«Барбашовы фæз»-ы — мозаикон панно

0
184

Знон РЦИ-Аланийы Хицауады хæдзары ацыд видео-бастдзинады конференци. Уый арæзт æрцыд, комплекс «Барбашовы фæз»-ы кадджын уавæры ног мозаикон панно кæй байгом, уый фæдыл. Цæгат Ирыстоны цæрджытæн мозаикон панно балæвар кодтой Советон Цæдисы Хъæбатыр Петр Барбашовы райгуырæн бæстæ Новосибирскы облæсты цæрджытæ.

 

Конференцийы архайдтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, РЦИ-Аланийы мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков, 58-æм Æфсады командæгæнæг Михаил Зусько æмæ РЦИ-Аланийы Ветеранты советы сæрдар Фриаты Хъазыбег.

Видеобастдзинады фæрцы конференцийы архайдтой Новосибирскы облæсты губернатор Андрей Травников, регионы Закъонæвæрынады æмбырды сæрдар Андрей Шимкив, 41-æм Æфсады командæгæнæг, инæлар-лейтенант Сергей Рыжков, Мидхъуыддæгты министрады разамонæг, пъæлицæйы инæлар-лейтенант Андрей Кульков æмæ ветеранты æхсæнадон организацийы сæрдар Виктор Леонов.

Сергей Меняйло видеобастдзинады фæрцы арфæ ракодта Новосибирскы облæсты конференцийы архайджытæн æмæ облæсты æппæт цæрджытæн дæр æмæ загъта:

— Нæ республикæйы цæрджытæн æмæ уазджытæн хорз зындгонд у гом арвы бын мемориалон комплекс-музей «Барбашовы фæз». Ам 1942 азы фæззæджы уæззау тох æрцыд. Немыцаг фашисттæ сфæнд кодтой Кавказ бацахсын. Лæбурдтой Грозна æмæ Бакуйы нефтмæ. Æрмæстдæр æппæт советон адæмы хъæбатырдзинады фæрцы Дзæуджыхъæуы бынмæ дæрæнгонд æрцыдысты немыцаг æфсæдтæ. Хæсты рæстæг сыбыраг лæппу Петр Барбашов знаджы дзот йæ риуæй бамбæрзта. Махæн нæ хæс у, Фыдыбæстæ чи бахъахъхъæдта, уыдоны хъæбатыр сгуыхтдзинæдтæ зæрдыл дарын æмæ сæ кæстæр фæлтæртæн дзурын. Æхсызгон нын у, Сыбыры цæрджытæ дæр се ‘мзæххон Хъæбатырты, æндæр регионты ныгæд чи æрцыд, уыдоны кæй нæ рох кæнынц, уый.

Цæгат Ирыстоны цæрджытæй Хæстон-мемориалон комплекс «Барбашовы фæз» чи нæ зоны, ахæм стæм разындзæн. Уый у, горæт Дзæуджыхъæу немыцаг фашисттæй чи бахъахъхъæдта, уыдоны номарæн. Се ‘хсæн уыд Новосибирскы облæсты цæрæг Советон Цæдисы Хъæбатыр Петр Барбашов дæр. Уый знаджы дзот йæ риуæй бамбæрзта, цæмæй йе ‘мбæлттæн размæ абырсынмæ фæндаг радта. Йæ хъæбатыр сгуыхтдзинад куы равдыста æмæ куы фæмард, уæд ыл цыд, æрмæстдæр 23 азы.

Ацы комплекс-музей кæд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ арæзт æрцыд, уæддæр ыл абон дæр ма куыст цæуы. Фæстаг азты йæ фæзуат фæуæрæхдæр.

2018 азы дзы арæзт æрцыд, Цæгат Ирыстоны чи райгуырд æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Советон Цæдисы Хъæбатыры ном чи райста, уыдоны номыл Аллей. Æвæрд дзы æрцыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи архайдта, ахæм хæстон техникæ.

2019-2020 азты РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрад дзы республикæйы цæрджыты æххуысæй сарæзта ног хæстон-патриотон проект — «Великая Победа в лицах». Уым ис, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи архайдта, уыдоны 90 мин хуызистæй фылдæр.

2021 азы та йыл бафтыд ног историон-информацион комплекс — «Хъайтары аккаг сгуыхт». Уым ис, Ирыстоны чи райгуырд, йæ хæстон сгуыхтдзинады тыххæй Советон Цæдисы Хъæбатыры ном кæмæн снысан кодтой, фæлæ цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ лæвæрд кæмæн не ‘рцыд, ахæм 73 хæстоны.

— Махæн Цæгат Ирыстонимæ ис рагон хæлар ахастдзинæдтæ. Ноджы ма нæ æнгом кæны не ‘мзæххон Петр Барбашовимæ баст хæстон истори. Петр Барбашов райгуырд Новосибирскы облæсты Большой Сюганы хъæуы. Уырдыгæй ацыд Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ. Æхсызгон нын у, не ‘мзæххоны сгуыхтдзинад Ирыстоны адæм абон дæр кæй нæ рох кæнынц æмæ йын кад кæй кæнынц, уый, — арфæ ракæнгæйæ загъта Андрей Травников.

Хъойбайты Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here