Æхсарджын æфсæддон æмæ разагъды лæг

0
234


Профессор Хъиргъуты Анзорыл сæххæст 85 азы
Адæймаг, ахуыргонд, æфсæддон, ахуыргæнæг, дипломат, — цымæ цас курдиаты хуызтæ бацæуы иу адæймаджы удыхъæды?!. Ацы вазыгджын фарстæн æххæст дзуапп ссарын æнцон хъуыддæгтæй нæу, уымæн æмæ ахæм æууæлтæ æмæ миниуджытæй хайджын адæймаджы ссарæн тынг зын у. Царды цалхы цыд азæй-азмæ кæны тагъддæр, мах та æгуыдзæгдæр. Фæлæ, уæддæр, табу Хуыцауæн, ис ма нæм дзыллæйы фарн дæлæмæ чи нæ уадзы, ахæм гуырдтæ. Уыдон адæмы бæллиц, адæмы тырнынад сысын нæ уадзынц. Хæлæг — лæмæгъты хотых у, ныфс та — сæрæн гуырдты тырыса. Æмæ йæ дæлæмæ хауын дæр уый тыххæй нæ уадзынц. Ахæм æнкъарæнтæ кæмæ разыны, уыцы адæймаджы схонынц фарнхæссæг. Æмæ зын, фæлæ намысджын фæндагыл æдæрсгæйæ чи ацæуы, уыцы дзыллæйы минæвæртты сæрыстырæй схонынц Разагъды лæгты. Кадджын номы аккаг чи свæййы, уымæн йæ цард свæййы ирон хордзенау. Йæ иу хайы æвæрд æрцæуы кад, иннæйы — хæс. Æмæ дыууæрдæм дæр хъуамæ къул кæна æмхуызон: кад рох кæнын нæ уадзы хæс, хæс та кады дæлæмæ хауын нæ уадзы. Ирыстоны зæххыл Хуыцау кад æмæ намысы фæндагыл кæй сæвæрдта, уыцы цытджын гуырдтæй иу у номдзыд ахуыргонд, профессор, булкъон, удгоймаг æмæ æфсæддон дипломат Хъиргъуты Хадзырæты фырт Анзор.


Фидæны Разагъды лæг райгуырдис Цæгат Ирыстоны Дыгуры районы Дур-Дуры хъæуы 1936 азы рухæны мæйы, 19-æм бон. Йæ фыд Хадзырæт уыдис райдайæн кълæсты ахуыргæнæг, йæ мад Зинаидæ (Гамаон) та уыдис хæдзары æфсин. Схъомыл кодтой æхсæз сывæллоны: фондз лæппуйы (Алыксандр, Арсæмæг, Анзор, Юрик, Васили) æмæ иу чызг (Валентинæ). Алчидæр дзы царды ссардта йæхи бынат, фæлæ се ‘ппæтæй тынгдæр фесгуыхт цоты астæуккаг Анзор. Йæ сабидуг ацыдис уæззау азты рæстæг. Æнахъом сывæллонæй йæ уæхсчытыл æрæнцадис царды уæз. «Йæхи загъдау, авд азы йыл æххæст нæма цыдис, афтæмæй фæцис йæ сабидуг». Æмæ райдыдтой, æвиппайды чи фæкарджындæр, ахæм æнахъомты уæззау бонтæ: йæ райгуырæн хъæубæстæ уыдис немыцаг фашистты къухы, комкоммæ каст мæлæты цæстытæм, федта хиуæтты рагмæлæт, йæхи удыл бавзæрста цыппар æххормаг æмæ уазал азы, кæрдзыны къæбæрыл бон- изæрмæ куыста колхозы быдырты, зонындзинæдтæм тырнгæйæ, бадти æмæ куыста скъолайы уазал кълæсты.

