Æрдзырдтой ахсджиаг фарстатыл

0
213

Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис æнæниздзинад хъахъхъæнынады фарстатыл æрныхас кодта æнæштатон специалисттимæ.

 

Архайдтой дзы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Реутов, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тебиаты Сослан, министрады æнæштатон специалисттæ, Медицинон академийы æмæ Медицинон колледжы разамынд. Æмбырды райдæйæны Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй ахæм фембæлд раджы хъуыд скæнын. Ныр дыууæ азы ног хæцгæнизимæ цы тох цæуы, уый равдыста дохтырты цæттæдзинад, медицинон ведомствæйы фидардзинад.

Медицинон кусджытыл æрæнцад уæззау хæс, алы гæнæнтæй пайда кæнынц, сæ бон цы у æмæ цы нæу, уыдæттæй, коронавирусæй рынчынты сдзæбæх кæныныл кусынц. Фæлæ тæссаг инфекци рабæрæг кодта лæмæгъдзинæдтæ, ныртæккæ сæ хъæуы аиуварс кæнын. Республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады уавæр фæхуыздæр кæныныл хъæуы бацархайын.

«Абон мæ сымахæй фæнды фехъусын, ацы зын уавæрæй цы хуызы ис рахизæн, уый. Сымах стут фæлтæрдджын, арæхстджын специалисттæ, уынут, цалцæг кæнæм медицинон кусæндæттæ, ногтæ аразæм, сæ ифтонгадыл кусæм. Нæ медицинон кусджытæ æппæт гæнæнтæй дæр пайда кæнынц. Республикæйы разамынд цæттæ у æнæниздзинад хъахъхъæнынады уавæр фæхуыздæр кæнынмæ, æмбæлгæ æххуыс кæнынæн уавæртæ саразынмæ», — фæбæрæг кодта Дзанайы-фырт.

Медицинон æмæхсæнады минæвæрттæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй пандеми рацарæзта æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæт къабаз, коронавирусæй сæйæг адæмы дзæбæх кæнынмæ йæ раздæхта. Сынтæджытæ, кадртæ лæвæрд сты ацы низæй рынчынтæн, медицинæйы иннæ фæзындтытæ баззадысты æнæ цæстдардæй. Сæйраг æнæштатон кардиолог Туаты Ирмæ куыд бацамыдта, афтæмæй æнæ æххуысæй баззадысты зæрдæйы низтæй сæйæг адæм. Сæ хæдзæртты сæхи дзæбæх кæнынц. Хъуамæ нæм хицæн бæстыхайы фæзына дадзинтæ дзæбæхгæнæн центр.

Зындгонд хирург Тотыккаты Валерийы ныхасмæ гæсгæ, хирургон æххуыс фæтыхджындæр кæнын хъæуы. Хъуамæ фæзына, нырыккон ифтонггæрзтæй æмæ дæсны специалисттæй цæттæ чи уа районты ‘хсæн ахæм центр, зæгъæм, Æрыдоны æнтыстджынæй кусæг травматологийы хайады хуызæн. Хъуамæ бындуронæй рацаразой инфекцион, эндокринологийы, гинекологийы низтæ дзæбæхгæнæн къабæзтæ, медицинон æххуысы æмвæзад фæбæрзонддæр кæнгæйæ.

Медицинæйы риссагдæр фарстатæй иу у дæсны кусджыты фарста. Уымæ æмбырды архайджытæ стыр æргом аздæхтой. Сæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм специалисттæ республикæйы бирæ рæстæг нæ баззайынц, ацæуынц æндæр рæттæм. Ам сæ мызд æгæр ныллæг у, Уæрæсейы рынчындæтты 2-3 хатты фылдæр райсынц. Ацы фарста, дохтыртæн социалон мадзæлттæ сын скæнгæйæ, уæлбар цæрæнуæттæ ратгæйæ, алыг кæнæн ис.

«Ацы ахсджиаг фарстатæ алыг кæнæн ис уæ фæлтæрддзинады фæрцы, стут зонындзинæдты хицæуттæ. Уæ фæндæттыл бакусут æмæ сæ Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадмæ бадæттут. Мах уыдæттæ банымайдзыстæм, медицинон къабазы рæзтыл фæзындзысты», — загъта Хицауады Сæрдар.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады пресс-службæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here