Министр — ахуырдзаутæ: пайдайаг фембæлд

0
241

Цæгат Ирыстоны ахуырдзаутæ æмæ студенттæ сæмбæлдысты ахуырад æмæ наукæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Алыбегты Эллæимæ. Фембæлд конд æрцыд проект «Лекториум» æмæ æппæтуæрæсеон Ахуыргæнджыты къуырийы фæлгæты.

Конд æрцыд ахуырады центр «Эрудит»-ы Дзæуджыхъæуы.
Хъуыддаг амыдта Æппæтуæрæсеон конкурс «Педагогический дебют»-ы регионалон къæпхæны уæлахиздзау Багаты Ибрагим. Ахуырадон проект царды куыд ис рауадзæн, æнтыстджын суæвынæн цы хъæуы, ахуырдзаутимæ æмæ ахуыргæнджытимæ иумæйаг æвзаг куыд ис ссарæн, гранттæ æмæ конкурсты архайын хъæуы æви нæ, фæсахуыр куыст куыд ис ссарæн? — ацы æмæ æндæр фарстытæ балæвæрдтой скъоладзаутæ министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгмæ.
Алыбегты Эллæ радзырдта йæхи фæндаджы тыххæй, скъоламæ йæ хъысмæт куыд æрбахуыдта, педагогон фæндагыл цæуынвæнд æм куыд фæзынд, конкурс «Педагогический дебют»-ы куыд архайдта, йæ дарддæры рæзтыл уый куыд фæзынд, уыдæтты тыххæй. «Диалог»-ы ахуырдзау Хъозиты Георги бафарста, йæ уарзон предмет цавæр уыд, зæгъгæ. «Ирон литературæ тынг уарзтон. Ахæм диссаджы ахуыргæнæг нын уыд, йæ алы раныхас дæр нæ хуыдта историйы æрфытæм. Аныгъуылдыстæм-иу ирон традицитæ æмæ культурæйы. Æвзаджы фæрцы мах базонæм Ирыстоны традицитæ æмæ культурæ, тынг хæдбындур адæм стæм», — дзуапп ын радта Алыбегты Эллæ.
Фидæны уæрæсейаг ахуырад цавæр уыдзæн, уый тыххæй та загъта: «Хъуамæ сывæллæттæм гуырын кæна размæцæуæджы миниуджытæ, хъæндзинæдтæм уой къæрцхъус, сæрæн граждайнаг зондахаст сæм уа. Сæ бон уа сæ цæстæнгас раргом кæнын. Урокты иухуызон фæлтæрæнтæ кæнынц, иухуызон уацмыстæ кæсынц, фæлæ сывæллæттæ алыхуызон сты. Скъола алы сывæллоны дæр хъуамæ уына, йæ фæрстытæн ын дзуапп дæтта», — фæбæрæг кодта разамонæг.
Педагогон институт æмæ колледжы студенттæ та ракуырдтой, цæмæй сын Алыбегты Эллæ бацамона, ахуыргæнæг æмæ ахуырдзауы ‘хсæн ахастдзинæдтæ куыд аразгæ сты, уый. «Ахуыргæнæг тыхæй куы араза йæ ахастдзинæдтæ, уæд скъоладзаутимæ бастдзинад лæмæгъдæр у. Алцыдæр хъуамæ уа нывыл, ахуыргæнæг хъуамæ йæ бынаты уа, ахуырдзау ыл хъуамæ æууæнда. Се ‘хсæн цы ахастдзинæдтæ ис, уыдонæй аразгæ у ахуырад æмæ хъомылад. Сывæллæттæ хъуамæ уыной уроктæм цæттæ ахуыргæнæджы», — загъта Алыбегты Эллæ.
«Диалог»-ы ахуырдзау Уæлыгæсты Тимур фæсидт разамонæгмæ, цæмæй, сæ хъомылгæнæгимæ цы проектыл бакуыстой, уый царды рауадзыны тыххæй сæ цуры балæууа. «Æнахъомты хъуыддæгты хыгъдмæ кæй бахастой, уыцы сывæллæттимæ хъæуы кусын, сæхи бар нæ уыдысты, бахаудтой зын уавæрты. Мах сæм не ‘ххуысы къух хъуамæ бадарæм, скæндзыстæм хъæугæ мадзæлттæ», — загъта Тимур.

Цæмæй проект царды бантыса, уый тыххæй Алыбегты Эллæ ахуырдзауты сæ хъомылгæнæгимæ фæхуыдта Ахуырад æмæ наукæйы министрадмæ. Уым проектмæ бæстондæр æркæсдзæн, феххуыс сын кæндзæн. Æдæппæтæй министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгмæ радтой 40 фарстæй фылдæр, ныхас рауад бæстон æмæ мидисджын. Уый скъоладзаутæн сæ фидæны дæсныйад равзарынæн фæахъаз уыдзæн.

Ахуырад æмæ
наукæйы
министрады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here