Иры кад æмæ намыс

0
313

Абон Къостайы райгуырæн бон. Æвæццæгæн, æрвылбон алы ирон лæджы зæрдыл дæр æрæфты Къостайы ном. Чи йын йæ уæззау царды хабæрттæй исты æрымысы, чи йæ зарджытæ, чи йæ таурæгъаг бæрзонд ном.

Мæ цæстыл уайы йæ сурæт. Диссаг, йæ цæргæйæ дæр æрыгон нал уыд: стæнæг йæ бæзджын хъуымбыл сæрыхъуын, урсытæ фæзынд йæ къæмисæнты,йæ зачъеты, фæлæ цæсты раз лæууы лæппулæгæй. Хивæнд сау бецыкк уæлдзарм худы бын нæ цæуы, бырсы æддæмæ, уалдзыгон цилау, къæбæлдзыгæй. Æгæрон цардбæллон фæливæнтæ кæны къуыбыр рихиты бын, стъæлфæнтæ хауы къæлæтыйас цæстыты арфæй. Ныр ыл сæдæ азæй фылдæр цæуид, фæлæ йын базæронд нæй! Зарæджы дæр афтæ куы ис: Хетæджы-фырт цæхæрцæст Къоста!

***

Къоста уыд бæгъатыр æмæ поэт, куырыхон лæг æмæ пахуымпар. Баиу сты ацы бæллиццаг миниуджытæ иу лæджы фæлгонцы. Баиу нæртон бæгъатыр æмæ фæндырдзæгъдæджы рагон идеал 19 æнусы æхсæны лæджы бæрзонддæр идеалимæ. Рацыд, Иры дзыллæйы историйы чи нæма уыд, фæлæ сæ мидзæрдæйы рагæй кæмæ бæллыдысты, ахæм лæг, ахæм идеалон фæлгонц. Цардæгасæй слæууыд сæ цæсты раз æмæ таурæгъаг фæци æнустæм фæсфæстагæттæн.

Куыд хорз рахатыд Къостайы фæлгонцы ацы миниуджытæ Секъа карæй йæ хистæр, аивады йæ кæстæр фæдон. Уый цы фæлгонц ныв кæны, уым сты Ацæмæзы æрдаг уадындзы æвæджиау мыртæ æмæ Сырдоны фæндыры трагикон хъæлæс, Секъа зæгъы: «Йæ дзырдмæ хъусы уæд сау хъæды сырд», «йæ уæнгтæ нырризынц йæ бæсты мæтæй». Нæртон поэты фæлгонцыл сфидыдтой бæгъатыры миниуджытæ дæр:

Уый дары цъæх цухъа — фыдæлты дарæс,

Нæ тæрсы хæсты дæр цæттæ мæлæтæй!

Æмæ дарддæр Къостайы фæлгонц рæзы, свæййы дзыллæйы фæтæг, сæ зонды цырагъ, сæ рухс фидæны фидиуæг:

Нæ талынг бæстæн у йæ цæлхыдзаг мæй,

Йæ рухсæй æрттивы нæ саухох бæстæ,

Йæ сæрæй лæбыры сыгъзæрины зæй,

Æнцадгай дзаг кæны нæ хохы фæзтæ.

Диссаг у, Секъа æртиссæдз азы размæ, Къостайы удæгасæй куыд арф рахатыд уымæн йе сгуыхтдзинады æууæлтæ. Цалдæр поэтикон рæнхъæй загъта, мах абон нæ дæргъæццон иртасæн чингуыты цы хатдзæгтæм æрцæуæм, уыдон, æцæгдæр, ирон аивады историйы ис дыууæ бæрзонд хохы: Нарты эпос æмæ «Ирон фæндыр». Уыдоны ‘хсæн æнусты хæрæмигъы цæуы нæ адæмы аивады фæндаг. Уый хаттæй-хатт айсæфы нæ адæмы историон фыдæвзарæны быдырты кæнæ схизы хъайтарон зарджыты бæрзæндтæм, фæлæ, цардæгас традицийау, не скъуыйы, цалынмæ нæ баиу кæны нæртон кадæджы хъæлæс ирон фæндыры цагъдимæ.

***

Кавказы адæмты историйы 1859 аз стыр мысинаг æмæ хъуыдыйаг аз у. Хæххон адæмты æфсæддон фæтæг Шамил йæ гæрзтæ æрæвæрдта. Аивгъуыдта Кавказы адæмты историйæ æнæхъæн дуг, ныббырстыты дуг, патриархалон сæрибары рæстæг, хæстон фæтæгты заман. Уыимæ ацыдис балцы бæгъатырты рагон идеал дæр, фæлæ нæма фæцис тох.

