Куысты бынæттæ аразын у паддзахады ахсджиагдæр хæс

0
205

 

 Видеобастдзинады фæрцы республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло архайдта Фæллойадон ахастдзинæдтæ Цæгат Кавказы æргомæй æххæст кæныны æмæ æнæформалон куысты бынæтты нымæц къаддæр кæныны фæдыл ведомствæты ‘хсæн къамисы фыццаг æмбырды. Амыдта йæ Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Федерацийы Президенты Æххæстбарджын минæвар Юрий Чайка.

Æмбырды куысты архайдтой æмæ, ныхас цы фарстатыл цыд, уыдоны фæдыл дзырдтой Уæрæсейы Федерацийы фæллой æмæ социалон хъахъхъæнынады министры хæдивæг Еленæ Мухтиярова, Уæрæсейы Федерацийы Генералон прокуроры хæдивæг Андрей Кикоть, Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрады Сæйраг управленийы разамонæг Сергей Бачурин, зылды субъектты сæргълæуджытæ, фарстайыл дзуапдæттæг федералон профилон структурæты фæзуатон дæлхайæдтæ æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ.

Æмбырд гом кæнгæйæ, Юрий Чайка куыд загъта, афтæмæй амынд фарстайы фæдыл ведомствæты ‘хсæн къамис арæзт æрцыд 2021 азы 29 августы Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины уынаффæйæ.

— Нæ бæстæйы разамонæг бабар кодта, цæмæй арæзт æмæ фидаргонд æрцæуа 2022-2024 азтæм фæллойадон ахастдзинæдтæ æргомæй æххæст кæныны æмæ æнæформалон куысты бынæтты нымæц къаддæр кæныны мадзæлтты пълан, — загъта Президенты Æххæстбарджын минæвар.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, ныхас цы фарстайыл цæуы, уый Цæгат Кавказæн у тынг сагъæссаг. Йæ сæйраг аххосæгтыл банымайæн ис æгуыстдзинад, фæллойадон базары æхсызгонæй чи нæ хъæуы, ахæм дæсныйæдтыл чи сахуыр кодта, уыдон æгæр бирæ кæй сты, стæй, æргом куыст кæнын кусджыты сæхи дæр кæй нæ фæнды, уый.

— Сæвзæргæ уавæр домы, адæмы æргом куыст кæнынмæ разæнгард чи кæна, ахæм мадзæлттæ. Уымæй уæлдай, фæфылдæр кæнын хъæуы, адæм «аууоны» кæй кусынц, æргомгæнæг цæстдарæг уыцы оргæнтæн сæ бартæ. «Уæрæсестат»-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Цæгат Кавказы федералон зылды субъектты цы кусæг адæм ис, уыдонæн се ‘мбисæн сæ фæллойадон ахастытæ сты сусæг. Уый у, Уæрæсейы Федерацийы цы рæстæмбис бæрæггæнæн ис, уымæй дыууæ хатты фылдæр, — загъта Юрий Чайка.

Фарста банывыл кæнынæн Цæгат Ирыстоны цы мадзæлттæ æххæстгонд цæуынц, уый фæдыл æмбырды ныхас кодта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Ацы азы 1 октябрмæ цы бæрæггæнæнтæ ис, уыдонмæ гæсгæ æргомгонд æрцыд сусæг куыст кæныны 10 452 цауы, куыстыл æрлæууыд 8 820 адæймаджы. Паддзахадон регистраци кæмæн нæ уыд, афтæмæй чи куыста, 749 хæдзариуæггæнæг ахæм субъекттæ «аууонæй» ракодтой. Уыдонæй 573 сæ архайд закъоны бындурыл сæвæрдтой æмæ ныр кусынц дарддæр.

— Фæллойадон ахастдзинæдтæ æргомæй æххæстгонд цæмæй цæуой, уый тыххæй фæкарздæргæнинаг у хицауады æппæт оргæнты куыст, куыд республикон, афтæ муниципалон æмвæзадыл дæр. Æнгомдæр кусын хъæуы хæдзариуæггæнæг алы субъектимæ дæр, алы куыстдæттæгимæ дæр æмæ сын æмбарын кæнын, фæллойадон закъонæвæрынады бындуртæ халыны тыххæй карз æфхæрд кæй цæудзысты, уый, — бафиппайдта Сергей Меняйло.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны фæзуа- тыл цы инвестицион проекттæ æххæстгонд цæуынц, уыдонæн сæ инвестортæм хъуамæ уа лæмбынæг цæстдард, уыимæ, адæмæн куысты бынæттæ куыд дæттынц, уыцы хъуыддагмæ дæр.

Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустины бардзырдтæй УФ-йы Экономикон рæзты министрад бакуыста Цæгат Кавказы федералон зылды субъектты экономикæ «аууонæй» ракæныны мадзæлттыл, стæй, экономикæ размæ чи ракæна, ахæм гæнæнтыл дæр, сæ иу — адæмæн куысты бынæттæ дæттын æмæ сæ æргом куыст кæнынмæ разæнгард кæнын.

— Абон цы фарстайыл ныхас кæнæм, уый алыг кæнынæн къамис цы уынаффæтæ рахаста, уыдон царды рауадзыныл сымах хъуамæ бæстон куыст бакæнат. Фæллойадон ахастдзинæдтæ æргомæй æххæст кæнынæн уавæртæ аразын у паддзахадон ахсджиагдæр нысан. Сусæг куыст чи кæны, уыцы адæмæн сæ фæллойадон бартæ хъахъхъæд нæ цæуынц, æмæ уыдонæн паддзахадон æххуыс кæнын у махæн нæ хæс, — æмбырдæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, загъта Юрий Чайка.


Нæ уацхæссæг


ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here