Фарстатæ лыггонд цæудзысты иу иннæйы фæстæ

0
238

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд Тагъд æххуысы республикон клиникон рынчындоны кусджытимæ.

 

Бæрæг куыд у, афтæмæй Сергей Меняйломæ уыдон æмбырд коллективæй дæр барвыстой фыстæг. Уым хъусын кодтой, се ‘рвылбоны куысты хæстæ æххæст кæнгæйæ, цы къуыхцытимæ æмбæлынц, уыдоны тыххæй. Бæлвырддæр зæгъгæйæ, хъаст кодтой, рынчынтæн бынæттæ, туаггуыр æмæ дзæбæхгæнæн хостæ фаг кæй нæй, уымæй.

«Коронавирусы хæцгæ низ ахæлиу æмæ раргом кодта æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы лыггæнинаг фарстатæ, равдыста нын, цы лæмæгъ бынæттæ дзы ис, уыдон. Æппæт уыцы фарстатыл æрныхас кодтам Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны дохтыртимæ æмæ медицинон кусджытимæ.

Бæрæг у, рынчынтæн дзы бынæттæ фаг кæй нæй, уый. Дзæбæх сæ кæнынц ацы рынчындоны СПИД-корпусы — ныртæккæ уал уый у, ковидæй рынчынты дзæбæх кæм кæнынц, иунæг ахæм корпус. Зындзинæдтæ æвзарынц, хостæ кæй нæ фаг кæнынц, уымæй дæр. Æппæт фарстатæ дæр лыг кæндзыстæм, куыд æвзæрынц, афтæ — иу иннæйы фæдыл. Ныртæккæ уал балхæдтам препарат «Артлегиа», 105 къоппы дзы сты Мæскуыйы скълады æмæ хæстæгдæр бонты ам уыдзысты.

Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны дарддæрдæр цæуынц туаггуырдæттæг ног системæйы монтажгæнæн куыстытæ. Раст зæгъгæйæ, бахъуыд сæ фылдæр рæстæг, специалисттæ раздæр цы пълан кодтой, уымæй. Хъуыддаг ис уый мидæг, æмæ реставрацигæнинаг кæй уыдысты, раздæры уыцы системæ арæзт уыд æнæ проектæй, стæй йын ницавар гæххæттытæ уыд. Туаггуыр хорз кæй нæ хæццæ кодта, уыцы фарста та уыд ивгъуд азы дæр — уый тыххæй дохтыртæ дæр, рынчынтæ дæр сæхæдæг дзырдтой… Ацы цаутæ равзарын у барадхъахъхъæнæг оргæнты хæс. Уымæ гæсгæ хъуыддаг афтæ рауад, æмæ зæронд системæ халын бахъуыд, ногæн та — проект кæнын æмæ йæ дзыхъхъынногæй аразын. Уый аххосæй куыстытæ ныддæргъвæтин сты. Аразæг зæрдæ æвæры, 30 бонмæ куыстытæ кæронмæ кæй ахæццæ уыдзысты, уымæй. Куыстытæ куыд цæуынц, уый мæхæдæг федтон æмæ мæ бон зæгъын у: афтæ кæй уыдзæн, уый дызæрдыггаг нæу.

Уымæй уæлдай, балхæдтам туаггуыры концентратортæ — хæстæгдæр рæстæг фæзындзысты республикæйы. Æлхæнæм туаггуыры цыппар станцæйы, сæ иу æвæрд æрцæудзæн Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны. Æрмæст хъæудзæн гыццыл банхъæлмæ кæсын — ахæм станцæ сæвæрын æмæ йæ æркусын кæнынæн хъæуы 180 бонмæ ‘ввахс.

Туаггуыры завод саразыны фæдыл ныртæккæ ныхас кæнæм инвестортимæ. Завод саразын домы 2,5 милуан доллæрмæ хæстæг, йæ саразыны æмгъуыд у фараст мæйы, фæлæ йæ хъомыс у тынг бирæ — суткæмæ дæтдзæн туаггуыры 24 тоннæйы. Завод кæм араздзыстæм, уыцы бынат ныронг у бæрæг.

Фæлæ не ‘ппæт дæр хъуамæ æмбарæм иу хъуыддаг: пандеми ахæм рæстæг нæу, æмæ не ‘нтыстытыл цин кæнæм, нæ лыггæнинаг фарстатæ та — сусæг. Фарстатыл, къуыхцытыл, фиппаинæгтыл дзурын хъæуы æппæты фыццаг.

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад хъуамæ арæхдæр æмбæла дзæбæхгæнæндæтты кусджытимæ æмæ семæ ныхас кæна, хъуыддæгтæ куыд цæуынц, ууыл, агура æмæ ара сæвзæрæг фарстатæ лыг кæныны мадзæлттæ. Уыцы хуызы архайын хъæуы пандемийы рæстæг. Æмæ уæд уавæр хуыздæрæрдæм раивын нæ къухы, æнæмæнг, бафтдзæн.

Медиктæн та — стыр арфæ сæ куысты тыххæй!» — ацы ныхæстæ республикæйы Сæргълæууæг ныффыста, Facebook-ы йын цы официалон фарс ис, уым.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here