Ног комплекстæ райсдзысты

0
200

Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис министртæ æмæ ведомствæты разамонджытæн скодта æмбырд. Ныхас рауад социалон къабазы, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, фæндæгты хызы, æнæниздзинад æмæ æндæр рахæцæнты райрæзтыл.

 

Фæллой æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Айдарты Алинæ куыд радзырдта, афтæмæй ивддзинæдтæ бахастой «РЦИ-Аланийы цæрджытæн социалон лæггæдтæ кæныны тыххæй» закъонмæ. Уырдæм сæрмагонд пункты фæрцы бафтыдтой Советон Цæдисы Хъæбатырты, Уæрæсейы Федерацийы Хъæбатырты æмæ Кады ордены æххæст кавалерты, чи фæмард, уыцы Хъæбатырты кæнæ Кады ордены æххæст кавалерты бинонты. Ныр сæм лæвар социалон лæггæдтæ хæццæ кæндзысты, ахæм бæрзонд паддзахадон хæрзиуджыты хицæуттæ хъуамæ уæлæмхасæн социалон æххуыс исой.

Ивддзинадтæ фæхæццæ сты, иумæйагæй кæмæй пайда кæнынц, уыцы регионалон æмæ бынæттон автомобилон фæндæгтæ рацаразыны тыххæй республикæйы Хицауады уынаффæмæ. Уымæй Уæрæсейы Хицауад уæлæмхасæн æххуыс кæны нæ республикæйæн. Фæндагон хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэл куыд бафиппайдта, афтæмæй нæ бæстæйы Хицауады Фæстауæрцы фондæй Цæгат Ирыстоны бюджет райсдзæн трансферттæ 425,3 милуан сомы. Уыдонæй 200 милуан сомы радих кæндзысты фæндаг Дзæуджыхъæу-Æрыдон-Цыкола-Лескен дарддæр саразынæн. Фæндаг Джызæл-Хъæрмæдон-Дæргъæвс-Дзуарыхъæу (турбазæ Къæхтысæрмæ бацæуæнтимæ) рацаразынæн ратдзысты 150 милуан сомы. Беслæны дыууæ фæндагмæ базилынæн та — 75,3 милуан сомы.

Иннæ аз адæмы кæлæддзаг цæрæнбынæттæй ног фадатджын бынæттæм раивынæн Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад рацаразыны фонд æмæ республикон бюджет радих кæндзысты фæрæзтæ. Фонды æхца уыдзысты 427,05 милуан сомы. Уыдæтты тыххæй уыд йæ ныхас цæрæнуатон-коммуналон ведомствæйы разамонæг Таматы Майрæнæн.

Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй фæрæзты фæрцы граждæнты кæлæддзаг бынæттæй ног фатертæм 2023 азы кæрон раивæн уыдзæн. Пъланмæ гæсгæ та сæ хъуамæ 2025 азы раивой. «Цæрджытæ уыцы уавæртæм рагæй æнхъæлмæ кæсынц, ныртæккæ нæ размæ цы нысантæ лæууы, уыдон нæ къухы куы бафтой, уæд адæмы цардыл хорзæрдæм сахаддзысты», — фæбæрæг кодта Дзанайы-фырт.

Æмбырды ма куыд райхъуыст, афтæмæй тагъд республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады кусæндæттæ фæхъæздыгдæр уыдзысты цыппар цæугæ медицинон ног комплекстæй. Сæ иумæйаг аргъ у 45 милуан æмæ 403 мин сомы. Ведомствæйы разамонæг Тебиаты Сосланы фæндæй республикон бюджетмæ бахастой ивддзинæдтæ.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here