Ног рæстæг домдта ног идеалтæ, ног типы фæтæгтæ, ног хæцæнгарз. Шамил йæхи куы радта, уымæй дыууæ мæйы фæстæ райгуырд Къоста ног дуджы бæгъатыр, ног идеалты пахуымпар, ног фæтæг æмæ хæцæнгарзæн равзæрста поэтикон дзырд, дзыллæйы сагъæстæ.

***

Цæмæй æвзæры поэзи?
Мæ зæрдыл æрлæууынц кæддæриддæр Къостайы ныхæстæ:
Мæ цæстысыг донау мызти,
Мæ зæрдæ фырцинæй рызти,
Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм.
Цин æмæ рис кæм сиу вæййынц, уым —поэзийы гуырæн. Цин дæр, хъыг дæр поэзийы аккаг уæд сты, зæрдæ сæ бындзарæй куы нырризы.

Бирæ уарзта Къоста ацы дзырд зæрдæйы ризын. Дæ фыдыуæзæгыл сæмбæлдтæ, уæд «зæрдæ фырцинæй» ризы. Уыцы цин афтæ тыхджын у, æмæ «цæстысыг донау» мизы. Цалынмæ зæрдæ нырриза, уæдмæ цин рæгъмæ рахæссынæн нæ бæззы. Хъыг, рис дæр афтæ:

Искæй зæрдæ уæ дзыназгæ нырризæд,
Искæмæ бахъарæд адæмы хъыг
Дзыллæйы мæстæй уæ исчи фæриссæд,
Иумæ уæ разынæд иу цæстысыг!..

Къоста нæ уарзы сентименталон цæссыгтæ. Лæг хъуамæ лæг уа! Æгæрыстæмæй, сидзæргæс мад дæр зоны йæ судзгæ маст уромын: «Хъуырмæ схæццæ хъарæг», фæлæ «Цæстысыг ызгъæлы агмæ сусæгæй». Кæугæ, уæд æрмæстдæр иунæгæй, фынæй сабиты дæлфæдтæм!

Поэтæн йæ мастыл дæр, йæ циныл дæр Къоста æрмæст уæд æууæнды, æмæ сæ йæ зæрдæ куы нырризы, къуыбар цæссыг, хохæй расхъиугæ дурау, куы хауы.

Кæм ис поэзийы гуырæн? Поэты мидсагъæс, цин æмæ хъыг, йæ дзыллæйы сагъæс, цин æмæ хъыгимæ кæм сиу вæййынц, уым!

Æмдзæвгæ «Ракæс»-ы Къостайы индивидуалон цин æмæ хъыг афтæ æмиу сты нæ дзыллæйы мастимæ, æмæ ивддзæгтæ кæнынц:

Æрцыдтæн…
Мæхицæй фыддæр
Мæгуырæй куы ссардтон
дæу дæр,
мæ уарзон,
мæ иубæстон адæм!..

Къоста ацы ныхæстæ ракодта «мæ зæрдæ фырцинæй рызти», куы сулæфыд, уый фæстæ.

 

***

Хъуыды кæнын: кæд свæййы поэзи национ?

Алы адæмæн дæр дардыл ныззилы йæ историон фæндаг, йемæ цæуы йæ аивад дæр. Адæм сæ историйы дæргъы цы поэтикон уацмыстæ сфæлдисынц, уыдон се ‘ппæт дæр национ аивады хæзнадонмæ хауынц. Фæлæ, цымæ, се ‘ппæтæн дæр схонæн ис национ сæ идейон-аивадон æууæлтæм гæсгæ? Æвæццæгæн, нæй.

Аивад йæ рæзты историйы национ æмвæзадмæ куы сисы, йæ фидæны сагъæс ын куы бафтауы йæ зæрдæйыл; иу историон, æхсæнадон æмæ культурон организм кæй у, уый йын куы бамбарын кæны, адæймагады иу хай кæй у, дунейы хъысмæтыл фидар баст кæй у, уыцы идейæ йын куы бахæссы йæ зондмæ. Æмæ ма ноджы: дунейы аивады бæрзæндтыл йæхи куы сбæтты зæрдæйы тæгтæй.

Кæд фæзынд ахæм миниуджытæ ирон поэзимæ?

Къостайы рæстæджы! Къоста систа ирон поэзи национ бæрзæндмæ.

Æцæг поэтикон сагъæс кæддæриддæр æртæсæрон у. Ивгъуыд, абон æмæ фидæн сæ нæмттæ.

Ирон дзыллæйæн бæрзонд национ химбарынад, фыццаджы-фыццаг, Къостайы поэзи радта, Къоста ракодта махæн фыдæлты кадæг, радзырдта йæ дзыллæйы сагъæс æмæ фыццаг хатт бафтыдта нæ адæмы зæрдæйыл фидæны мæт «… цы стæм, Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг?» Ацы фарст, национ химбарынады иууыл ахсджиагдæр фарст, ирон адæмы зæрдæмæ фыццаг хатт Къоста ныдздзырдта. Уымæй райдыдта нæ поэзийы национ къæпхæн.

