РЦИ-Аланийы Сæргълæууæгимæ «комкоммæ бастдзинад»: бæлвырд фарстытæн — бæстон дзуаппытæ

0
305

1 декабры Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло национ телеуынынад «Осетия-Ирыстон»-ы комкоммæ эфиры дзуаппытæ лæвæрдта не ‘мбæстæгты фарстытæн. Республикæйы разамонæгмæ фарстытæ æмæ алыхуызон куырдиæттæ бадæттæн уыд, куыд комкоммæ эфиры рæстæг, афтæ рагагъоммæ дæр сæрмагонд телефонтæ æмæ интернет-порталты фæрцы. Æмæ уыцы фадатæй бирæ адæм спайда кодта…

 

«Комкоммæ бастдзинад»-ы линийы рæстæг, стæй уый размæ сæрмагонд колл-центры кусджытæ цы бирæ фарстатæ бамбырд кодтой, уыдонмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, иу равдысты рæстæг æркæсæн нæй. Фæлæ уæддæр æртæ сахатмæ (уый бæрц ахаста «комкоммæ бастдзинад») Сергей Меняйлойæн бантыст дæсгай фарстытæн бæстон дзуаппытæ радтын. Комкоммæ эфиры рæстæг кæй фарстæн нал сфаг, уыцы адæмæй алчидæр йæ куырдиаты фæдыл фæстæдæр æнæмæнг дзуапп райсдзæн — уымæй зæрдæ бавæрдта республикæйы Сæргълæууæг.

Ныр та уал ногæй раздæхæм, Сергей Меняйлойæн республикæйы цæрджытимæ цы ныхас рауад, уымæ. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады уагæвæрды даддæры райрæзт, коронавирусы пандемиимæ тох, экологон уавæр, фæндæгтæ æмæ ахсджиаг социалон объектты арæзтад, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады комплексы аиппытæ, горæттæ æмæ хъæуты фæлгонцад — ацы æмæ иннæ вазыгджын фарстаты фæдыл республикæйы разамонæг йæ хъуыдытæ фæбæлвырд кодта.

Абоны тыхстагдæр фарстатæн сæ иу у коронавирусы пандемиимæ сæвзæргæ уавæр. Ацы хъуыддагимæ бастæй бирæ фарстытæ æрбалæвæрдтой. Сæ иу — QR-кодты фæтк сфидар кæныны тыххæй. Ацы фарстайыл дзургæйæ, Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ныртæккæйы уавæрты QR-кодтæ дæр суыдзысты карз низæфтауæгимæ тохы фæрæзтæй иу.

— Бæлвырд æй æмбарын хъæуы: QR-код адæймаджы низæй нæ хъахъхъæны, уый æрмæстдæр у, бæлвырд адæймагмæ коронавирусы ныхмæ иммунитет кæй фæзынд, уымæн æвдисæн. Уымæй уæлдай, рæстæг куыд æвдисы, афтæмæй, низы ныхмæ вакцинаци чи скодта, уыцы адæмы иу хай кæд фæрынчын вæййы, уæддæр низæй къаддæр æфхæрд баййафынц. Иу хатт ма йæ зæгъын: QR-кодты тыххæй закъонæн уыдзæн æрмæстдæр бæлвырд рæстæгмæ æмгъуыд, — загъта республикæйы разамонæг.

Уыимæ, Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, республикæйы Хицауад æмæ профилон ведомствæты бæрнон кусджытæ дарддæр дæр архайынц æндæр ахадгæ мадзæлттæ аразыныл, цæмæй коронавирусимæ баст сæвзæргæ уавæр карздæр ма кæна. Уыцы мадзæлттæй иу — медицинон туаггуыры заводы арæзтад.

Сергей Меняйло зæрдыл æрлæууын кодта, фæстаг рæстæджы онг республикæйы медицинон кусæндæттæм туаггуыр амалхъом адæймаг кæй ласта, уый. «Уыимæ, туаггуыр заводты æлхæд цыд иу аргъæй, республикæйæн та йæ уæй кодтой бынтон æндæр аргъæй. Уымæй уæлдай, иуæй-иу медицинон кусæндæтты цы туаггуырæфснайæн бæрцуæттæ уыд, уыдонæн дæр сæ хицæуттæ уыдысты хицæн адæймæгтæ», — адарддæр кодта йæ ныхас республикæйы Сæргълæууæг. Ныр фарста лыггонд цæуы Хицауады æмвæзадыл. Афтæ, цалдæр заводимæ цы бадзырдтæ бафыстæуыд, уыдоны бындурыл туаггуыр къуыри цалдæр хатты ласт цæуы республикæмæ. Уымæй уæлдай, медицинон кусæндæтты æфсисад туаггуырæй фæнывылдæр кæныны хъуыддагыл комкоммæ сахаддзæн сæрмагонд заводы арæзтад. Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, уыцы завод аразын райдайдзысты декабры кæрон. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй куыстытæ хъуамæ ахицæн уой 6 мæймæ. Медицинон туаггуыры заводы хъару иу суткæмæ уыдзæн 14 тоннæйы.

