Ныхас — Дзæуджыхъæу æмæ Æрæфы районы бюджетты проекттыл

0
226

Цæгат Ирыстоны дарддæр куыст цæуы 2022 азæн муниципалон скондты бюджеттæ нывыл кæныныл. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй каст æрцыд горæт Дзæуджыхъæу æмæ Æрæфы районы бюджетты проекттæм.

Республикæйы финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Исахъты Олег æмæ ведомствæйы специалисттæ æркастысты, муниципалитеттæ цы бюджетты проекттæ балæвæрдтой, уыдонмæ, стæй æрныхас кодтой финансон документты бындурон бæрæггæнæнтыл æмæ хæрдзты статьятыл фидæн азæн.

Æрæфы районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Лагкуты Олег йæ доклады фæбæрæг кодта, зæгъгæ, 2022 азæн районы бюджеты æххæст кæныны æфтиæгтæ хъуамæ уой 485,0 милуан сомы, хæрдзтæ — 521,6 милуан сомы. Уымæй уæлдай уый фехъусын кодта, зæгъгæ, муниципалон бюджет пълан кæны 2022 азы хъалонты æмæ æнæхъалонты æфтиаг 119,5 милуан сомы бæрц райсын, æнæфиддон æхцайы фæрæзтæ та уыдзысты 365,5 милуан сомы. Лагкуты Олег куыд загъта, афтæмæй рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2022 азы фæрæзтæ хардз кæныны сæйрагдæртæ уыдзысты: бюджетон къабазы кусджыты фæллойæн мызд фидын, артаджы-энергетикон фæрæзты хæрдзты тыххæй фидын æмæ республикон æмæ муниципалон нысанмæарæзт программæтæ царды æххæст кæнын. Иннæ хæрдзтæн финанстæ дæттыны статьятæ арæзт цæудзысты районы бюджеты финансон гæнæнтæм гæсгæ.

Исахъты Олег фæбæрæг кодта, зæгъгæ, Æрæфы районы бюджеты арæзт цыд æппæт нормæтæ æмæ финансон закъоны гæнæнтæм гæсгæ.

2022 азы Дзæуджыхъæуы бюджетмæ æркæсгæйæ, бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав сæйраг бæрæггæнæнтæй уæлдай фехъусын кодта, проекты нымад чи не ‘рцыд, уыцы хæрдзты уæлæмхасæн æфсисады тыххæй дæр. Ацы фарстайыл ныхас кæнгæйæ, Сергей Меняйло къабазы ведомствæтæн бабар кодта къæвдадæтты канализацийæн, Жуковскийы парк æмæ цæугæдон Терчы былгæрæттæн проекттæ саразыны куыстытæн фæрæзтæ ссарын.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here