«Уæрæсейы транспорт»: къабазы абоны уавæр æмæ дарддæры райрæзты нысантæ

0
192

Ацы бонты Мæскуыйы равдыстыты комплекс «Гостиный двор»-ы йæ куыст кæны дунеон форум «Уæрæсейы транспорт». Уыцы егъау æмбырды РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй архайы Цæгат Ирыстоны официалон делегаци дæр.

 

Форум байгом пленарон æмбырдæй. Йæ сæйраг темæ уыд Уæрæсейы транспортон къабазы райрæзты нысантæ 2035 азы онг. Хицаудзинады оргæнты, транспортон къабазы кусæг компанитæ æмæ бизнесы минæвæрттæ бæстон æрдзырдтой абоны уавæр æмæ дарддæры райрæзты стратеги æмæ нысантыл. Стыр æргом здæхт æрцыд транспортон инфраструктурæйы нывылдзинады, цымыдисаг инвестицион проекттæ æххæст кæнын æмæ æндæр фарстатæм.

Æмбырды архайджытæм арфæйы фыстæг барвыста Уæрæсейы Президент Владимир Путин. Президенты арфæ æмæ хъуыдытæ форумы архайджытæм фæхæццæ кодта йæ æххуысгæнæг Игор Левитин.

— Абон, фыццаджы-фыццагдæр, хъарутæ саразын хъæуы транспортон къабазы инфраструктурон объектты рацарæзтмæ, архайды æдасдзинады къæпхæн бæрзонддæр кæнынмæ, логистикон маршруттæ фылдæр кæнынмæ, уæрæсейаг регионты æхсæнадон транспорты фæрæзтæ ногтæй ивынмæ æмæ æндæр ахæм фарстатæм, — йæ фыстæджы фæбæрæг кодта Президент.

Пленарон æмбырды стыр докладимæ раныхас кодта УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Марат Хуснуллин. Уый бæстон æрлæууыд къабазы дарддæры райрæзты стратегион нысантыл, ахадгæ проекттæ æххæст кæныныл, рацарæзты программæтыл.

— Куыд уынæм, афтæмæй бæстæйы фæстаг азты арæзт цæуы бирæ ног цæрæнуæттæ. Уыцы объекттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ фæдыл расайынц фæндагон инфраструктурæйы арæзтад дæр. Уымæн æмæ ног микрорайонтæ æмæ иннæ цæрæн бынæттæм хъæуы аразын фæндæгтæ. Уыимæ, дарддæр æрлæууы ног микрорайонты иувæрсты уæзæгтæласæн транспортæн уæрæх магистралон фæндæгтæ аразыны фарста дæр. Æппæт уыцы хъуыддæгтæ махæн нæ размæ æвæрынц фæндагон инфраструктурæйы ныртæккæйы объектты уавæр зынгæ фæнывылдæр кæнын, стæй дарддæры райрæзты программæтыл бакусыны фарстатæ. Æмæ æппæт уыцы нысантыл бæлвырд куыст цæуы, — фæбæрæг кодта федералон Хицауады Сæрдары хæдивæг.

Марат Хуснуллины ныхасмæ гæсгæ, æппæт уыцы фарстатæ сæ бынат бацахсдзысты транспортон къабазы райрæзты стратегийы. «Уыимæ, стратегийы уагæвæрдтæ нысан кæнгæйæ, хыгъд цæуынц райрæзты иннæ федералон æмæ регионалон программæтæ дæр. Афтæ, зæгъæм, бæстон каст цæуы ног микрорайонтæ кæм æрбынæттон уыдзысты æмæ уырдыгæй адæм сæ куысты бынæттæм æмæ горæтты центртæм кæуылты цæудзысты, уымæ дæр. Уыцы хъуыддæгтæ лæмбынæг бахынцгæйæ, арæзт цæудзысты иу кæнæ иннæ горæты транспортон инфраструктурæйы райрæзты программæтæ. Ахæм уагæвæрды бындурыл æххæстгонд цæудзысты регионты æхсæн бастдзинады, стæй федералон транспортон инфраструктурæйы райрæзты проекттæ дæр», — бафиппайдта Хицауады вице-премьер.

Хицауады Сæрдары иннæ хæдивæг Дмитрий Чернышенко йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй бæстæйы транспортон къабаз хъомысджынæй бавнæлдта рацарæзты программæтæ æххæст кæнынмæ. Уыимæ, къабазы куыстмæ уæрæхдæр хаст цæуынц æппæты нырыккондæр, нымæцон технологитæ. Уыцы ногдзинæдты фæрцы къабазы архайд, кæй зæгъын æй хъæуы, кæны нывылдæр æмæ æнаипдæр.