Абоны хуызæн хъуыды кæны, йæ баба æмæ нанаимæ немыцæй хъæуæй куыд лыгъдысты, уый. Уæрдоны гуыффæмæ тагъд-тагъд бакалдтой æппæты хъæугæдæр дзаумæттæ æмæ хъæдмæ лидзгæ. Уым, иу бæласы бынмæ, стыр уæрм скъахтой, æмæ уым тухигæнгæ, уазал æмæ æххормагæй тыдтой сæ царды бонтæ, цалынмæ сырхæфсæддонтæ Дур-Дуры немыцаг æрдонгтæй не суæгъд кодтой, уæдмæ. Хъæуæй хæст куы «ацыдис», уæд хурыскастæй — хурныгуылдмæ йæ цахъхъæнтимæ куыстой хистæртимæ, цæмæй сæ зæххы гæппæлыл исты æрзайын кæной, уый тыххæй. Цалынмæ хъæубæстæ немыцы къухы уыдис, уæдмæ æдзæллаг уавæрмæ æрцыд, хæмпæлгæрдæг æмæ бырæтты бын фæцис. Æмæ уыдон сыгъдæг кæнын куыд нæ хъуыдис. Ахæм уæззау куысты йæ цахъхъæнтимæ куыд нæ фæлладис, уæдæ æххормаг дæр афтæ. Афтид кæрдзыныл дæр-иу цинæй амардысты. Æндæр аходæн сын кæй нæ уыдис, уый тыххæй-иу сын хистæртæ сæ дзулы къæбæртыл нуры ныххафтой, цæмæй сæм хæрын цыдаид, уый тыххæй.

Астаздзыд лæппу ма куысты уæлдай зыдæй ныхъуырдта, йæ алыварс цы хабæрттæ уыдис, уыдон. Тынг цымыдисæй йæ цæстæнгас хаста хистæр кары адæммæ дæр. Уыдонæй иу уыдис сырхæфсæддон, уырыссаг лæппу Иван. Уый сæ хъæуы хъахъхъæдта, нæхиуæттæ немыцæй цы хæцæнгæрзтæ байстой, уыдон æфснайд кæм уыдысты, ахæм скълад. Иван разынд диссаджы хæрзæгъдауджын адæймаг — йæ ног хæлар Анзоры сахуыр кодта уырыссагау фыссын æмæ кæсын. Æмæ фæззæджы райдайæн къласмæ куы бацыдис, уæд ын тынг æнцондæр уыд ахуыр кæнын. Уæззау бонты фæстæ æхсызгондзинад дæр йæхи базонын кæны адæймаджы зæрдæйы. Ралæууыд, канд Анзор нæ, фæлæ æгас дуне дæр кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы Стыр Уæлахизы бон. 1945 азы 9-æм майы адæм ферох кодтой сæ зынтæ, сæ хъыгтæ, æмæ иу уды хуызæн цин кодтой, сабыр бонтæ кæй ралæууыдысты, ууыл. Фырцинæй-иу дур-дуйрæгтæн сæ зæрдæ бахъарм ис… Сæмбырд кодтой сæ фæстаг (æвæрд) муртæ æмæ æртæ уæливыхæй скуывтой Уастырджийæн, Европæ ссæрибаргæнæг æфсады сæрмæ Уæлахизы тырыса кæй ссыгъта, уымæн. Дур-Дуры цæрджытæ иу адæймаджы хуызæн æрæмбырд сты колхозы кæрты æмæ, иу бинонтау, сбæрæг кодтой Цытджын Уæлахизы бæрæгбон.

Ралæууыдысты фæсхæсты азтæ, бонтæ цыдысты æмæ семæ фарн хастой. Адæм сæхиуыл фæхæцыдысты æмæ дзы алчидæр цыдæр хъуыддагыл ныллæууыдис. Уыцы æмæзмæлды уылæны нæ фесæфтысты æнæххæстæй Анзоры фæндтæ æмæ бæллицтæ. 1954-æм азы сæрды æнтыстджынæй каст фæцис Дур-Дуры фыццæгæм астæуккаг скъола æмæ хиуылхæцгæйæ, æнæуæлдай митæй ныллæууыдис ахуыры фæндагыл. Ирыстоны рагондæр (быдырон) хъæутæй иу — Дур-Дурæй бирæ номдзыд адæм рацыд, æрмæст профессоры ном чи райста, ахæм ахуыргæндты нымæц хæццæ кæны ссæдзмæ. Уымæ гæсгæ, Хадзырæты фырт дæнцæг кæмæй райстаид, уыцы лæгтæ иу æмæ дыууæ нæ уыдысты. Райдайæны суинаг лæппу каст фæцис Бакуйы иумæйагæфсæддон училищæ, уый фæстæ — Ленинграды П.Ф. Лесгафты номыл физикон культурæ æмæ спорты паддзахадон институты хæстон факультет. Фæлæ йæм дыууæ уæлдæр ахуырады дæр фаг нæ фæкастысты æмæ ма уый адыл бацыд Ленины номыл хæстон-политикон академимæ. Æртæ раны дæр ахуыр кодта тынг хорз, æмæ алы ран дæр райста сырх дипломтæ. Уый фæстæ йæ ахуыргæнджыты фæдзæхстытæм гæсгæ бацыд хæстон-политикон академийы хæстон педагогон факультеты философон хайады аспирантурæмæ. Æнтыстджынæй йæ каст фæцис æмæ кусын райдыдта Ленинграды А.М. Можайскийы номыл хæстон-космосон академийы философийы кафедрæйы ахуыргæнæгæй. Æнтыстджынæй дзы бакуыста цалдæр азы.

