Кадрты фарста, бюджетмæ ивддзинæдтæ…

0
178

Республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис амыдта министрты кабинеты æмбырд. Конд æрцыд онлайн-фæткмæ гæсгæ.

 

Фыццагдæр фæбæрæг кодтой кадрты фарстатæ. Уый тыххæй раныхас кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим. Ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæгæй нысангонд æрцыд Мæхъиты Людмилæ, æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министры хæдивæгæй — Хамыхъоты Роберт, Адæмæн куысты бынæттæ дæттыны комитеты сæрдары хæдивæгæй — Эллæ Авакова.

Йæ бадзырды æмгъуыд 1 декабрæй кæронмæ кæй æрхæццæ, уый тыххæй культурæйы министры хæдивæджы бынатæй суæгъд кодтой Дзлиаты Дзерассæйы. Культурон бынтæ хъахъхъæныны æмæ сæ пайда кæныны комитеты сæрдары хæдивæгæй ногæй снысан кодтой Чехойты Людмилæйы.

Министрты кабинет сразы сты, финансон ведомствæйы разамонæг Исахъты Олег сын сæ размæ цы документ рахаста, уыимæ. «РЦИ-Аланийы 2021 азмæ æмæ 2022-2023 азтæн республикон бюджеты тыххæй» закъоны проект домдта ивддзинæдтæ. Исахъты Олег куыд бацамыдта, афтæмæй федералон бюджетæй республикон финансон документмæ æрæрвитдзысты 367,6 милуан сомы. Уыдонæй 311 милуан сомы дихгонд æрцæудзысты коронавирусы хæцгæнизимæ тохæн.

Донæфсисады, донауагъды æмæ къæвдадæтты канализаци саразынæн, горæты фæзуатæй æнæзакъон бырондæттæ аиуварс кæнынæн, Беслæны рæвдауæндон цæмæй скуса, уый тыххæй йын хъæугæ ифтонггæрзтæ балхæнынæн радих кодтой 55,7 милуан сомы. Дарддæр æркастысты æмæ сфидар кодтой 2021 азæн æмæ 2022-2023 азтæн иугонд бюджетон бафыстмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй фарста. Исахъты Олег куыд загъта, афтæмæй хуыздæр муниципалон сконды æркасты уæлахиздзаутæн хъуамæ 27 милуан сомы барвитой.

Нациты ‘хсæн сабырдзинад æмæ разыдзинад фидар кæнын, муниципалон æмвæзады æндæр хъуыддæгтæ саразыны тыххæй фыццаг бынат бацахсыны фæдыл 20 милуан сомы райсдзæн Кировы районы Ираныхъæу. Горæтгæрон районы Ногирыхъæу æртыккаг бынат бацахсыны тыххæй райсдзæн 7 милуан сомы. Фæбæрæг сæ кодтой хъæуккæгтимæ ахадгæ бастдзинæдты, æхсæнадон территорион æмæ бынæттон хиуынаффæйады алы хуызты архайды тыххæй.

Дзанайты Барис куыд бацамыдта, афтæмæй уый у æххуысы хорз фæрæз. «Фæнды мæ районты, хъæуты разамонджыты æргом аздахын ацы æркастмæ, сæрæнæй дзы архайут. Кировы район ныр дыккаг хатт уæлахиздзау ссис. Æппæт документтæ раст æмæ хъуыдыджынæй бацæттæ кæнут, афойнадыл сæ бадæттут, æмæ дзы иттæг хорз бæрæггæнæн райсдзыстут. Муниципалон скондæн уый хорз æххуыс у», —фæбæрæг кодта Дзанайы-фырт.

Хицауады уынаффæмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй уыд йæ раныхас ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæйæн. «РЦИ-Аланийы 2020-2024 азты ахуырады рæзты тыххæй» паддзахадон программæмæ хъæуы ивддзинæдтæ бахæссын. Дæрддзæг уагмæ ахуырдзауты раивгæйæ, хойраджы продукттæй хъуамæ ифтонггонд цæуой райдайæн кълæсты æмæ æвæрæз бинонты сывæллæттæ. Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы хъуыддаг рацыд республикæйы Сæргълæууæгæй, йæхи хорзæй равдыста. Дæрддзæг уагмæ гæсгæ чи ахуыр кодта, уыдон æххуыс райстой.

Хицауады уæнгтæ æркастысты æнæдæр фарстатæм дæр.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here