Сæйрагдæр — социалон фарстатæ

0
221

Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисæн уыд кусæг фембæлд йæ хæдивæг Тугъанаты Ларисæимæ æмæ республикон министрадты разамонджытимæ, бæрнон адæймæгтимæ. Алы ведомствæйы куыстыл дæр æрдзырдтой, фæбæрæг кодтой зындзинæдтæ, нысантæ.

Дзанайы-фырт куыд загъта, афтæмæй социалон къабаз у Хицауады сæйраг рахæцæн. «Республикæйы цæрджыты фадæттæ, ахуырад, культурæ, спорт, социалон фарстатæ нын ахсджиаг сты. Ведомствæты разамонджытæ куыд кусынц, уымæй аразгæ у граждæнты цард. Уæ куысты хуыз аивут, алы ран дæр ис тыхстаг фарстатæ, фæлæ сæ лыг кæнын хъæуы», — фæбæрæг кодта Хицауады Сæрдар.

Ахуырад æмæ наукæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Алыбегты Эллæ куыд загъта, афтæмæй ахуыргæнæндæтты инфраструктурæ хъæуы рацаразын. Скъолаты 150 бæстыхайы сты цалцæггæнинаг, иннæ азы программæмæ дзы бахастой 29. Иннæтæм хъуамæ базилой фондз азмæ. Дзанайты Барис бафæдзæхста, цæмæй Алыбегты Эллæ йæ хъус дара, Беслæны цы ахуырадон объекттæ аразынц, уыдонмæ. Рахизфарсы районы бирæ арæзтæдтæ фæзындзæн.

Культурæйы министрады размæ лæууынц Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг драмон академион театры 150 азы юбилеймæ нысангонд мадзæлттæ. Къубалты Эльбрус куыд загъта, афтæмæй сæ скæндзысты октябры кæрон. Цæгат Ирыстон ма хъуамæ сбæрæг кæна Аланийыл Саргъуыды 1100 азы æмæ Цæгат Ирыстоны Советон Социалистон Автономон республикæйы 100 азы бæрæгбæттæ. Премьер-министры ныхасмæ гæсгæ сæ кæндзысты паддзахадон æмвæзады, хъуамæ сæм нæхи æмбæлгæ хуызы бацæттæ кæнæм.

Хуыбиаты Барис куыд радзырдта, афтæмæй Фæллой æмæ социалон рæзты министрады размæ лæууы бирæ нысантæ, фæлæ сæ сæйрагдæр у сидзæр сывæллæттæн фатертæ радтын.

Дзанайты Барис фæсидт разамонджытæм, цæмæй бæрнондæрæй кусой, дæргъвæтин æмбырдтæн нын рæстæг нæй.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here