Цæстдард — арæзтадон объекттæм

0
197
Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло арæзтад æмæ архитектурæйы ведомствæйы разамонæг Моргуаты Константинимæ бабæрæг кодта Горæтгæрон район. Уым аразынц 7 ахуырадон кусæндоны.
Национ проект «Ахуырад»-ы фæлгæты Черменыхъæуы аразынц, 360 бынаты кæм уыдзæн, ахæм скъола. Хъуамæ афæдзы кæронмæ сцæттæ уа; уыдзæн дзы актон æмæ спортивон залтæ, уæрæх кабинеттæ, æрмадзтæ чызджытæн æмæ лæппутæн. Ныртæккæ бæстыхæйы 90 проценты сцæттæ сты, кусынц ма йæ алфамбылайы, футболæй хъазæн фæз дзы аразынц, газы æддаг хæтæлтæ æвæрынц, мидæгæй сыгъдæг кæнынц, рухсгæнæнтæ дзы фидар кæнынц.
Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустин Пятигорскы куы уыд, уæд дзы Сергей Меняйло ракуырдта, цæмæй арæзтад кæронмæ саразынæн федералон бюджетæй радих кæна 23,5 милуан сомы. Ног скъолайы фæрцы чермæныхъæуккаг сывæллæттæ 3-æм скъолайы дыууæ радæй нал ахуыр кæндзысты. Уыцы хъæуы ма аразынц 120 бынатимæ рæвдауæндон, ныртæккæ дзы фæзынд фыццаг уæладзыг. Дыккаг уæладзыджы æддаг æмæ мидæггаг къултæ амайынц, инженерон хызтæ æвæрынц.
Бæстыхайы техникон цæттæдзинад у 31 проценты. «Мæйы кæрон ын йæ сæр сæхгæндзысты, дарддæр фæлгонцадон хъуыддæгтæм бавналдзысты. Ноябры хъармгæнæн хызтæ сæвæрдзысты, ацы ран тæссагдзинæдтæ нæй», — загъта Моргуайы-фырт. Иннæ социалон объект аразынц Дæллаг Санибайы, рæвдауæндоны уыдзæн 120 бынаты. Уым дæр куыстытæ цæуынц æнæкъуылымпытæй.
Сергей Меняйло йе ‘ргом аздæхта арæзтадон куыстыты ахадындзинадмæ. «Цы зындзинæдтæ сæвзæры, уыдæтты тыххæй мын хъусын кæнут. Иумæ сæ лыг кæндзыстæм, объекттæ хъуамæ арæзт æрцæуой æмгъуыдтæм гæсгæ. Горæтгæрон районы цæрджытæ сæм тынг æнхъæлмæ кæсынц, алчидæр хъуамæ йæ хæстæ сыгъдæгзæрдæйæ æххæст кæна», — фæбæрæг кодта республикæйы Сæргълæууæг.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here