Арфæ — бархионтæн

0
254

Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис бабæрæг кодта Цæгат Кавказы Æдасдзинады культурæйы æмæ æнæнхъæлæджы цауты фæстиуджытæ иуварс кæныны бархионты (Фæрæзты) центр.

 

Йемæ уыдысты йæ хæдивæг Томайты Ирбег, фæсивæды хъуыддæгты комитеты разамонæг Джусойты Руслан, Æнæнхъæлæджы цауты министрады цæгатирыстойнаг управленийы хицауы хæдивæг Николай Иванов æмæ Фæрæзты центры разамонæг Мæзлуаты Аслæнбег. Æмхуызонæй базонгæ сты центры куыстимæ.

Фæрæзты центр æрбынæттон ис Цæгат Кавказы Хæххон-металлургон институты, ам ын ис ахуыргæнæн кълæстæ, кабинеттæ, оперативон радхæссæн бынæттæ, æфснайæнтæ, хæрæндон. Кусы дзы 100 бархионы. Хицауады Сæрдарæн куыд радзырдтой, афтæмæй центр ифтонггонд у бархионты ахуыр кæныны авналæнтæй æмæ техникæйæ. Зæгъæм, ирвæзынгæнæн машинæйæ, гидравликæйы бындурыл кусæг инструменттæй, фыццаг медицинон æххуыс бакæныны тыххæй манекентæй, хæхтыл бырæн цæугæ астметрон ифтонггарзæй, зынгсирвæзты ныхмæ дзаумайæ, тренажертæй.

Дзанайы-фырт ам фембæлд республикæйы бархионты организацийы уæнгтимæ, уыдон алывæрсыг æххуыс кæнынц хæцгæнизæй рынчынтæн æмæ медицинон кусджытæн. Ныхасы архайдтой Адæмон фронты цæгатирыстойнаг æххæсткомы хицау Гæлиты Клим, «Иугонд Уæрæсе»-йы бархионты центры разамонæг Едзойты Марат, «РЦИ-Аланийы сывæллæтты æмæ æвзонгты цæдис»-ы регионалон æхсæнадон организацийы сæрдар Мæргъиты Жаннæ, хæрзаудæн фонд «Быть добру»-йы разамонæг Хъуысаты Амырхан æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ.
Фембæлды архайджытæн арфæ кæнгæйæ, Хицауады Сæрдар фæбæрæг кодта, сæ куыст тынг ахсджиаг æмæ хъæугæ кæй у, уый. «Ныр дыккаг аз тох кæнæм коронавирусимæ, республикæйы разамынд мадзæлттæ аразы. Дохтыртæ, медицинон хотæ æппæт тыхтæй кусынц, рынчындæттæм, поликлиникæтæм тынг бирæ адæм цæуынц. Бархионтæ дæр иуварс нæ баззадысты, алывæрсыг æххуыс кæнут. Уе ‘хсæн сты, ацæргæ рынчынты æмæ сывæллæтты цур чи вæййы, ахæмтæ. Уæ фæрцы уыдон райсынц хъæугæ æххуыс, тæссагдзинад къаддæр кæны. Уый тыххæй уын стыр бузныг», — загъта Дзанайы-фырт.

Бархионтæ радзырдтой, цавæр куыст кæнынц, уый, сæ зындзинæдтыл æрныхас кодтой. Сæ куысты сæйрагдæр у рынчынтæн хæдзæрттæм хостæ æмæ фыццаградон хъæугæ товартæ баласын. Рынчындæттæм туаггуыры баллонтæ куы баласынц, уæд сæ равгæнынц. Фылдæр цæуынц сæхи машинæтыл, артаг дæр сæхи фæрæзтæй ныккæнынц.

Джусойты Руслан куыд бацамыдта, афтæмæй хъавынц колл-центр байгом кæнын, уым дæс бархионы кусдзысты. Хъуамæ сын фæзына тæвд хæринаг æмæ телефоны бастдзинад. Бархионтæ куыд бацамыдтой, афтæмæй сæ уæлæмхасæн æххуыс бахъæуы. Дзанайты Барисы ныхасмæ гæсгæ, ацы вазыгджын рæстæг республикæйы разамынд æрмæстдæр адæмæн баххуыс кæныныл кусы. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло бархионты змæлдæн стыр аргъ кæны.

«Сæрæн стут, æнæмæнг. Уе ‘ппæт фарстатæ дæр уын цыбыр рæстæгмæ алыг кæндзыстæм. Уæ авналæнтæ цæмæй фæпарахатдæр уой, ууыл бацархайдзыстæм», — загъта Хицауады Сæрдар. Кæронбæттæны уый Джусойты Русланæн бахæс кодта, цæмæй æххуысы бæрц бæрæггонд æрцæуа, бархионтæ цы тыхстаг хъуыддæгтæ ранымадтой, уыдон саразынмæ йæ хъус фæдарæд.

 

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ
Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here