Коронавирусæй чи сдзæбæх, уыдонæн хъæуы баххуыс кæнын

0
239

Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис бабæрæг кодта санаторитæ «Нæзыхъæды къох» æмæ «Ирыстон». Уыдон 1 декабрæй исын райдайдзысты, коронавирусы низæй чи сдзæбæх, уыцы адæмы. Ахæм у республикæйы Хицауады уынаффæ.

 

Низы фæстиуджытæ 12 боны дæргъы дзæбæхгæнæн мадзæлтты, физиотерапийы, бальнео-хъармцъыфы, дзæбæхгæнæн физкультурæйы, кинезиотерапийы фæрцы иуварс кæндзысты. Уыдзæн дзы психолоджы æххуыс дæр. Дзанайты Барис санаторитæм бацыд йæ хæдивæг Тугъанты Ларисæ, фæллой æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ, æнæниздзинад хъахъхъæныны министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тебиаты Сосланимæ.

Уым æрзылдысты бæстыхæйттыл, «Нæзыхъæды къох»-ы федтой дзæбæхгæнæн кабинеттæ, хæрæндон, фынæйкæнæн агъуыст. Ис дзы 80 сынтæджы. «Коронавирусæй чи фæрынчын, уыдон хъуамæ хæрзхъæд æмæ ахадгæ æххуыс райсой. Фарстамæ йæ хъус дары республикæйы Сæргълæууæг. Цæттæгæнæн хъуыддæгтæм бæрнонæй акæсын хъæуы. Фыццаг рынчынты санаторитæ райсдзысты 1 декабрæй фæстæмæ. Реабилитаци хъуамæ аххæсса фылдæр адæмыл, уыцы фадаты тыххæй адæм хъуамæ зоной», — загъта Дзанайы-фырт.

Хицауады Сæрдар бафæдзæхста æмбарынгæнæн куыст кæнын. Санатори «Ирыстон»-ы куыстæн стыр аргъ скодта, федта сын сæ дзæбæхгæнæн-низиртасæн бæстыхай. Уый æххæст у нырыккон медицинон ифтонггæрзтæй. Аныхас кодта, алыхуызон низты фæстæ реабилитаци чи кæны, уыцы адæмимæ. Санаторийы ис 80 сынтæджы, адæмæн скæнынц низ раиртасыны, дзæбæх кæныны, низы фæстиуджытæ аиуварс кæныны мадзæлттæ.

Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хъуамæ коронавирусы низы фæстæ адæмæн æнæниз цардмæ раздахынæн фадат уа. «Æппæт лæггæдтæ дæр хъуамæ уой бæрзонд æмвæзадыл, адæммæ хъаст кæныны фæнд ма фæзына. Специалисттæ хорз цæттæ сты, нæ зæрдæ ахадгæ æххуысыл дардзыстæм», — загъта Хицауады Сæрдар.

Фидаргонд фæткмæ гæсгæ рынчынтæн низы фæстиуджытæ аиуварс кæнынмæ гæххæтт дæтдзысты поликлиникæйы дохтыртæ. Дарддæр уыцы хыгъдтæ барвитдзысты Фæллой æмæ социалон рæзты министрадмæ. Санаторитæй фæстæмæ программæйы архайы Геронтологон центр дæр.

 

РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы æмæ Хицауады

пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here