Архайдта пленарон æмбырды

0
183

«Уæрæсейы энергетикон къуырийы» дунеон мадзалы Мæскуыйы бацархайдта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Пленарон æмбырды архайдта Уæрæсейы Президент Владимир Путин.

Ныхас рауад «Дунеон энергетикæ: рæзты рахæцæн»-ы алыварс. Владимир Путин æрбацæуæг адæмæн раарфæ кодта, Мæскуы сыл æхсызгонæй кæй æмбæлы, уый загъта. «Къабазы æмæ иугæндты разамонджытæ, зындгонд эксперттæ æмæ специалисттæ æрæмбырд сты, цæмæй æрныхас кæной егъау энергетикæ, йе ‘ппæт фæзындтытыл. Цæмæй энергетикон базарад нывылгонд цæуа, уымæн нæ мадзæлттыл æрдзурын бахъæудзæн», — фæбæрæг кодта Президент.

Уæрæсейаг разамонæджы хъуыдымæ гæсгæ, коронавирус стыр зиан æрхаста дуне æмæ Уæрæсейы энергетикæйæн, æргом аздæхта нефты базарады уавæрмæ. Цæмæй къабаз ма фæцуда, уый тыххæй мадзæлттæ конд æрцыд иумæйаг хъаруты фæрцы. Газы аргъ кæй фæфылдæр, уый Президент электрон тыхы кадавардзинадимæ бæтты. «Дæргъвæтин рæстæг европæйаг энергетикæмæ хастой хызæджы аипдзинæдтæ, ныр дзы къуырцдзæвæн рауад. Уæрæсейы ахæм аипдзинæдтæн бынат нæй, æргътæ нæ рæзынц», — фæбæрæг кодта ныхасгæнæг.

Нæ бæстæ йæ хæстæ иннæ паддзахæдты раз, уыдонимæ Европæйы дæр, кæй æххæст кæны, уый дæр бацамыдта. «Азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, егъау базарадмæ газ хъавæм бадæттын уæлдай стыр бæрцæй. Немæ чи ныхас кæны, уыдонмæ байхъусдзыстæм, уæлæмхасæн мадзæлттыл æрдзурдзыстæм», — загъта уæрæсейаг разамонæг.

Президент фæбæрæг кодта æндæр ахсджиаг фарстатæ дæр, Хицауады раз сæвæрдта нысантæ. Хъуамæ энергийы ахадындзинад фæфылдæр уа, 2035 азмæ сæ саразын хъæуы паддзахадон программæ. Кæронбæттæны куыд загъта, афтæмæй энергетикон æмæ экологон æдасдзинадæн хъæуы фадæттæ скæнын. Базарады æппæт архайджытæ сыл хъуамæ иумæ бацархайой, уымæй аразгæ уыдзæн æппæт дзыллæты фарн.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here