Медицинæйы къабазы уавæримæ баст уыд адæмы иннæ фарстыты зынгæ хай дæр. Зæгъæм, комкоммæ эфирмæ телефонæй чи æрбадзырдта, уыцы æрыгон сылгоймаг куыд фехъусын кодта, афтæмæй йæ мад у онкологон рынчын, фæлæ фæстаг æртæ мæйы дæргъы уымæн æмбæлгæ хос «Анастрозол» ссарæн нæй.

Ацы фарстамæ республикæйы разамонæг аздæхта æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тебиаты Сосланы æргом — уый дæр «комкоммæ бастдзинады» фæрцы уыд телеравдысты архайæг. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады ведомствæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, ацы æмæ иннæ хостæ ныридæгæн æлхæд æрцыдысты. Уыцы нысанæн æмбæлгæ фæрæзтæ радих кодта Финансты министрад. Тебиаты Сослан куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй, кæмæн æмбæлы, уыцы адæмæн хостæ дæттынц 17-æм афтечы.

Тебиайы-фырты дзуапмæ байхъусгæйæ, Сергей Меняйло ведомствæйы разамонæгæн бахæс кодта, цæмæй уавæрмæ лæмбыныг æркæса æмæ йæ банывыл кæнынæн æппæт æмбæлгæ мадзæлттæ дæр сараза.

Онкологон æмæ æндæр рынчынтæн хъæугæ хостæ æлхæныны хъуыддаг цæмæй фæкъуыхцы, ууыл дзургæйæ, республикæйы разамонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы азы бюджеты уыцы нысанæн хъæугæ фæрæзтæ æвæрд не ‘рцыд.

«Ныр бахъуыд Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады фонды фæрæзтæй спайда кæнын. Уыимæ, фидæны цæмæй ахæм къуыхцытæй хызт уæм, уыцы нысанимæ фидæн азы бюджеты бавæрдзыстæм хостæ æлхæнынæн хъæугæ фаг фæрæзтæ», — загъта Сергей Меняйло.

Дыгуры районы цæрджытæй иу рæгъмæ рахаста Дигорайы цардархайды хауæццæгты бырондоны рекультивацийы фарста. Хъуыддагмæ йе ‘ргом раздахгæйæ, республикæйы Сæргълæууæг радон хатт фæнысан кодта алфамбылай æрдзы экологон сыгъдæгдзинады бæрзонд ахадындзнад. Йæ ныхасмæ гæсгæ, фыццаградон национ проект «Экологи»-йы фæлгæты республикæ æххæст кæны бæлвырд программæтæ. Уыдонæй иу у «Сыгъдæг бæстæ». Ацы программæйы фæлгæты 2024 азы онг рекультивацийы куыстытæ æххæстгонд æрцæудзысты Алагиры, Æрыдоны, Дигора æмæ Беслæны полигонты. Уыцы бырондæтты бынæттæ асыгъдæг кæнынæн хъæугæ проектон-сметон документаци хъуамæ фидæн азы цæттæ уа. Уыимæ, куыст цæудзæн экологон нывылады æндæр мадзæлттыл дæр.

Сергей Меняйло йе ‘ргом аздæхта, бырæттæмбырдгæнæн контейнертæ республикæйы сæйраг горæты цы бынæтты хъуамæ æвæрд уой, уымæ дæр. «Цардархайды хауæццæгтимæ куыд архайгæ у, уый фæдыл фæтк бæлвырд у. Æрмæстдæр æй хъæуы бæстон æххæст кæнын. Дзæуджыхъæуы администраци æмæ регионалон оператор хъуамæ иумæйаг хъуыдыйæ сбæлвырд кæной: бырæттæмбырдгæнæн контейнертæ цавæртæ уой æмæ кæцы бынæтты æвæрд æрцæуой. Санитарон домæнтæ сæххæст кæнынæй уæлдай, ацы фарста лыг кæнгæйæ, зæрдыл дарын хъæуы адæмы удæнцойдзинад дæр», — бафиппайдта республикæйы разамонæг.

