Хъæуы спайда кæнын æппæт фадæттæй дæр

0
215


Æххæстгæнæг хицауады оргæнты æмгуыстады фæрцы ног хæцгæниз æрбаласыны æмæ парахат кæныны ныхмæ мадзæлттæ ссарыны тыххæй республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло скодта оперативон штабы æмбырд.


Видеобастдзинады фæрцы ныхасы архайдтой рынчындæтты сæйраг дохтыртæ, фæзуатон ведомствæты разамонджытæ. Рæгъмæ рахастой компьютерон томографи кæныны, дзæбæхгæнæн хостæ республикæмæ ласгæйæ æдзæсгом митæ чи кæны, уыцы адæймæгты, æмæ куынæггæнæн мадзæлтты ивддзинæдты тыххæй фарстатæ.

Хæцгæнизæй ног рынчынтæ фондз бонмæ уыдысты 516, ивгъуыд къуыриимæ абаргæйæ, уый у 5,7 проценты фылдæр. Алы бон дæр республикæйы регистрацигонд цыдысты 103 ног рынчыны бæрц, рынчындæттæм æххуысагур æрхатынц 240 адæймаджы. Уыцы бæрæггæнæнтæ æрхаста «Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг службæйы хицау Тыбылты Алан. Йæ хъуыдымæ гæсгæ хъуамæ низ бауромыны тыххæй спайда кæной уæлæмхасæн мадзæлттæй.

«Хъуамæ вакцинаци чи скæна, уыдоны дыууæ боны куыстæй суæгъд кæнæм, сæ мызд сын бахъахъхъæнгæйæ. Уæдæ базарадон центртæм, æнæхойраг базартæм, рæсугъддзинады салонтæм хъуамæ цæуой QR-кодимæ кæнæ ПЦР-тестимæ, низæй 6 мæйы размæ рынчын кæй уыд, ахæм справкæтимæ», — загъта Тыбылы-фырт. Алы æмвæзады ахуыргæнæндæтты хъуамæ 8 ноябрæй 14 ноябрмæ скъоладзаутæ æмæ студенттæ ахуыр кæной электронон хуызы.

Ахуырад æмæ наукæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Алыбегты Эллæ куыд радзырдта, афтæмæй сæ зæрды ис 1-4 кълæсты скъоладзауты комкоммæ ахуыры ныууадзын.

Алексадр Реутов куыд бафиппайдта, афтæмæй хроникон низтимæ сывæллæтты хъуамæ ныййарджытæ хæдзæртты ныууадзой. Уыдæттимæ сразы Сергей Меняйло, йæ ныхасмæ гæсгæ хъуамæ ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджытæ æххæст кæной санитарон æдасдзинады æппæт домæнтæ. Сæйраг санитарон дохтырæн та бафæдзæхста, цæмæй йе ‘ппæт фæндæтты тыххæй бацæттæ кæна уынаффæтæ. Уыдоны бындурыл фæзындзæн Указ.

«Росздравнадзор»-ы цæгатирыстойнаг службæ республикæйы Прокуратурæимæ иумæ æрзылдысты афтектыл, фæндыд сæ, ковиды ныхмæ хостимæ ма адæмæн æнæхъуаджы фæрæзтæ куыд уæй кæнынц, уый сбæрæг кæнын. «Росздравнадзор»-ы регионалон управленийы разамонæг Ольгæ Давыдова куыд загъта, афтæмæй ахæм цаутæ нæ рабæрæг сты. Фæлæ регионалон ведомствæ куыд фехъуыста, афтæмæй афтекты хостæ нæ фаг кæнынц, республикæмæ сæ чи ласы, уыдон цæттæ сты хъæугæ хостæй сифтонг кæнынмæ, æрмæст семæ æнæхъуаджы фæрæзтæ уæй кæнгæйæ.

Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй хъуамæ уавæр равзарой, хостæ ласæг организациты ахæм фыдмитæн бынат хъуамæ ма уа.

«Æндæр хостæ æмæ авналæнтæ нын тыхæй чи уæй кæны, уыцы фармацевтон компаниты телефонты бастдзинæдтæ хъæуы ссарын æмæ семæ аныхас кæнын, Монополиты ныхмæ федералон службæмæ дæр фæсидæм, Прокуратурæ дæр хъуамæ йæ ахаст равдиса», — фæбæрæг кодта республикæйы разамонæг.

«Ног хæцгæнизы ныхмæ хосты иу хай ныртæккæ республикæмæ схæццæ, иннæ хаймæ дæр æнхъæлмæ кæсæм», — загъта æнæниздзинад хъахъхъæнынады ведомствæйы разамонæг Тебиаты Сослан. Æдæппæтæй хостæн бахъуыд 34 милуан сомы. Республикæйы Сæргълæууæг æргом аздæхта Цæгат Ирыстонмæ туаггуыр ласыны хъуыддагмæ, рынчынты дзæбæхгæнæндæттæм фæхæццæ кæныны уавæртæм, туаггуыр концентратты 100 иуæджы балхæнынмæ.

Тебиаты Сослан куыд загъта, афтæмæй туаггуыры концентраттæ республикæмæ фæхæццæ уыдзысты а-дыууæ боны, туаггуыр алы бон дæр æрбаласынц. Фæстауæрцы ма ис 320 бæрцуаты.

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй туаггуыр ласыны графикмæ хъуамæ карзæй кæсой, исты зындзинад фæзынд, уæд хъуамæ фехъусын кæной республикæйы Сæргълæууæгæн. Уый фæдзурдзæн заводты разамонджытæн. Компьютерон томографты аппараттыл цы уæз æрæнцад, уый хъæуы фæдихтæ кæнын.

«Цæмæй иу томографы цур бирæ адæм ма æмбырд кæна, ууыл хъæуы ахъуыды кæнын. Рынчыны кæм райсдзысты, уырдæм æй аласæд тагъд медицинон æххуысы дохтыр. Компьютерон томографтæ кæмдæриддæр ис, уыдонæй спайда кæнут», — фæбæрæг кодта республикæйы Сæргълæууæг.


РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here