Фæлладуадзæн бынæтты рацарæзт, бæхты театр «Нарт»-ы дарддæры райрæзт æмæ æндæр ахсджиаг проекттæ

0
183

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло къуырисæры хицаудзинады æххæстгæнæг оргæнтæ æмæ бынæттон муниципалитетты разамонджытæн цы аппаратон æмбырд сарæзта, уым ныхас рауад ахсджиаг республикон проекттæ æххæст кæныныл, стæй æрвылбоны царды æндæр фарстатыл.

 

Фембæлды архайджытæ се ‘ргом аздæхтой Дзæуджыхъæуы æхсæнадон фæлладуадзæн бынæтты рацарæзт æмæ фæлгонцады хъуыддагмæ. Цалцæджы проекттæ æххæстгонд кæм цæудзысты, уыцы объектты номхыгъды сты Хетæгкаты Къостайы номыл Центрон фæлладуадзæн парк, В.А.Жуковскийы номыл парк, Терчы былгæрæттæ æмæ Доны станцæ. Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Томайты Хъазыбег куыд радзырдта, афтæмæй уæлдæр амынд объектты рацарæзты тыххæй ныртæккæ цæттæ кæнынц æппæт хъæугæ документаци дæр.

Фарстайæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Сергей Меняйло горæты администраци æмæ иннæ профилон ведомствæты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй æнæкъуыхцыйæ ахицæн кæной æппæт организацион-цæттæгæнæн куыстытæ дæр. Уый фадат ратдзæн, цæмæй горæтæгты уарзондæр фæлладуадзæн бынæтты рацарæзт райдайа, куыд гæнæн ис, афтæ раздæр.

— Зæгъæм, Доны станцæйы рацарæзты фыццаг къæпхæн хъуамæ ахицæн уа сæрдыгон фæлладуадзæн сезоны райдайæнмæ. Уыцы æмгъуыдмæ хъуамæ æххæстгонд æрцæуой В.А. Жуковскийы номыл парчы цалцæггæнæн куыстытæ дæр. Терчы былгæрæттæ цалцæг кæнынмæ та бавналын хъæудзæн уалдзæджы райдайæнимæ, — фæнысан кодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.

Æппæт уыцы мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуой, уымæ комкоммæ цæстдард уыдзæн РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Бокоты Эльбрусы ‘рдыгæй.

Æмбырды архайджытæ дарддæр æркастысты, тематикон фæлладуадзæн бынат «Алания парк»-ы арæзтад куыд цæуы, уымæ дæр. Сергей Меняйло Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы республикон министрады разамындæн бахæс кодта, цæмæй цыбырдæр æмгъуыдтæм Хъæды федералон агентады æмвæзадыл сфидар кæна парчы проект. Уыимæ, иннæ ведомствæтæ æмæ подрядчиктæн цы куыстытæ бакæнын æмбæлы, уыдон дæр афойнадыл æххæстгонд цæуынц. Зæгъæм, канатон фæндаг æмæ парчы сæйраг аттракционы техникон ифтонггæрзтæ ныридæгæн сты бынаты. Хæстæгдæр рæстæг сæрмагонд бригадтæ уыцы техникон фæрæзтæ æмбырд кæнын райдайдзысты. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй парчы инфраструктурæйы объектты иу хай сæрды райдайæнмæ йæ бынаты æвæрд æрцæудзæн.

Культурæйы объектты уавæрыл дзургæйæ, Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй бæхты театр «Нарт»-ы лыггæнинаг фарстатæ аиуварс кæныныл фаг архайд нæ цæуы. Афтæмæй та ацы хъуыддагæн республикон бюджет сæрмагонд фæрæзтæ радих кодта. Республикæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, Культурæйы министрад абоны онг нæма бацæттæ кодта театры рацарæзты фæдыл техникон хæслæвæрд. Уыцы документ цæттæ кæй нæу, уымæ гæсгæ та Арæзтад æмæ архитектурæйы министрадæн фадат нæй æмбæлгæ конкурсон процедурæтæ райдайынæн. Республикæйы Сæргълæууæг культурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Къубалты Эльбрусæн бахæс кодта, цæмæй къуырийы кæронмæ æрбадæтта театры рацарæзты проектмæ техникон домæнты фæдыл документ.

Аппаратон æмбырды архайджытæ æрдзырдтой республикæйы æрвылбоны царды æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here