Культурæйы удварны хæзнатæм — фылдæр цæстдард

0
219

 

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыд Культурæйы удварны хæзнатæ хъахъхъæнын æмæ сæ пайда кæныны комитеты ног сæрдар Гæлуаты Ацæмæзимæ.

 

Ныхасы архайджытæ сæйраг æргом аздæхтой, республикæйы фæзуатыл цы культурæйы удварны хæзнатæ æрбынæттон, уыдоны ног æххæстдæр номхыгъд саразыны фарстамæ.

Республикæйы разамонæг комитеты сæрдарæн бахæс кодта, цæмæй, бынæттон хиуынаффæйады оргæнтимæ æмархайд кæнгæйæ, ведомствæ фыццаджы-фыццагдæр сараза Дзæуджыхъæуы историон тæлмы уæлдай хъахъхъæнинаг объектты паспорттæ. Уыимæ, сæрмагонд мадзæлттæ саразын хъæуы уыцы бæстыхæйтты абоны уавæр раиртасынæн, стæй сæ бахъахъхъæнынæн.

Фембæлды рæстæг куыд загъдæуыд, афтæмæй республикæйы абоны онг сæрмагонд уагæвæрды бындурыл регистрацигонд æрцыд культурæйы удварны хæзнаты 406 объекты (уыдонæй 205 сты федералон нысаниуæджы объекттæ). Уымæй уæлдай, специалисттæ культурæйы удварны хæзнаты номхыгъдмæ бахæссынвæнд кæнынц 1320 объектæй фылдæр.

Ныхасы архайджытæ се ‘ргом аздæхтой æндæр ахсджиаг фарстатæм дæр.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here