Хъæуы рæвдздæр бавналын

0
213

Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис æнæниздзинад хъахъхъæнынады ведомствæйы разамонæг Тебиаты Сосланы раз сæвæрдта, Тагъд медицинон æххуысы республикон клиникон рынчындоны туаггуыр дæттыны хызæг рæвдздæр рацаразыны хæс. Кусæндон бабæрæг кодта йæ хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Александр Реутов æмæ аразæг организацийы минæвæрттимæ.

Ныртæккæ рынчындоны цæттæгæнæн куыстытæ кæнынц, туаггуыры хызæгæн республикæйы Сæргълæууæг радих кодта 113 милуан сомæй фылдæр. Тебиаты Сосланы ныхасмæ гæсгæ, хъавынц мидæггаг куыстытæм бавналын. Бындуронæй раивдзысты реанимацийы æмæ тыхджын терапийы хайæдтæ, æддагон хъуыддæгтæ скæндзысты, ног ифтонггæрзтæ сæвæрдзысты æмæ ма фæстауæрцон тæлм дæр ауадздзысты.
Хицауады Сæрдар федта СПИД-ы хайад, ам цæттæгæнæн куыстытæ фесты, аразджытимæ бадзырд куы бафыссой, уæд сæйраг нысантæм бавналдзысты. Дзанайы-фырт куыд банымадта, афтæмæй хъуыддæгтæ æгæр ныффæстиат сты, хъуамæ рæвдздæр бавналой, фæтагъддæр кæной.
«Дыууæ мæйы размæ туаггуыры хызæг фехæлд, кæмдæр гæххæттытæ фæстиат кæнынц, арæзтадон æрмæджытæ дæр афойнадыл не ‘рхæццæ вæййынц. Фæлæ уавæр уæззау у, адæмы цард æмæ æнæниздзинад æнхъæлмæ нæ кæсдзысты. Бахъуаджы рæстæг Тагъд медицинон æххуысы республикон рынчындоны рынчынты æвæрын хъæудзæн», — загъта Хицауады Сæрдар.
Министрты кабинеты уæнгтæ бабæрæг кодтой реанимацион хайад, уым туаггуыры хызæгæй уæлдай хъавынц бæстыхайы мидæг сцалцæг кæнын. Сæйраг дохтыры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тометы Олег куыд бамбарын кодта, афтæмæй проектон-хæрдзты гæххæттытыл куыст кæронмæ æрхæццæ.
Дзанайты Барис федта туаггуыры бæрцуæттæ дæр, сты цыппар. Монтажгæнæн службæйы хицау Шах Мухсинов куыд радзырдта, афтæмæй тæнгъæд туаггуырæн сæвæрдзысты дыууæ ног бæрцуаты, алкæй дæр дзы цæуы 11 тоннæйы. Медицинон кусæндон туаггуыримæ зындзинæдтæ нал æвзардзæн. Хицауады Сæрдар куыд загъта, афтæмæй туаггуыримæ уавæрмæ йæ хъус дары республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. «Куыстытæ цæмæй фæрæвдздæр уой, уый тыххæй иумæйаг æмбырд скæнут, уынаффæтæ хъуыдыджынæй нæ хæссут. Оперативон штабы радон æмбырды æнхъæлмæ кæсын уæ хатдзæгтæм», — фæбæрæг кодта Дзанайы-фырт.
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады ведомствæ æмæ иннæ бæрнон кусæндæтты раз лæууы нысантæ — Арæзтад æмæ архитектурæйы министрад æмæ «Ростехнадзор»-ы регионалон управленийы домæнтæм гæсгæ куыстытæ æххæст кæныны хæс.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here