Электрон тыхдæттæг станцæ «Цæгатаг Портал» скуыста

0
177

Кæронмæ æрхæццæ электрон тыхдæттæг станцæ «Цæгатаг Портал»-ы рацарæзт. Уыимæ, æххæстгонд æрцыдысты Цæгат Ирыстоны хæххон районты электрон тыхдæттæг хæтæлты рацарæзты куыстытæ.

 

Ивгъуыд къуырийы кæрон дæлстанцæ кадджын уавæры ногæй байгом кодтой. Уыцы æмбырды архайдтой УФ-йы Æдасдзинады советы секретары хæдивæг Рашид Нургалиев, Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис æмæ æндæр кадджын уазджытæ.

«Бындурон рацарæзты фæстæ абон ногæй байгом уыдзæн электрон тыхдæттæг станцæ «Цæгатаг Портал». Уыцы ахсджиаг объекты фæрцы зынгæ фæнывылдæр уыдзæн Хуссар Ирыстоны ифтонгдзинад электрон тыхæй. Ацы объекты рацарæзтмæ йе ‘ххуысы хай æмæ йæ къухы фæллой чидæриддæр бахаста, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр æз бузныг зæгъын», — йæ раныхасы фæбæрæг кодта Дзанайты Барис.

Аразджыты организацийы минæвæрттæ куыд радзырдтой, афтæмæй объекты цалцæгмæ инвестицитæ схæццæ сты 1,3 миллиард соммæ. Станцæйы рацарæзт æмæ электрон тыхдæттæг хæтæлты цалцæджы фæрцы зынгæ фæбæрзонддæр уыдзæн Цæгат Ирыстоны хæххон районты фæлхасгæнджыты электрон тыхæй æфсисад.

«Цæгат Портал» æрбынæттон денджызы æмвæзадæй 2000 метры бæрзæндыл — уый у Уæрæсейы Хуссары æппæты бæрзонддæр бынаты æвæрд ахæм энергетикон объект. Уыцы æууæл аразджыты размæ сæвæрдта уæлдай зындæр хæстæ, фæлæ уыдон, сæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, æппæт куыстытæ дæр афойнадыл æмæ æнаипп хæрзхъæддзинадимæ сæххæст кодтой.

Сæрмагондæй зæгъын хъæуы, электрон тыхдæттæг станцæйы æппæт кусæнгæрзтæ дæр æхгæд бæстыхæйтты кæй æрæвæрдтой, уый. Ахæм уынаффæйы фæрцы станцæ зымæджы уавæрты дæр (ацы бынаты митуарæнты бæрц 2 метрæй фæфылдæр вæййы) æнæкъуыхцыйæ кусдзæн. Уымæй уæлдай, электрон тыхдæттæг станцæйы фарсмæ сарæзтой зæйуромæн къул.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here