Æппæтфадатджын цæрæнуæттæ — сидзæр сывæллæттæн

0
189

Цæгат Ирыстоны дарддæр архайынц сидзæр æмæ æвæгæсæгæй баззайæг сывæллæттæн цæрæнуæттæ дæттыныл. Дзæуджыхъæуы Хæдарцаты Аслæнбеджы уынджы хæдзæрттæй иуы кæрты æндæрæбон цы кадджын æмбырд сарæзтæуыд, уым дæр сæ ног фатерты дæгъæлтæ радтой 11 сидзæрæн.

 

Æппæтфадатджын фатерты ног хицæутты къордæн (11 адæймагæн) арфæтæ ракодтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивджытæ Тугъанаты Ларисæ æмæ Бокоты Эльбрус, фæллой æмæ адæмы социалон хъахъхъæнынады министр Айдарты Алинæ æмæ арæзтад æмæ архитектурæйы министр Милдзыхты Аслан.

Хæдзары ног цæрджытæн сæ фатерты дæгъæлтæ байуаргæйæ, Тугъанаты Ларисæ фæбæрæг кодта: «Алкæцы адæймаджы царды дæр æрцæуы бирæ ахсджиаг цаутæ. Хи цæрæнуаты хицау суæвын дæр ахæм цау у. Зонæм æй, хи цæрæнуат райсынмæ рагæй кæй æнхъæлмæ кастыстут, уый. Æмæ уый хыгъд уæлдай æхсызгондæр у абоны бæрæгбон».

Хицауады Сæрдары хæдивæг йæ раныхасы куыд фæнысан кодта, афтæмæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло республикон профилон ведомствæты размæ цы ахсджиаг нысантæ æвæры, уыдонæн сæ вазыгджындæртæй иу у сидзæр æмæ æвæгæсæгæй баззайæг сывæллæттæн афойнадыл фатертæ дæттыны куыст.

Тугъанаты Ларисæйы ныхасмæ гæсгæ, ацы мæйы кæронмæ ма ноджыдæр 54 сидзæры райсдзысты сæ ног фатертæ. Профилон ведомствæйы минæвæрттæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй 2021 азы адæмы ацы къорды минæвæрттæн æлхæд æрцыд 75 цæрæнуаты.

Ацы хатт та уал ног фатерты амондджын хицæуттæ фембæлды архайджыты фæхуыдтой сæ ног бынæттæм. Зæгъæм, Мæлтызаты Ольгæйæн радтой æппæтфадатджын æмæ уæрæх иууатон фатер. Ныридæгæн дзы конд æрцыдысты цалцæггæнæн куыстытæ, газы пец æмæ хъармгæнæнтæ дæр æвæрд æрцыдысты…

— РЦИ-Аланийы Хицауады уæнгтæн арфæ кæнæм ахæм рæдау лæвары тыххæй. Ахæм цæрæнуаты хицау суæвынмæ рагæй бæллыдтæн æмæ абон мæ фæнд сæххæст, — фæбæрæг кодта Ольгæ.

Фæллой æмæ адæмы социалон хъахъхъæнынады министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, адæмы ацы къордæн фатертæ дæттыны номхыгъды нырма ис 1400 адæймаджы. Æмæ æппæт уыцы адæм къæпхæнгай ифтонг цæудзысты æмбæлгæ цæрæнуæттæй.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here