Бахъахъхъæдта диссертаци æмæ ссис философон наукæты кандидат. Уый фæстæ йæ академийы разамынд снысан кодтой Стъараполы бастдзинады уæлдæр хæстон-инженерон училищæйы æхсæнадон наукæты кафедрæйы хицауæй. Æмæ дзы баййæфта уæззау уавæр. Йе ‘рбацыдмæ дзы иунæг наукæты кандидат дæр нæ уыдис. Советон Цæдисы Гæрзифтонг тыхты уæлдæр скъолаты æхсæн ахста фæстаг бынат. Анзор хъæндзинæдтæй нæ фæтарст, фæлæ уæхскуæзæй кусынмæ бавнæлдта, цæмæй йæ дæлбаргонд кафедрæ фидарæй йæ къахыл слæууа, уымæ. Æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Цыппар азмæ Хъиргъуйы-фырты къухы бафтыд фондз философон наукæты кандидаты бацæттæ кæнын. Уый адыл куыст йæ гаччы сбадт æмæ кафедрæ ссис ракетон-космосон æфсæдты училищæты æхсæн раззагдæртæй иу. Дыууæ азы фæстæ та æнæхъæн Советон Æфсады нымад æрцыд хуыздæртæй иуыл. Анзоры кафедрæйы сгуыхты тыххæй фыст æрцыд 1987 азы журнал «Æфсæддон фидиуæг»-ы фæрстыл редакцион уацы мидæг.

Уый фæстæ, 1987 азы райдайæны йæ царды æрцыдис цæхгæр фæзылд, — æрвыст æрцыд, Германы Демократон Республикæйы нæ бæстæйæн цы æфсæддон къорд уыдис, уырдæм. Йæ дарддæры службæ баст уыдис уыцы къорды Политразамынды идеологон хайадимæ. Фыццаг бонæй фæстæмæ банкъардта, уавæр хуымæтæг кæй нæ у, уый. ССР Цæдисы фехæлдмæ ма баззадис æрмæстдæр цыппар азы, фæлæ афтæ кæй уыдзæн, уый чи зыдта. Цыбыр рæстæгмæ сбæрæг кодта йæ куысты нысæнттæ æмæ æфсымæрон Национ Немыцаг Æфсады политикон хайадимæ. Арæх-иу æй лыг кæнын бахъуыд алы хуызон хæстæ, быцæу уавæртæ æмæ æндæр ахæмтæ. Æмæ алы хатт дæр советон афицер йæхи æвдыста хъæппæрисджын политикон кусæгæй. Кæд бирæ бæрнон бынæтты куыста, уæддæр хуымæтæджы æфсæддонтæм уыд хæстæг, æмбæрста сын сæ зындзинæдтæ æмæ сын, йæ бон цæмæй уыд, уымæй рогдæр кодта сæ уавæртæ. Йæ райгуырæн бæстæйæ дард Европæйы йе ‘фсæддон хæс чи фыста, уыдонæн-иу арæх сарæзта фембæлдтытæ нæ зындгонд фысджытæ, актертæ, зарæггæнджытæ æмæ эстрадæйы дæснытимæ. Алы цæдисон республикæтæй дæр-иу хуынд æрцыдысты концертон бригадæтæ æмæ къордтæ. Уæлдай æхсызгонæй æрымысы Махмуд Эсамбаев, Александрæ Пахмутова, Николай Добронравов, Иосиф Кобзон, Тамарæ Гвердцители æмæ иннæты.

