Ахсджиаг социалон объектты арæзтад

0
202

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло йæ радон инспекцион балцы рæстæг сбæлвырд кодта, Горæтгæрон район æмæ Дзæуджыхъæуы ахсджиаг социалон объектты арæзтад куыд цæуы, уый. Уый фæстæ та республикæйы разамонæг Рахизфарсы районы базонгæ завод «Автоспецоборудование»-йы архайдимæ.

 

Фыццаджы-фыццагдæр, республикæйы Сæргълæууæг бабæрæг кодта Черменыхъæу. Зындгонд куыд у, афтæмæй уым ныртæккæ фыццаградон национ проект «Ахуырад»-ы фæлгæты арæзт цæуы ног 360-бынатон астæуккаг скъола. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй ахуырадон кусæндон хъуамæ сцæттæ уа азы кæронмæ.

Подрядон организацийы минæвæрттæ республикæйы разамонæг æмæ йемæ уæвæг инспецион къорды уæнгтæн цыбыр экскурси сарæзтой скъолайы бæстыхæйттыл. Проектмæ гæсгæ, ахуырадон кусæндоны дæлхайæдтæ æрбынæттон уыдзысты æртæ агъуысты (уыимæ, уыдон кæрæдзиимæ баст сты иумæйаг æхгæд бацæуæнтæй). Кæрты æрбынæттон уыдзысты спортивон фæз, хъармгæнæны агъуыст, хæдтулгæтæн æрлæууæн бынат æмæ афтæ дарддæр. Скъолайы алыварс æрæхгæндзысты аив згъæр быруйæ. Ныртæккæ аразджытæ кæнынц мидæггаг æмæ æддаг фæлгонцадон-аивгæнæн куыстытæ. Уыцы-иу рæстæг кълæстæ æмæ иннæ бынæтты ныридæгæн æвæрын райдыдтой стъолтæ, бандæттæ, æндæр ахуырадон кусæнгæрзтæ.

Арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Моргуаты Константин куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ лыггонд цæуынц ног скъолайы бæстыхæйттæ электрон тых æмæ иннæ коммуникацитæм баиу кæныны фарстатæ (уыцы куыстытæ хъуамæ ахицæн уой декабры). Уыимæ, специалисттæ хæстæгдæр рæстæг кусынæввонг скæндзысты хъармгæнæн системæ дæр.

Æппæт уыцы архайд хорзыл банымайгæйæ, Сергей Меняйло профилон ведомствæты разамонджыты æргом аздæхта ахуырадон кусæн боны æдасдзинады фарстамæ. Уый бахæс кодта, цæмæй скъолайы æвæрд æрцæуа æдасдзинады видеосистемæ, стæй рагагъоммæ хъуамæ бæлвырдгонд æрцæуа, хъахъхъæнæджы куыст кæй бæрны уыдзæн, уыцы компани.

Уырдыгæй Сергей Меняйло йæ фæндаг акодта Дзæуджыхъæумæ. Республикæйы сæйраг горæты ныртæккæ цы ахуырадон-хъомыладон кусæндæттæ арæзт цæуы, уыдонæй иу у 280-бынатон рæвдауæндон. Кусæндон аразынц фыццаградон национ проект «Демографи»-йы фæлгæты.

Подрядон организацийы бригадтæ ныртæккæ амайынц фидæны бæстыхайы къултæ. Хæстæгдæр рæстæг бавналдзысты дыккаг уæладзыджы сæр æрæмбæрзынмæ. Уыцы-иу рæстæг æххæстгонд цæуынц электромонтажгæнæн æмæ сантехникон куыстытæ дæр.

Уыимæ, арæзтадон куыстытæ графикæй иуцасдæр фæиппæрд сты. Къуыхцыты аххос цæй мидæг ис? Æвæстиатæй цавæр организацион мадзæлттæ саразын хъæуы, цæмæй арæзтад йæ гаччы сбада? Æппæт уыцы фарстатыл бынаты бæстон ныхас рауад. Уыимæ, Сергей Меняйло профилон ведомствæтæ æмæ подрядон организацийы минæвæрттæн бæлвырд æмгъуыдтæ радта хъуагдзинæдтæ аиуварс кæнынæн. «Æппæт фадæттæй дæр спайда кæнут, цæмæй арæзтадон архайд фæхъомысджындæр уа æмæ рæвдауæндон афойнадыл сцæттæ уа», — бафиппайдта республикæйы разамонæг.

Сергей Меняйло цæстдарæг ведомствæты минæвæрттæн бахæс кодта, цæмæй арæзтадон куыстыты хæрзхъæддзинадмæ уа уæлдай бæстон цæстдард.

Фæстæдæр республикæйы Сæргълæууæг ацыд Рахизфарсы районмæ. Уым та Сергей Меняйло бабæрæг кодта беслæйнаг завод «Автоспецоборудование».

Ацы куыстуат районы рагæй кусы, бындур ын æвæрд æрцыд 1963 азы. Бирæ азты дæргъы заводы арæзтой хæдтулгæтæласæн прицептæ. Абон куыстуат уадзы алыхуызон æфсæн конструкцитæ, сывæллæтты хъазæн æмæ спортивон фæзтæн тренажертæ, бандæттæ, бырæттæмбырдгæнæн контейнертæ æмæ афтæ дарддæр. Уыимæ, куыстуаты продукци æрвыст цæуы бæстæйы æндæр регионтæм дæр.

«Автоспецоборудование»-йы директор Кудзаты Аслан инспекцион къорды уæнгтæн бæстон радзырдта, куыстуат йæ архайд куыд аразы, сæ размæ цы нысантæ æвæрынц, уыдæтты тыххæй.

 

 

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here