Пандемийы ныхмæ мадзæлттæ хъæуы æххæст кæнын

0
128

Цæгат Ирыстоны ног коронавирусы инфекци æрбахæссыны æмæ ахæлиу кæныны ныхмæ архайæг Оперативон штабæн уыд радон æмбырд, сæрдариуæг дзы кодта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Дзанайты Барис.

 

 

“Росздравнадзор”-ы РЦИ-Аланийы разамонæг Ольгæ Давыдова фехъусын кодта, зæгъгæ, абоны онг республикæйы рычындæтты сынтæджыты фонд фæкъаддæр 160 бынаты æмæ ныртæккæ сæ нымæц у 1108, уыдонæй уæгъд сты 400. Рынчындæтты хуыссы 874 адæймаджы.

30 ноябрæй 7 декабрмæ вакцинаци скодтой 6425 адæймаджы. Декабры фыццаг æмбис биологон хос «Левилимад» республикæ райсдзæн 200 флаконы, афæдзы кæронмæ та ма æнхъæлмæ каст цæуы хос «Метилпреднизолон» 5300 флаконы райсынмæ.

Республикæйы Фæллой æмæ социалон рæзты министрады минæвар фехъусын кодта, зæгъгæ, абоны онг санаторитæ «Ирыстон», «Нæзы къох», стæй республикæйы геронтологон центры се ‘нæниздзинад фидар кæнынц, ног коронавирусы инфекцийæ рынчын чи уыд, ахæм 95 адæймаджы.

Æмбырды ма ныхас цыд сывæллæтты ‘хсæн рынчынтимæ баст уавæрыл. Афтæ, Республикæйы сывæллæтты клиникон рынчындоны сæхи дзæбæх кæнынц 42 адæймаджы. Уæззау уавæры цы дыууæ сывæллоны уыд, уыдон фæдзæбæхдæр сты. Æдæппæт республикæйы GOVID-19 диагноз равдыста 218 сывæллонæн.

— Республикæйы ног коронавирусы инфекцийæ рынчынты уавæр кæд фæхуыздæр æмæ сæ нымæц къаддæр кæны, уæддæр фыднизы ныхмæ архайд лæмæгъдæргæнæн нæй. Пандемийы ныхмæ мадзæлттæ хъæуы дарддæр кæнын, уæлдай æргом та здахын хъæуы 60 азæй хистæр адæймæгтæм, — загъта Оперативон штабы æмбырды кæронбæттæны Дзанайты Барис.

Нæ уацхæссæг.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here