Адæмы иудадзыгдæр цы фарстатæ тыхсын кæны, уыдонæй иу у æхсæнадон транспорты куыст. Уыимæ баст уыд, телефонæй чи æрбадзырдта, уыцы дзæуджыхъæуккаг сылгоймаджы фарст дæр. Сылгоймаг рахъаст кодта, маршрутон такситæм дзæвгар рæстæг æнхъæлмæ кæсын кæй бахъæуы, уымæй. Йæ ныхас комкоммæ уыд 30-æм маршруты куысты тыххæй.

Сергей Меняйло йæ дзуаппы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй республикæйы æхсæнадон транспорты куыст зынгæ рацаразинаг у. Ныртæккæ профилон ведомствæтæ цæттæ кæнынц транспортон хызæджы райрæзты программæ. Уым хыгъд æрцæудзысты æппæт ахсджиаг æууæлтæ дæр: бæлццæтты зилдухад, уынгтæ æмæ фæндæгты техникон æнаипдзинад æмæ афтæ дарддæр. Сæрмагонд æргом здæхт æрцæудзæн, фылдæр бæлццæттæ кæцы бынæттæм æмæ цафон фæцæуынц, иу кæнæ иннæ маршрутæй адæм куыд арæх пайда кæнынц, уыдæттæ. Æппæт уыцы раиртæстыты фæстæ ведомствæтæ хъæугæ ивддзинæдтæ хæсдзысты æхсæнадон транспорты маршрутты номхыгъд æмæ куысты фæткмæ. Уымæй уæлдай, республикæйы Сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, 2022 азы æхсæнадон транспорты техникон фæрæзтæ ивд æрцæудзысты, бæлццæттæн та фæзындзæн билетæн электронон хуызы бафидыны фадат.

Æхсæнадон фæлладуадзæн бынæтты фæлгонцадыл дзургæйæ, Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй фидæн азы фæлладуадзæн рæстæгмæ цалцæггонд æрцæудзæн Дзæуджыхъæуы Жуковскийы номыл парк. «Уыцы бынаты рацарæзты проект ныридæгæн цæттæ у. Уымæй уæлдай, æргом здæхт æрцæудзæн Къостайы номыл Центрон фæлладуадзæн парчы æмæ Терчы былгæрæтты рацарæзты фарстамæ дæр. Ацы æхсæнадон бынæтты цалцæджы проекттыл дæр ныртæккæ куыст цæуы. Фарста æвæрд цæуы, цæмæй фæлгонцгонд æрцæуа Металлургты галуаны алыварс парк дæр, стæй Дзæуджыхъæуы Доны станцæ. Сæрмагонд инвестицион проекты фæрцы рацараздзысты горæты зоопарк дæр», — радзырдта республикæйы разамонæг.

Сергей Меняйло æрлæууыд стадион «Спартачы» рацарæзты фарстайыл дæр. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ацы ахсджиаг спортивон объект ногæй байгом уыдзæн 2022 азы сæрды кæрон — фæззæджы райдайæны.

— Республикон стадионы рацарæзты фарста бынтон хуымæтæг нæ разынд. Райдайæны стадионы рацарæзты проект бацæттæ кодтой дыккаг къорды ахæм спортивон объектты домæнты бындурыл. Фæлæ рæстæг куыд æвдисы, афтæмæй ног «Алани» тырны æппæты бæрзонддæр нысантæм. Уыцы хъуыддагæн æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй не стадион рацарæзт æрцæуа фыццаг къорды спортивон объектты домæнты аккаг. Уыимæ, ахæм домæн ис Уæрæсейы футболон цæдисы уагæвæрды дæр. Афтæмæй бахъуыд «Спартачы» рацарæзты проектмæ зынгæ ивддзинæдтæ бахæссын. Ныртæккæ ног проект лæвæрд æрцыд паддзахадон экспертизæмæ. Уыимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, проекты аргъ зынгæ фæфылдæр уыдзæн, фæлæ ацы фарста ныридæгæн УФ-йы Спорты министрады æмвæзадыл лыггонд æрцыд, — радзырдта Сергей Меняйло.

