Бузныг — амалхъомады къабазы минæвæрттæн

0
192
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн Ног азы къæсæрыл фембæлд уыд республикæйы амалхъомады æхсæнады минæвæрттимæ. Центр «Мæ бизнес»-мæ фæхуыдтой, 2021 азы дæргъы республикæйы дарддæры социалон-экономикон райрæзтмæ стыр æвæрæн чи бахаста, уыцы чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомадон компаниты разамонджыты.
Республикæйы разамонæг стыр аргъ скодта, къабазы минæвæрттæ Цæгат Ирыстоны дарддæры размæцыдыл иудадзыгдæр кæй архайынц, республикæйы цард фæхуыздæр кæныныл зæрдиагæй кæй кусынц, уымæн.
— Цæгат Ирыстоны бизнесы къабазы кусджытæн арфæ кæнын, социалон-экономикон райрæзты фарстатыл иузæрдион кæй сты, уый тыххæй. Фæстаг дыууæ азы дæргъы амалхъомадон компаниты уæззау уавæрты кусын кæй бахъуыд, коронавирусы пандеми æппæт экономикон архайдыл дæр æвзæрæрдæм кæй фæзынд, уый не ‘ппæтæн дæр хорз зындгонд у. Фæлæ ахæм уавæрты дæр сымахмæ ныфс æмæ хъару разынд, цæмæй уæ архайд ма фæкъуыхцы уа, цæмæй уæ дарддæры нысантæн фидар бындур уа. Нырыккон экономикæйы райрæзты сæйрагдæр рахæцæнтæй иу у амалхъомад. Уыцы æууæл хынцгæйæ, паддзахад ацы къабазы дарддæры райрæзтæн аразы аудæн мадзæлттæ. Махæн дæр нæ сæйрагдæр нысантæй иу у амалхъомады къабазы фарсмæ балæууын, йæ архайды йын ахадгæ æххуыс кæнын, — йæ ныхасы фæбæрæг кодта Сергей Меняйло.
Уый фæстæ Сергей Меняйло фембæлды архайæг 35 куыстуаты разамонæгæн саккаг кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Арфæйы фыстæджытæ.
Уымæй уæлдай, фембæлды рæстæг сбæрæг сты социалон амалхъомады проектты æппæтуæрæсеон конкурсы регионалон къæпхæны уæлахиздзаутæ дæр. «Амалхъомады райрæзты центры», «ТоматисАлания», «Фæндыр» æмæ иннæ чысыл куыстуæтты миæвæрттæ райстой конкурсы дипломтæ.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here