Поэт — фарны лæг

0
272

Хуры рухс алцы йæхимæ куыд здахы, афтæ Къостайы стыр уд йæхимæ æлвæста дзыллæты. Æхсæнады алы фæлтæртæ æмбырд кодтой йæ алыварс, агуырдтой дзы æххуыс æмæ уынаффæ, фæндыд сæ йæ зонын, сæхи буц кодтой йæ хæлар ахастæй, æфсарм сæм зынди йæ курдиаты раз. Уыдæттæ чысыл не сты, лæг сæрыстыр цæмæй уа, уымæн. Фæлæ уæддæр, Врубелы Демонау, йæ цæстыты бадти æнусон хъыг…

Стырæн йæ уарзт дæр стыр вæййы. Уарзт та удæн фæлварæг дур у. Стыр цы у, уый цымыдисаг дæр у, æмæ тæссаг дæр. Къостайы уарзтмæ бæллыдысты бирæ рæсугъдтæ. Йæхицæй та афтæ зæгъы: «Нæй афтæ гæнæн, æмæ æз, йæ уды гæзæмæдæр змæлæнтæ кæмæн нæ зонон, уый уарзон.» Зыдта Аннæтæ, Раисæ æмæ Лулуйы зæрдæты уаг æмæ сын йæ уарзт уымæн хъардта. Фæлæ, Тютчевы загъдау, тæссаг у поэты уарзт, уæлдайдæр æнæнцой æмæ хауæггаг поэты уарзт. Андухъапарæй ирæд куы ‘рдомдтой йæ «фидæны каистæ», уæд Къоста азым хаста Иры чызджытæм, уыдон, зæгъы, «ахицæн сты нæхионтæй, фæлæ нæма баййæфтой иннæты.» Афтæ нæ поэт йæ мæстæй загъта. Бæгуыдæр, Иры чызджытæм нæма уыд декабристты уарзæтты зондахаст. Нæ сæм уыд, Наташæ хаст Цомахъимæ йæ цард куыд сбаста, уыцы ныфс. Фæлæ сæм фидауцæй уæлдай уыд, Къостайæн адджын цæмæй уыдысты, ахæм миниуджытæ. Гайттаты Раисæ æмæ Зæлийы фыстæджытæ сты хæрзахуыр чызджыты фыст. Уыдоны зыны уæздандзинад, зонд æмæ хъæздыг уды рухс. Уыдон æвдисынц ирон сылгоймаджы монон рæзт.

Æцæг курдиат вæййы бирæвæрсыг, æнæнцой æмæ агурæг. Уый нæ зоны æфсис уарзт æмæ куыстæй, уымæ ис тохы монц, уый йæхи судзы, цырагъау, æмæ уадзы рухс. Сæтæлæг йæ хъузджы куыд ныгъуылы, бирæтæ афтæ ныгъуылдæй цæрынц сæ къуымты, фыссынц æдас ран æмдзæвгæтæ, афтæмæй сæ хъæуы поэты ном, лæджы бынат æмæ пехуымпары кад. Æнæхъуаджы!

Къостайы куыст уыд титаны куыст — уæлмонц, æгæрон æмæ удхайраг. Æнувыдæй архайдта, Дзæуджыхъæуы, Стъарапол æмæ Пятигорскы цыдæриддæр æхсæнадон, культурон æмæ рухсадон хъуыддæгтæ цыдис, уыдоны. Уыдис сæ амидингæнæг æмæ сæ сæйраг аразæг. Диссаг — куыд сыл æххæст! Æмбисонд — куыд сæ фæрæзта! Йæхæдæг фыссы: «Æрбынæттон дæн Стъараполы… Зын бауырнæн у, уым алыхуызон æхсæнадон куыстыл цырынæй куыд бафтыдтæн, уый…» Удуæлдайæ газеты алы рæнхъыл дæр уадзы йæ зæрдæйы рухс, бастайыны онг йæ хъару хардз кæны йæ нывтыл, æвæрæз ахуырдзауты пайдайæн æвæры спектаклтæ, аразы сын декорацитæ, хъазы хицæн сурæтты, лекцитæ кæсы разагъды лæгты тыххæй, сæ нывтæ сын саразы, афтæмæй. Тох кæны хицауадимæ, сæ фыдмитæ сын хæссы хурмæ, æнтысы йын уыдонæй бирæты сæ куыстæй тæрын, æмæ ноджы фыссы генион уацмыстæ. Æмæ судзы алæмæты уарзтæй.

Джыккайты Шамил

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here