Бæрæгбоны арфæтæ бирæсывæллонджын мадæлтæн

0
164

Мады боны агъоммæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн фембæлд уыд республикæйы бирæсывæллонджын мадæлты къордимæ.

 

РЦИ-Аланийы разамонæг фембæлды архайджытæн зæрдиаг бузныг загъта, сæ царды сæйрагдæр куыст — сывæллæттæ хъомыл кæныныл иудадзыг æнувыд кæй сты, уый тыххæй.

— Царды, æвæццæгæн, ныййарæг уæвынæй ахсджиагдæр нысан нæй. Мад мах схъомыл кæны, царды раст фæндагыл нæ сæвæры, алкæддæр нæ йæ уды хъармæй батавы, уæлдайдæр та, æххуыс æмæ уынаффæхъуаг куы вæййæм, уæд. Абон нæ æхсызгон фембæлдмæ æрбахуыдтам, йæ цард бинонтæн, сывæллæттæ хъомыл кæнынæн чи снывонд кодта, уыцы бирæсывæллонджын мадæлты къорды. Айсут мæ зæрдиаг арфæтæ Мады бæрæгбоны фæдыл! Уæ цард алкæддæр амондæй хайджын уæд, — загъта Сергей Меняйло.

Уый фæстæ республикæйы Сæргълæууæг кадджын хæрзиуджытæ саккаг кодта æмбырды архайджытæн. Афтæ, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указæй ныййарæджы хæсыл æнувыддзинад æмæ сывæллæтты хъомылады хъуыддаджы удуæлдайдзинад равдисыны тыххæй кадджын ном «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Мад-хъæбатыр» лæвæрд æрцыд Бестауты Изæйæн, Даситы Мæдинæйæн, Джиоты Фатимæ æмæ Дудайты Зæирæйæн.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы Арфæйы фыстæджытæ та райстой Сильвæ Акопян, Светланæ Баркинхоева, Бестауты Иринæ, Дудараты Ритæ, Хъодзасты Альбинæ, Хъуысаты Ритæ, Лазарты Риммæ, Леуанты Динæ, Мзокты Фатимæ, Рубайты Илонæ, Цоциты Майæ, Цæппаты Раисæ, Татьянæ Шабашова æмæ Татьянæ Яндиева.

Зындгонд куыд у, афтæмæй Мады бон Уæрæсейы бæрæг кæнынц ноябры фæстаг хуыцаубоны.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here