— Зæгъæм, Уæрæсейы транспортон компанитæн сæ 80 проценты бæрц се ‘рвылбоны архайд аразынц нымæцон технологиты бындурыл. Транспортон æмæ логистикон куыстуæттæн та се ‘мбисы бæрц ныридæгæн раивтой ахæм нырыккон технологитæм. Уыцы æууæл зынгæ фæхъомысджындæр кодта компаниты архайд — уæзæгтæ æмæ бæлццæтты ласыны рæстæг зынгæ фæкъаддæр, заказгæнджыты домæнтæ ахадгæдæр хуызы æххæстгонд цæуынц… Æхсæнадон транспорты куыстыл дæр зынынц уыцы ногдзинæдтæ. Зæгъæм, горæтаг транспорты фæрæзты æвæрд цæуынц балцæн фидыны автоматизацигонд уагæвæрдтæ. Ахæм ногдзинад дæр у адæймаджы удæнцойæн, — загъта Дмитрий Чернышенко.

Федералон Хицауады Сæрдары хæдивæджы ныхасмæ гæсгæ, транспортон къабазы ныртæккæ æххæстгонд цæуынц 42 стратегион проекты. Уыдон фидаргонд æрцыдысты федералон Хицауады уынаффæтæй, сæ æххæст кæнынмæ ис иудадзыгон цæстдард.

Пленарон æмбырды архайджытæ бирæ фарстытæ радтой докладгæнджытæм.

Зæгъæм, Дмитрий Чернышенкойы бафарстой, туристон æмæ æндæр ахæм цымыдисаг бынæттæм фæндæгты дарддæры нывылдзинадыл цавæр куыст цæудзæн, уымæй дæр. Хицауады Сæрдары хæдивæг дзуапп дæтгæйæ, куыд фæнысан кодта, афтæмæй фыццаградон национ проект «Туризм æмæ уазæгуарзондзинады индустри»-йы фæлгæты бирæ уæрæсейаг регионты ныртæккæ аразынц ног санаторитæ, курорттæ, туристон базæтæ æмæ фысымуæттæ. Æмæ ныридæгæн бæлвырд у, уыцы объекттимæ уыцы-иу рæстæг фæндагон инфраструктурæйы объекттæ дæр арæзт кæй цæудзысты, уый. Уыцы æууæл, Дмитрий Чернышенкойы ныхасмæ гæсгæ, зынгæ фенцондæр кæндзæн ног фæлладуадзæн бынæттæм туристты балцытæ, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, фæндагон хæрдзтæ дæр къаддæр кæндзысты.

Пленарон æмбырды фæстæ, журналисттимæ ныхас кæнгæйæ, Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахæм форумтæ регионты минæвæрттæн уæлæмхасæн фадат дæттынц бынæттон транспортон проекттæм стыр компаниты æргом аздахынæн, къабазы дарддæры райрæзты стратегимæ феввахсдæр уæвынæн, стæй раззагдæр технологитимæ зонгæ кæнынæн.

— Форумы фæлгæты нын ныридæгæн цымыдисаг фембæлдтытæ уыд иннæ уæрæсейаг регионты минæвæрттимæ, егъау транспортон компаниты разамонджытимæ. Алкæцы ныхасы дæр æркастыстæм транспортон къабазы абоны уавæр æмæ дарддæры райрæзты нысантæм, базонгæ стæм кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ. Æппæт уыцы фарстатæ Цæгат Ирыстонæн уæлдай ахсджиаг сты, уымæн æмæ ныртæккæ нæ размæ сæвæрдтам республикæйы транспортон къабазы бындурон рацарæзты нысан. Уый стыр куыст у. Фæлæ дызæрдыг нæ кæнын, æмхъаруйæ æмæ æппæты ногдæр технологитæ æмæ раззагдæр компаниты куысты фæлтæрддзинадæй пайда кæнгæйæ, уыцы нысан къухы кæй бафтдзæн, ууыл, — бафиппайдта Сергей Меняйло.

Форум «Уæрæсейы транспорт» йæ куыст кæны цалдæр боны дæргъы. Пленарон æмбырдæй уæлдай, программæйы уыдзысты «тымбыл стъолтæ», конференцитæ, быцæуныхæстæ, регионты минæвæрттæ æмæ егъау компаниты разамонджыты фембæлдтытæ…

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here