Уымæй уæлдай ма-иу æй æххæст кæнын бахъуыд æфсæддон дипломаты хæстæ дæр. Хæстæг ахастдзинæдтæ йын уыд Германы Демократон Республикæйы хистæр афицертæ: инæлар-лейтенант Хорст Зылло, инæлар Ковальский, булкъон Уве Лаам, æхсæнадон организациты разамонджытæ Карин Бобсин, Макс Шустер æмæ иннæтимæ. 2015 азы Анзор инæлар-булкъон А.В. Терентьевимæ Скæсæн Германимæ Уæлахизы бæрæгбонмæ хуынд куы æрцыдысты, уæд стыр æхсызгонæй сæмбæлд Эгон Кренцимæ (Хонеккеры фæстæ ГДР-ы разамонæг — Х.Б.). Уый йæ дардæй базыдта æмæ йæм йæ къух, бæрзонд сисгæйæ, тылдта. Сæ фæстаг фембæлдæй рацыдис 25 азы, фæлæ йæ на ферох кодта. Раздæры разамонæг ын йæ рæстæджы СЕПГ-йы ЦК-йы саккаг кодта Германон-Советон хæлардзинады Æхсæнады Стыр сыгъзæрин риуылдаргæ нысан. Кренц æй иннæ уазджытæй иуварс ахуыдта æмæ бирæ фæныхас кодтой ивгъуыды азты тыххæй. Иу азы фæстæ 1989 азы та, куыд Хурныгуылæн Æфсæдты къорды делегацийы разамонæг, афтæ хуынд æрцыд англисаг минæварады кадджын æмбырдмæ. Уырдæм ма хуынд æрцыдысты амырыкаг æмæ францаг афицертæ дæр. Ахæм фембæлдтытæ Анзоры æфсæддон биографийы иу æмæ дыууæ нæ уыд. Æмæ дзы алы ран дæр бæрзонд хаста советон афицеры ном æмæ ирон лæджы кад.

Хъиргъуйы-фырт йæ кармæ гæсгæ улæфынмæ куы ацыд, уæд та ногæй раздæхт йæ наукон-педагогон æмæ хъомыладон куыстмæ Стъараполы уæлдæр скъолаты. 16 азы бæрц бакуыста губернаторы цур политикон-консультативон советы уæнгæй, 1998-2014 азты уыд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æххæстбарджын минæвар Стъараполы крайы. Авд азы уыд Стъараполы Паддзахадон думæйы сæрдары цур хистæрты Советы уæнг æмæ æндæр бæрнон бынæтты. Дæсгай азты дæргъы Анзор цы иузæрдион æмæ уæхскуæз куыст фæкодта, уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд бирæ хæрзиуджытæ: нæ бæстæйы «Кад»-ы орден, ССР Цæдисы уæлдæр ахуырады риуылдаргæ нысан, майдантæ — «Куысты мидæг стыр сгуыхтдзинæдты тыххæй», Стъараполы край («Крайы цур сгуыхтдзинæдты тыххæй») æмæ РЦИ-Аланийы («Ирыстоны намысæн») уæлдæр хорзæхтæй. «Цытджын Петр»-III къæпхæны орденæй. Ацы хæрзиуæг лæвæрд цæуы, Уæрæсейы паддзахады бындуртæ фидар кæныны хъуыддагмæ стыр хай чи бахаста, уыдонæн. Анзорæн ма лæвæрд æрцыдис ГДР-йы цалдæр хæрзиуæджы дæр.

Æнæ зæгъгæ нæй, нæ номдзыд æмзæххонæн зонадон-иртасæн куысты мидæг цы æнтыстытæ бафтыд, уый тыххæй дæр. Йæ къухы бынæй рацыд 100 наукон куысты бæрц. Куыд профессор, философ, афтæ схъомыл кодта тынг бирæ ахуыргæндты Бетъырбухы æмæ Стъараполы уæлдæр скъолатæн. Суанг ма йæм абон дæр йæ ахуыргæнинæгтæй бирæтæ æрбацæуынц, цымыдисаг сæ чи кæны, уыцы фарстытимæ. Æмæ Хадзырæты фырт йæхи иуварс никуы раласы, алы хатт дæр балæууы сæ фарсмæ æмæ сын бацамоны иртасыны нысаны хуыздæр фæндæгтæ. Стъараполы нымад цæуы хуыздæр наукон разамонджытæй иуыл. Йæ ныхасы ис уæз, йæ куысты — кад, йæ архайды — бæркад. Æмæ уый хуымæтæджы афтæ нæу: Анзоры æгас Цæгат Кавказы дæр зонынц, энциклопедион зонындзинæдтæ, царды фæлтæрддзинад, бæрзонд моралон æмæ профессион æнкъарæнтæ кæмæ ис, ахæм адæймагæй. Йæ размæ цы хæстæ сæвæры, уыдон æххæстгæнгæйæ, курдиатджын ахуыргонд, цытджын адæймаг æмæ намысджын удгоймаг æвдисы хъæппæрис, быхсынад, намыс æмæ лæгдзинад. Æмæ ууыл ахуыр кæны йæ кæстæрты æмæ хъæбулы хъæбулты. Йæ цардæмбал у уæлдæр къæпхæны дохтыр, Уæрæсейы сгуыхт дохтыр Хъиргъуты (Куымæридтаты) Эльзæ. Анзорæн ис зæды хуызæн цыппар чызджы Зæлинæ, Мæдинæ, Наирæ, Еленæ. Уыдон иууылдæр ссардтой царды сæ бынат, райстой уæлдæр ахуырад æмæ фыдæбон кæнынц æхсæнады сæрвæлтау. Анзорæн ис удлæууæнтæ — хъæбулы хъæбултæ. Сæ хистæр — Динæ каст фæци медицинон институт, цæры Мæскуыйы æмæ кусы стоматологæй. Астæуккаг — Георги уыд футболист, æмæ ахуырад куы райста, уæддæр йæ зæрдæ нæ сивта спортыл, ныртæккæ кусы ПФК ЦСКА-йы селекцион къорды журналист-аналитикæй. Кæстæр — Тимур та у студент, ахуыр кæны Мæскуыйы финансон университеты 4-æм курсы.