Къоста ирон дзырды аивад фидар бабаста дунейы поэзийыл, ирон дзыллæйæн бамбарын кодта йæхи дæр æмæ æппæт дзыллæты дæр. Базонгæ сын кодта дунейы, йæхи та дунейæн. Уый уыдис генион поэты сгуыхтдзинад, нæ национ литературæйы бæрзонд райдайæн.

Райдайæн? О, райдайæн. Къоста тынг ныфс æвæрдта фидæнæй, уырныдта йæ, йæ ныййарæг дзыллæйæн рæсугъд историон фидæн кæй ис, уый. Фæлæ ма уый дæр зыдта, фидæны сæрыл тох кæй хъæуы æрвылбон, азæй-азмæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ. æмæ уыцы тохы йæхиуыл никуы ауæрста, «нæ тарсти цæттæ мæлæтæй» дæр.

Диссаг у, иу ирон райдайæн скъола цæмæй æхгæд ма ‘рцыдаид, уый тыххæй Къоста фондз азы хасты фæцис. Поэтæн уый æнæхъæн трагеди у, фæлæ йыл Къоста ныхъхъæцыд: зыдта йæ æнæ скъола нацийæн фидæн нæй.

Хъармкъух ныхæстæм æмхиц лæг зæгъид: уый бæсты уал азы æнцад-æнцой куы фæфыстаид æмдзæвгæтæ, уæд хуыздæр уыдаид махæн. Фæлæ Къостайы зонд, йæ поэзи, йæ зæрдæ, хъыбыллæйы фатæгау, йæ адæмы фидæнмæ арæзт уыд, йæ зæрдæ уый тыххæй «дзыназгæ рызт», æмæ йын æнæ тох нæ уыд. Фысгæ цæуыл кодта, тох дæр ууыл, тохы-иу цæй тыххæй бацыд, йæ фысты сæр дæр уый уыд.

Национ культурæйы, аивады, химбарынады фидæны хъуыддаджы Къоста стыр ныфс æвæрдта интеллигенцийæ. Адæмы фидæнмæ раст цæстæй чи нæ каст, адæмы химбарынадмæ фидæны аккаг идеалтæ чи нæ хаста, уыцы интеллигенттимæ та уыдис карз быцæуыл лæуд. Къубалты Алыксандр æмæ Цæголты Георгимæ дæр уый охыл уыд йæ уайдзæфы дзырд. Йæ уацы «Хуыцау бахизæд мах ахæм тæрхонæй» уымæн сидт ирон интеллигенцимæ: «Ницы кæны, ирон интеллигенци сфидар уыдзæн, сбирæ уыдзæн, сиу уыдзæн æмæ уæд сбæлвырд кæндзæн Цæголы-фыртæн, сæ сæрты бирæ сагъæстæ кæй ис, сæ зæрдæты цъæх арт кæй судзы».

Къостайы ацы фæдзæхст, ацы ныфсы ныхас махæн абон дæр зæрдылдаринаг у.

***

Гетейы сфæлдыстадæй немыц зæгъынц: уый йæхæдæг æнæхъæн паддзахад у.

Къостайы поэтикон сгуыхтдзинад уыйбæрц егъау у Иры дзыллæйы раз, æмæ йын ис æрмæст иу барæн: Иры истори æмæ Иры фидæн. Къостайыл дзурын, уый Ирыстоныл дзурын у. Нæй Иры дзыллæйæн æнæ Къоста бамбарæн, Къостайы фæлгонц æнæ Иры истори бамбарæн куыд нæй, афтæ.

Хуссар Ирыстоны номæй Къостайы табæты уæлхъус дзырдæуыд: «Къоста, рагон нæртон фæндырдзæгъдæгау, Кавказы хæхты сæрмæ схызт, йæ фæндыр ныццагъта, Иры дзыллæ стырæй-чысылæй æрхуыдта йæ цурмæ æмæ сæ кæрæдзийæн базонгæ кодта». Раст у, æрмæст кæрæдзийæн æмæ дунейæн дæр!

Уæдæй фæстæмæ Къоста, æнусон цырагъдарау, лæууы Кавказы бæрзæндтыл, цæргæсау, фæлгæсы Ирыстоныл æмæ дунейыл.

Кæддæр Пушкин фыста Кавказы хæхтыл:
Мæ комкоммæ сабырйæ базыртæ уигъы

Æддейау бæрзонд рындзæй

сыстæг цæргæс.

Афтæ мæм кæсы, цыма, генион поэт йæ дардуынаг зондæй федта азты фæлмы Кавказы фидæны цæргæс, Къостайы фæлгонц.

Уыцы цæргæсæн Ирыстон йæ ахстон, йæ хæтæнтæ æгас дуне. Афтæ у æцæг поэзийы фæндаг: фæндыры зæлтау, фæндыры къусæй дунейы зæрдæмæ.

Джусойты Нафи

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here