Æз уарзын мæ мадæлон æвзаг, культурæ æмæ ирон хæринæгтæ

0
416
Уæрæсейы туризмы сæргълæууæг Дыгъуызты Зæринæ Цæгат Ирыстонмæ кусæг балц саразыны фæстæ йе ‘нкъарæнты тыххæй ныффыста Инстаграмы социалон хызæгты.

«Æз тынг уарзын мæ мадæлон ирон æвзаг, культурæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ирон хæринæгтæ дæр. Уый у нæ бирæнацион бæстæйы культурæйы кæцыдæр хай. Æз афтæ æнхъæл дæн, æмæ уыцы иудзинады ис Уæрæсейы хъомыс дæр. Уæлдайдæр йæ туристон зæрдæмæдзæугæдзинад. Уымæн æмæ йæ традицитæ, музыкæ, кæфтытæ, архитектурæ, æрдзы рæсугъддзинад гуырын кæнынц æнахуыр диссаджы æнкъарæнтæ, æмæ уыдоны тыххæй ногæй абалц кæнæм уыцы фæндæгтыл», — фæбæрæг кодта Дыгъуызты Зæринæ.
Уымæй уæлдай, Уæрæсейы туризмы сæргълæууæг радзырдта сывæллонæй йæ балцыты тыххæй дæр Цæгат Ирыстонмæ. «Сымахæй бирæтæ зонынц, æз ирон чызг кæй дæн, уый. Райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн Цхинвалы. Ардыгæй райдыдтой мæ фыццаг балцытæ. Сывæллоны бонты мæ ныййарджытæ æмæ æмбæлттимæ арæх цыдтæн мæ уарзон Цæгат Ирыстонмæ. Уымæ гæсгæ Дзæуджыхъæумæ ацы хатт æрцыдтæн сыгъдæг æнкъарæнтимæ», — радзырдта Дыгъуызты Зæринæ.
Цæгат Ирыстонмæ абалц кæнын чи пълан кæны, уыцы туристтæн та фæдзæхсы Фиагдоны, Дæргъæвсы, Цъæй æмæ Хæххон Дыгуры фæуын, цæмæй зæрдæйæ банкъарой Цæгат Ирыстоны æрдзы алæмæты рæсугъддзинад.
15-æм регион

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here