медиафæрæзтæ кæй фæзынд, уый хорз у, социалон хызтæ дæр нæ цардыл зынынц. Фæлæ, ахуыр цы традицион фæрæзтыл стæм, уыдон цæрдзысты, рæстæджы домæнтæн дзуапп дæтдзысты. Телеуынынады хæрзхъæд продукци алы хатт дæр агуырд цæуы, æрмæст ирхæфсæн мадзæлттæ нæ хæссы, фæлæ ма йын рухстауæн ахадындзинад дæр ис», — загъта Сергей Меняйло.
Этери Левиева куыд радзырдта, афтæмæй Дзæуджыхъæу «ТЭФИ-Регион» скæнынæн хуымæтæджы нæ равзæрстой. Цæгат Ирыстоны адæм сты уазæгуарзаг, республикæйы телеуынынад та хъæздыг у йæ традицитæй.
Дзæуджыхъæуы цæуынц конкурс «ТЭФИ-Регион»-ы кæронбæттæн хъуыддæгтæ. Ацы аз конкурсыл 20 азы æххæст кæны. Йæ архайджытæн алыхуызон хъуыддаджы программæтæ бацæттæ кодтой, презентацитæ, тымбыл фынгтæ, семинартæ. Жюри 428 куысты ‘хсæн равзардзæн хуыздæрты.
«ТЭФИ-Регион» бантыст Уæрæсейаг телеуынынады академийы фæрцы, йæ цуры ма бæлæууыд Нымæцон рæзты министрад. Республикæйы та æххуыс исынц Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Хицауадæй.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here