Ныртæккæ Анзор бацыд йæ куырыхон лæджы кары: ис ын уарзон бинонтæ æмæ иузæрдион хæлæрттæ. Абон ын ис фылдæр рæстæг, фæлæ йæ дзæгъæлы нæ сафы: фыссы æмæ кæсы чингуытæ, лæггад кæны Рæстæг, Дуг æмæ Адæймагæн. У диссаджы æмныхасгæнæг, цымыдисаг адæймаг æмæ цытджын удгоймаг. Бирæ федта, бирæ бавзæрста, бирæ сарæзта æмæ кæстæртæн цы радзура, ахæм хабæрттæ йæм дзæвгар ис. Фæлæ йæ куы бафæрсынц, йæхи сæйрагдæр кæуыл нымайы, уæд æвæстиатæй фæзæгъы: ахуыргæнæг æмæ хъомылгæнæгыл. Ахуыр æмæ хъомыл кæнын ын Хуыцауæй лæвæрд у. Анзоры бафæрсæн ис цыфæнды фарстайæ дæр. Æмæ алкæмæ дæр тынг лæмбынæгæй байхъусы. Бацæуы йæ уавæры, арф æй бамбары æмæ йын æрмæстдæр уый фæстæ фæзæгъы йæ хъуыды, радты йын куырыхон (хъæугæ) уынаффæ. Анзор у бирæвæрсыг удгоймаг, æцæг философ æмæ курдиатджын ахуыргæнæг. Афтæ йæ куы бафæрсынц, кæстæртæн дæ хуыздæр ныстуан ныхас цы у, зæгъгæ, уымæй, уæд сын фидарæй фæзæгъы: «Алцыдæр у тынг хуымæтæг — хиуыл фæуæлахиз уæвын!» Ома, хи æнкъарæнтæ æмæ зондахаст фæлдзусадон ахастдзинæдты бацæуын.

Анзоры йæ хæлæрттæ æмæ æмкусджытæ хонынц хæс, намыс æмæ æгъдауы лæг; сыхæгтæ æмæ зонгæтæ — хæрзæгъдауджын æмæ æфсармджын адæймаг. Йæ раздæры студенттæ æмæ ахуыргæнинæгтæн уый у — цымыдисаг æмæ ирд разамонæг, йæ удварны бæрзонд педагогон æмæ адæймагон æнкъарæнтæ чи хæссы, йæ зондахасты æмбарынад, аудынад æмæ æууæнкад сыхагиуæг кæмæн кæнынц, ахæм хистæр. Уый уымæн афтæ у, æмæ Анзор бæрнонæй кæсы фæсивæд æмæ кæстæрты хъомыладмæ. Бæркад къухæй, дзагармæй уары йæ зонындзинæдтæ, размæцыд хъуыдытæ æмæ сын фæдзæхсы: «Æнæуынонад лæмæгъты хотых у». Хатыр кæнын чи зоны, æрмæстдæр уый у æцæг уæздан. Фыццаг къух чи бадæтты — æцæг тыхджын уый у». Анзор æрыгонæй йæ зæрдæмæ цы æппæтадæмон хæзнатæ райста, уыдоныл баззад иузæрдион абоны дугмæ. Æмæ цас фылдæр дæтты адæмæн, уыйбæрц рухсдæр кæны дуне йæ алыварс æмæ йæ миддунейы. Ацы азы фæззæджы Анзор сбæрæг кодта йæ 85 азы бæрæгбон. Æмæ йын уымæ гæсгæ нæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, зонадон æнтыстдзинад æмæ бинонты амонд.


Хозиты Барис

 


ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here