Уататы Бимболаты кадæн

0
242

Таджикистаны культурæйы кусджыты делегаци Уæрæсейы адæмон артист Уататы Бимболаты рухс ном ссардта.

 

Цæгат Ирыстоны Культурæйы министрады пресс-службæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, уазджытæ Дзæуджыхъæуы Намысы аллейы æрбынæттон уæвæг театр æмæ кинойы зындгонд артисты цыртдзæвæныл дидинджытæ сæвæрдтой.

— Адæймаг у дзыллæты хæзна, зæгъгæ, афтæ зæгъæн уыд Уататы Бимболаты тыххæй. Бимболаты ном канд ирыстойнæгтæй нæ, фæлæ таджикæгтæй дæр рох кæй нæу, уый мын æхсызгон у. Таджикистаны культурæйы кусджытимæ аныхас кодтам. Балцы нæм æрбацæуæг таджикæгтæ Бимболаты ном кæй ссардтой, уый тыххæй сын — бузныг, — загъта нæ республикæйы культурæйы министры хæдивæг Маркос Хачатурянц.

1969-1975 азты Уататы Бимболат уыд киностуди «Таджикфильм»-ы актер. Аивадуарзджытæ Фирдоусийы эпикон поэмæ «Шахнаме»-мæ гæсгæ ист аивадон киноныв «Сказание о Рустаме»-йы Рустамы рол иттæг дæсны ахъазæг Бимболаты бахъуыды кодтой.

Уатайы-фырт ссис Таджикты ССР-йы Рудакийы æмæ Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премиты лауреат, радтой йын кадджын ном «Адæймаг — Уæрæсейы дзыллæты хæзна».

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here