Æдасдзинад — фæлладуадзæн бынæтты

0
164

Цъæйы комы фысымуæттæ, турбазæтæ æмæ туристон-рекреацион архайдимæ бынæтты хицæуттæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады зынгсирвæзты æмæ æндæр службæтимæ бадзырдтæ куы нæ бафыссой, уæд сæ архайд урæд æрцæудзæн. Ахæм уынаффæ рахастой Æнæнхъæлæджы цаутæ ма ‘руадзыны æмæ иуварс кæныны къамисы æмбырды. Амыдта йæ Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег, æмбырды архайдта сæйраг федералон инспектор Челæхсаты Владимир.

 

Зымæгон хæххон лыжæтыл бырыны туристтæн ахадгæ æдас уавæртæ аразын у тынг ахсджиаг. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады регионалон управленийы хицау Александр Хоружийы ныхасмæ гæсгæ, хæдзариуæггæнæг субъектты хицæуттæ бадзырдтæ нæ бафыстой зынгсирвæзты ныхмæ службæимæ. Цъæйы фæлладуадзæн бынæтты зынгсирвæзты хæдбар къордтæ нæй, бахъуаджы рæстæг сæрмагонд машинæ кæцæй рацæуа, ахæм бынат ын нæй.

Фæлладуадзæн бынаты зынгсирвæзты ныхмæ уавæрæн бæрнон сты Алагиры районы бынæттон хиуынаффæйады администраци æмæ хæдзариуæггæнæг субъекттæ. Томайты Ирбег фæсидт районы разамындмæ, цæмæй фæлладуадзæн бынæтты хицæуттæн уавæр бамбарын кæной. Науæд сæ ныхмæ санкцитæй спайда кæндзысты. «Фæдзурут фæлладуадзæн бынæтты хицæуттæм æмæ сæ бафæрсут, зымæгон афон цы хуызы аразынмæ хъавынц, уымæй. Нæ бон у Прокуратурæмæ фыстæг арвитын, сæ архайд сын бауромдзысты», — фæбæрæг кодта Томайы-фырт.

 

Митын зæйтæ рацæуыны рæстæг æдасдзинады домæнтæ куыд æххæст кæнынц, уый тыххæй радзырдта Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады регионалон управленийы бæрнон кусæг Æлборты Анатоли. Тæссагдзинæдтæ сæвзæрынц Алагиры районы Транскавказаг автомагистралы æмæ Цъæйы турбазæты бынæтты. Зæйты ныхмæ къорды уæнгтæ тæссагдзинæдтæ раиртасынц, æмæ сæ пушкæйы æхстæй рацæуын кæнынц. Фæндаг сыгъдæгæй дарынц, Транскамы ис зæйты ныхмæ галерейтæ.

Хицауады Сæрдары хæдивæг куыд загъта, афтæмæй ирвæзынгæнæг æмæ æндæр службæты тыхтæ базоныны фæдыл тагъд скæндзысты ахуыртæ, Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады управленийы фæрæзты уавæртæ базондзысты. Æмбырды ма Ног азы бæрæгбоны граждæнты æдасдзинады фарстатыл æрдзырдтой. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады регионалон управленийы бæрнон кусæг Асеты Æхсарбег куыд радзырдта, афтæмæй бæрæгбоны рæстæг рахиздзысты службæйы тыхджын хуызмæ. Алы объектмæ дæр фидаргонд уыдзæн министрады кусæг, зынгсирвæзты службæйы специалист.

Дарддæр ма фæбæрæг кодтой, æддагон донæй республикæ зынгсирвæзты ныхмæ куыд ифтонг у, уыцы фарста. Хицæн муниципалон районты разамонджытæ радзырдтой куысты бæрæггæнæнты тыххæй. Томайты Ирбег сæвæрдта, æддагон донæфсисады фарста 2022 азы мартъийы кæронмæ алыг кæныны домæн. Фæсидт, цæмæй хæдзæрттæм бацæуæнты машинæтæ кæрæдзийы фарсмæ æвæрын ма уадзой, зынгсирвæзты ныхмæ службæйы æмæ æндæр сæрмагонд техникæйæн бахъуаджы рæстæг бацæуæн нал вæййы.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here