Республикæйы цæрджытæ Сæргълæууæгмæ цы хъæстытæ æрбалæвæрдтой, уыдонæн сæ зынгæ хай баст уыд сывæллæтты пособитæ фидыны хъуыддаджы къуылымпыдзинæдтимæ. Регионы разамынды центры (ацы структурæйы специалисттæ «комкоммæ бастдзинады» линимæ рагагъоммæ æмбырд кодтой цæрджыты фарстытæ) минæвæртты хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ахæм къуылымпыдзинæдтæ æвзарынц Æрыдоны, Мæздæджы æмæ Рахизфарсы районты цæрджытæ.

Регионы Сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, ацы хъуыддаджы къуылымпыдзинæдтæн сæ сæйрагдæр аххос арæх свæййы чиновникты æбæрнон архайд. «Пособитæ райсыны фæдыл куырдиæттæ чи æрбадæтты, уыцы адæммæ арæх уазалцæстæй ракæсынц, æфсонмæ-æфсæнтты сæ алы рæттæм æрвитын райдайынц. Кæмдæрты та адæмы куырдиæттæ бабирæ вæййынц æмæ сыл специалисттæ нал феххæссынц. Фæлæ кусджыты нымæц фæфылдæр кæнынæн цас бирæ хъæуы? Ацы ран сæйрагдæр у æрмæстдæр ахæм фæтк: чиновникæн йæ куыст хъуамæ уа адæмæн балæггад кæнын. Уыимæ, иуæй-иу хатт афтæ рауайы, æмæ сывæллæтты пособитæ фидынæн нысангонд федералон субсидитæ республикæмæ афойнадыл нæ фæхæццæ вæййынц. Æмæ уæд адæмæн комкоммæ зæгъын фæхъæуы къуыхцыты аххосаг, алыхуызон æфсæнттæ сын нæ кæнгæйæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм пособитæ кæмæн æмбæлы æмæ кæмæн не ‘мбæлы, уый фæдыл алкæцы адæймагæн дæр хъуамæ лæвæрд цæуа бæлвырд æмæ æххæст дзуапп», — бафиппайдта Сергей Меняйло.

Дарддæр республикæйы разамонæг куыд фехъусын кодта, афтæмæй фидæн азы Цæгат Ирыстоны кусын райдайдзысты, адæмæн сæ куырдиæттæ электронон хуызы æрвитæн кæдæм уыдзæн, ахæм сæрмагонд онлайн-сервистæ «Активон адæймаг» æмæ «Нæ горæт». Уыцы фæрæзты фæрцы бæстондæр цæстдард уыдзæн, адæмы алыхуызон куырдиæттæ æмæ хъæстыты фæдыл цы мадзæлттæ арæзт цæуы, уымæ.

Комкоммæ бастдзинады фæрцы республикæйы Сæргълæууæгмæ сæ фарст бадæттыны фадат фæци РЦИ-Аланийы Национ музейы Мæздæггаг филиалы кусджытæн дæр. Филиалы директор Челдыты Симæ куыд радзырдта, афтæмæй музейы бæстыхайæн раивын хъæуы йæ сæр. Уымæй уæлдай, экспозицион бæстыхæйттæ дæр фаг не сты — музеимæ иу агъуысты æрбынæттон районы ЗАГС дæр.

Фарстæн дзуапп дæтгæйæ, Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй музейы цалцæджы фарста лыггонд æрцæудзæн. «Уымæй уæлдай, мæ хъуыдымæ гæсгæ, Мæздæг аккаг у, цæмæй дзы арæзт æрцæуа Къайады галуан. Уыцы хъуыддагыл æрдзурдзынæн районы сæргълæууæгимæ. Ныртæккæ ЗАГС цы фæзуат ахсы, уый та ратдзыстæм музейæн», — загъта Сергей Меняйло.

Уыцы бон комкоммæ бастдзинады фæрцы фембæлды чи архайдта, уыцы бæрнон кусджытæй иу уыд Мæздæджы районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Олег Яровой дæр. Уымæн комкоммæ эфиры бæлвырд амынддзинæдтæ лæвæрд æрцыд фидæны Къайады галуанæн зæххы хай бацагурыны, стæй æндæр организацион фарстатæ алыг кæныны фæдыл.

Уымæй уæлдай, Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, Къайады галуан арæзт æрцæудзæн Дзæуджыхъæуы дæр.

Мæздæг æмæ иннæ районты цæрджытæ республикæйы Сæргълæууæгмæ радтой бирæ æндæр фарстытæ дæр. Æмæ алкæцы куырдиат æмæ фарстайæн дæр Сергей Меняйло бацархайдта бæстон дзуапп радтыныл…

 

Афæлгæст бацæттæ кодта Сланты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here