«Осфарммедтех»: цæмæй  рынчынтæ хосхъуаг ма уой

0
181

 Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис базонгæ паддзахадон кусæндон «Осфарммедтех»-ы архайдимæ. Премьер-министр организацийы разамындæн бæлвырд амынддзинæдтæ радта, цæмæй республикæйы медицинон кусæндæттæ хъæугæ хостæй æфсадыны архайд нывылдæр кæна.

Зындгонд куыд у, афтæмæй ивгъуыд азы мартъийæ фæстæмæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы кусæндæттæ хостæй æфсадыны куыст ис «Осфарммедтех»-ы бæрны.

Компанийы директор Гергиты Зæлинæ Хицауады Сæрдары базонгæ кодта сæ куысты фæткимæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ, куыстуат медицинон кусæндæттæм æрвиты 1100 алыхуызон хосæй фылдæр. Æппæт медицинон препараттæ дæр афойнадыл æлхæд æмæ куыстуаты скълæдты æфснайд цæуынц. «Сæвзæргæ эпидемиологон уавæр хынцгæйæ, коронавирусæй дзæбæхгæнæн хостæ дæр афойнадыл ласæм республикæмæ. Уыимæ, нæ архайд аразæм афтæ, цæмæй медицинон кусæндæттæ иу хосæй дæр хъуаг ма æййафой», — радзырдта Гергиты Зæлинæ.

Дзанайты Барис компанийы минæвæртты æргом аздæхта, иуæй-иу биологон медицинон препараттæ республикæйы фаг кæй нæй, уымæ. Гергиты Зæлинæ йæ дзуаппы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ахæм препараттæй хъуагдзинад æййафынц бæстæйы иннæ регионтæ дæр. Уыимæ, ныртæккæ архайд цæуы, цæмæй азы кæронмæ уыцы хостæ республикæмæ æрбафтой.

— Уавæр афтæ у, æмæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады системæйы æнæкъуыхцы архайды ныртæккæ уæлдай ахсджиаг у медицинон кусæндæттæ хъæугæ хостæ афойнадыл æмæ хъæугæ бæрцытæй ифтонг кæнын. Уыцы куысты къуыцхцытæ хъуамæ ма уа. Уымæй уæлдай, уæлдæр амынд биологон хосты фарста алыг кæныны нысанимæ уæхи сбæттут федералон ведомствæтимæ, цæмæй хæстæгдæр рæстæг тыхстаг мауал уа, — бацамыдта Дзанайты Барис.

Фембæлды архайджытæ бæстон æрдзырдтой компанийы дарддæры архайд фæнывылдæр кæныны фарстатыл. Ныхасы архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Реутов, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тебиаты Сослан, Паддзахадон нысаниуæджы æлхæнинæгтæ кæныны фарстаты фæдыл управленийы разамонæг Æгкæлаты Алыксандр æмæ иннæтæ.


РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here