Боны фæткы —Цæгат Ирыстоны арæзтадон æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады уавæр æмæ æндæр фарстатæ

0
226

Мæскуыйы кусæг балцы уæвгæйæ, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн фембæлдтытæ уыд УФ-йы Хицауады уæнгтæ æмæ хицауады иннæ федералон оргæнты минæвæрттимæ.

***

Афтæ, Цæгат Ирыстоны арæзтадон æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады комплексы дарддæры райрæзты фарстатыл Сергей Меняйло æрныхас кодта УФ-йы арæзтад æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Ирек Файзуллинимæ.

Сергей Меняйло федералон министры æргом бирæ лыггæнинаг фарстатæм аздæхта. Уыдонæй иу — донæфсисад. Афтæ, республикæйы донуадзæн хæтæлтæн сæ 75 проценты ивинаг сты. Уæлдай карздæр ацы фарста æвæрд у Алагиры районы. Ацы муниципалитеты æвæстиатæй раивын хъæуы донуадзæн хæтæлты 200 километрæй фылдæр (уыдонæй 112 километры — Алагирæн йæхи мидæг). Республикæйы разамонæджы хъуыдымæ гæсгæ, уавæр банывыл кæнынæн къæпхæнгай саразын хъæуы æртæ хъуыддаджы: Алагиры донуадзæн хæтæлтæ раивын, æппæт районы донуадзæн системæ модернизаци скæнын æмæ ног донцъирæн «Лæц» скусын кæнын.

Фембæлды архайджытæ се ‘ргом аздæхтой Мæздæджы 500-бынатон скъола-интернаты, Дзæуджыхъæуы Калойы-фырты, Леоновы æмæ Тельмæны уынгты 4 бирæфатерон хæдзары арæзтадмæ дæр. Уæлдæр амынд объекттæ арæзт цæуынц «Уæрæсейы Федерацийы сейсмикон æгъдауæй тæссаг бынæтты уæлдай фидар хæдзæрттæ æмæ æндæр социалон объекттæ аразын”-ы программæйы фæлгæты. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй, ацы хæдзæрттæ куы сцæттæ уой, уæд сæ æрцæрдзысты 232 бинонтæ.

— Куыд бирæ иннæ уæрæсейаг регионты, афтæ Цæгат Ирыстоны цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады комплекс дæр зынгæ рацаразинаг у. Донуадзæн, канализацион, хъармгæнæн æмæ æппæт иннæ системæтæ домынц модернизаци. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы хъуыддæгтæ цас ахадгæ лыггонд цæуой, уымæй бирæ аразгæ уыдзæн энергетикон æдасдзинады бæрзонд къæпхæн. Фарстатæ бирæ сты. Æмæ нæ æппæт хъуыддæгты дæр хъæуы федералон центры æххуыс, — загъта Сергей Меняйло.

Федералон министр сразы, æппæт уæлдæр амынд фарстатæ дæр ахсджиаг кæй сты, æмæ сæ алыг кæнынæн æппæт фадæттæй дæр спайда кæнын кæй хъæуы, ууыл. Уыцы æууæл, йæ ныхасмæ гæсгæ, æнæмæнг хорзæрдæм сахаддзæн Цæгат Ирыстоны адæмы царды уавæртыл. Уымæй уæлдай, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады модернизаци фæахъаз уыдзæн республикæйы туристон къабазы райрæзтæн.

— Зонын æй, республикæйы туристон хъомыс ахадгæ кæй у, уый. Æмæ, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады инфраструктурæ куыд райрæза, афтæ фылдæр фадæттæ уыдзæн зæрдæмæдзæугæ æмæ хæрзхъæд фæлладуагъдæн. Ацы хъуыддаджы ахадгæ сты фæлгонцады программæтæ дæр. Хорзæрдæм фæбæрæг кæнæн ис, ацы азы дæргъы республикæйы 139 алыхуызон объекты фæлгонцадон куыстытæ æххæстгонд кæй æрцыдысты, уый, — фæбæрæг кодта Ирек Файзуллин.


***

Сергей Меняйлойæн иннæ фембæлд уыд УФ-йы наукæ æмæ уæлдæр ахуырады министр Валерий Фальковимæ. Фембæлды архайджытæ æрдзырдтой Цæгат Ирыстоны наукæ æмæ ахуырады къабазы дарддæры райрæзтыл.

Сергей Меняйло йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй республикæйы Хицауады æрвылбоны архайды стыр æргом здæхт цæуы уæлдæр ахуырады райрæзтмæ.

 

Республикæйы разамонæг дæнцæгæн æрхаста Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университет. Ацы уæлдæр ахуыргæнæндоны студенты ном ныртæккæ сæрбæрзондæй хæссынц 5900 æрыгон адæймагæй фылдæр. Университеты структурæйы цы факультеттæ æмæ кафедрæтæ ис, уыдон специалисттæ цæттæ кæнынц ахсджиаг 25 дæсныйадæй фылдæрыл.

— Уæрæсейы Хуссары зæронддæр ахуыргæнæндоныл 2020 азы сæххæст 100 азы. Уыимæ, бæрæгбоны мадзæлттæ та арæзт æрцæудзысты фидæн азы. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй 2022 азы сæрмагонд бадзырд фидаргонд æрцæудзæн, цæмæй ЦИПУ суа наукон-ахуырадон консорциум «Вернадский»-йы уæнг, — фæбæрæг кодта Сергей Меняйло.

Федералон проект «Вернадский»-йы архайынц бæстæйы раззагдæр университеттæ, хъомысджындæр регионалон уæлдæр ахуыргæнæндæттæ æмæ наукон-иртасæн институттæ. Уыдон амалхъомадон компанитимæ æнгом æмархайды фæрцы кусынц ахадгæ наукон-технологон æмæ социалон-экономикон проекттыл.

Æмæ, цæмæй Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет уыцы проекты ахадгæ хуызы архайа, уый тыххæй ныртæккæ лыггонд цæуынц алыхуызон организацион фарстатæ. Уыимæ, архайд цæуы, цæмæй хъæугæ фæрæзтæ дихгонд æрцæуой университеты бæстыхæйтты рацарæзт æмæ ахуырадон-наукон процессы технологон ифтонггæрзтæ æлхæнынæн.

Ныхасы архайджытæ æркастысты æндæр фарстатæм дæр.


РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here