Ахуыр комкоммæ уагмæ рахæссыны фæндон

0
169

Ног хæцгæнизæн гæрæнтæ æвæрыны оперативон штабы æмбырд амыдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

 

Эпидемиологон уавæр кæй фæхуыздæр, уый нымайгæйæ, «Роспотребнадзор»-ы регионалон управленийы разамонæг Тыбылты Алан рахаста, уæлдæр ахуыргæнæндæтты студентты 1 декабрæй комкоммæ ахуыры уагмæ раивыны фæндон. «Цæгат Ирыстоны фæрынчын уæвыны ног цаутæ фæкъаддæр сты 6 проценты, ковид-рынчындæттæм æрбацæуыны бæрц дæр у 8 проценты къаддæр. Алы кары дæр ног рынчынтæ къаддæр сты», — загъта Тыбылы-фырт.

Уымæй уæлдай ма, 1 декабрæй банкетон залтæ скусыны фæндон дæр бахаста. Хъуамæ сæ иу рæстæг уа 100 адæймаджы, алкæмæ дæр QR-кодтæ, «ПЦР»-тестытæ æппæрццæг уæвгæйæ, æндæр санитарон-эпидемиологон домæнтæ æххæстгæнгæйæ. Республикæйы Сæргълæууæг сразы ис «Роспотребнадзор»-ы регионалон управленийы хицауимæ.

«Абон республикæйы фæкъаддæр сты ног рынчынтæ, уый федералон æмвæзады дæр загътой. Уыдæттæ нæ къухы бафтыдысты æмбæлгæ мадзæлтты фæрцы, нæ адæм нæ бамбæрстой. Бирæтæ сæ алыхуызон нысангонд хъуыддæгтæ аргъæвтой», — фæбæрæг кодта Сергей Меняйло. Уый ма æххæстгæнæг хицауады оргæнты æргом аздæхта низ ма ‘руадзыны æппæт амынддзинæдтæ æххæст кæнынмæ.

«Роспотребнадзор»-ы регионалон управленийы разамонæгæн бафæдзæхста, цæмæй ног къуырийы райдайæн цæрджытæн тестытæ кæныны хъуыддаг фæтынгдæр кæной. Цæмæй уыдæттæ къухы бафтой, уымæн сæ балхæнын хъæуы автоматон бындурыл лабораторитæ. «Тестытæ цас фылдæр скæнæм, уыйас низджынтæ рагацау сбæрæг уыдзысты. Дзæбæхгæнæн мадзæлттæ дæр уæд раздæр райдайдзыстæм. Базарады уавæр сбæлвырд кæнут, лабораторитæ кæм сæвæрдзыстæм, уый дæр хъуамæ уа зындгонд. Бахъæудзысты æндæр иртасæнтæн дæр, сæ хъомыс нын ахсджиаг у», — загъта Сæргълæууæг.

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады ведомствæйы разамонæг Тебиаты Сослан куыд бацамыдта, афтæмæй Дзæуджыхъæуы 1-аг æмæ 4-æм поликлиникæтæ æрдæгавтоматикон ифтонггæрзтæ лабораторитæм балхæнынæн æхца райстой. Республикæйы Сæргълæууæг ма бафæдзæхста Тагъд æххуысы станцæйы куыст рацаразыны фарстайыл бакусын. Хъуамæ суа хæдбар медицинон кусæндон, рахонын æй хъæуы Тагъд медицинон клиникон рынчындоны бæрнæй.

«Хъуамæ нæхицæн сбæрæг кæнæм, тагъд медицинон æххуысæй куыд пайда кæнгæ у, уый. Дзæуджыхъæуы райсынц адæймаджы куырдиат, рынчын та æххуысмæ Мæздæджы æнхъæлмæ кæсы. Хъуыддаг республикæйы цæрджыты удæнцойæн рацаразæм», — загъта республикæйы Сæргълæууæг. Уымæй дарддæр ма рахаста, оперативон штабы куыстмæ политикон партиты фракциты разамонджытæм, Парламенты Сæрдары хæдивджытæй иумæ фæсидыны фæндон.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here