Ног машинæтæ —удæнцойадæн

0
278
SONY DSC

Лæгмæ фыдбылыз кæцæй кæсы, уый ничи зоны. Иугæр бæллæх куы æрцæуа, уæд та йæ аиуварс кæнынæн мадзæлттæ арын хъæуы, æмæ ахæм рæстæг сæ фарсмæ балæууынц хионтæ, дохтыртæ, паддзахад.

 

Хетæгкаты Вячеслав 1992 азы куыста агропромы къабазы, арæзтæдтæм ласта хъæугæ æрмæг, ифтонггарз. Куысты фæдыл ацыд Кæсæджы республикæмæ. Йæ «Москвич»-ы размæ фæндагмæ рагæпп кодта уæзласæн машинæ, æрцыд фæндагон фыдбылыз. 32-аздзыд ирон лæппуйы æвæстиатæй рынчындонмæ аскъæфтой.

— Аирвæзын æнхъæл мын ничиуал уыд, мæрдтимæ мæ банымадтой, уыйбæрц цæфтæ уыдтæн, фæлæ мæ горæт Зольскы рынчындоны, стæй та — Ирыстоны дохтыртæ, гыццылгай мæ къæхтыл слæууын кодтой. Стыр бузныг дæн се ‘ппæтæй дæр, уæлдайдæр та Кудзаты Хъазыбегæй, рæуджыты рынчындоны дохтыртæй, — зæгъы Вячеслав, Михайловскы хъæуы цæрæг, II къорды инвалид.

Знон та йæ сиахс Танделаты Иналимæ æрбацыд Социалон фæдзæхстады фонды цæгатирыстойнаг управленимæ. Ам, Хетæгкаты Вячеслав æмæ ма ноджы цыппар адæймагæн радтой ног «Ладæ-Гранта»-йы. Се ‘ппæт дæр, алы азты уæззау низтæ райстой сæ куысты рæстæг.

Машинæтæ хуымæтæг не сты. Иууылдæр арæзт сты сæ ног хицæутты уавæртæм гæсгæ, кусынц автоматикæйы хуызы, ис дзы кондиционертæ. Иу ахæм машинæйы аргъ у 584,7 мин сомы, иумæйагæй та сыл бахардз кодтой 2,93 милуан сомы.

Урс-урсид машинæтæ рæгъы ралæууыдысты, фонды кусджытæ сæ саив кодтой банттæ æмæ алыхуызон шартæй.

Æрмæстдæр арфæйы ныхæстæ дзырдтой ахæм æхсызгон æмæ хъæугæ лæвары тыххæй сæ ног хицæуттæ. Сæ циныл бацин кæнынмæ æрбацыдысты РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивджытæ Æгъуызарты Мурат, Тугъанаты Ларисæ, РЦИ-Аланийы фæллой æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ, нæ республикæйы сæйраг федералон инспектор Челæхсаты Владимир.

— Социалон фæдзæхстады фонд дарддæр æххæст кæны йæ размæ æвæрд хæстæ. Æхсызгон нын у, иу азæй иннæмæ машинæты хæрзхъæддзинад хуыздæр кæй кæны, —загъта регионалон Фонды разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Богъаты Зæлинæ.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ, машинæ радтын кæмæн æмбæлы, уыдоны номхыгъды ис 1124 адæймаджы. Фыццаджыдæр, йæ астæуыстæг, йæ уæнгтæ хъыгдард кæмæн баййæфтой куысты рæстæг кæнæ та профессион низ чи райста, уыдон.

Машинæ ивынц алы авд азы дæр. Æдæппæтæй Социалон фæдзæхстады регионалон фонд 2011 азæй нырмæ балæвар кодта 140 ног машинæйы.

 

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here