Цæугæдæтты былтæ фæфидардæр кæндзыст

0
188

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы амынддзинадмæ гæсгæ, республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис Мæскуыйы фембæлд Доны фæрæзты федералон агентады разамонæджы хæдивæг Наталия СологубимÆ. Ныхасы архайджытæ се ‘ргом аздæхтой Цæгат Ирыстоны иуæй-иу цæрæн бынæттæ донивылдтытæй бахъахъхъæныны фарстамæ.

 

Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ æрæджы УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Виктория Абрамченкоимæ фембæлды рæстæг ацы фарста рæгъмæ рахаста Сергей Меняйло. Уæд Виктория Абрамченко фарстамæ æркæсыны фæдыл бæлвырд амынддзинæдтæ радта Доны фæрæзты федералон агентады разамындæн.

Æмæ ныр ацы фембæлды федералон агентад æмæ республикæйы минæвæрттæ хъуыддагыл бæлвырддæр æрдзырдтой. Ныхас цæуы Ирыстоны æртæ цæрæн бынатыл — Дзуарыхъæу, Суадаг æмæ Ногхъæуыл. Уыцы хъæутæ æрбынæттон сты Фыййагдон, Суадагдон æмæ Хайдоны былгæрæттыл. Уалдзыгон рæстæг цæугæдæттæ бахъыгдарынц цæрæн хæдзæрттæ (донивылдтытæй тæссаг бынæтты ис 200 хæдзарæй фылдæр, цæргæ та сæ кæнынц 800 адæймаджы бæрц).

Уыцы хæдзæрттæ донивылдтытæй сæдас кæнынæн ахъаз уыдзысты цæугæдæтты былгæрæттæ фæфидардæр кæнæн куыстытæ. Уыимæ, амынд цæугæдæтты былгæрæттыл хъæугæ куыстытæ бакæныны проектон-сметон документаци ныридæгæн у цæттæ, паддзахадон экспертизæйы специалисттæ дæр проекттæ хорзыл банымадтой. Æппæт организацион фарстатæ дæр афойнадыл лыггонд куы æрцæуой, уæд, гæнæн ис, æмæ куыстытæ ацы аз райдайой.

— Хæххон цæугæдæтты былгæрæттæ фæфидардæр кæныны куыстытæ нæ республикæйæн ахсджиаг сты. Зæгъæм, ацы проекты фæрцы уæлдæр амынд æртæ хъæуы цæрджыты хæдзæрттæ хъыгдард нал æййафдзысты. Æмæ фарста алыг кæнынæн æппæт фадæттæй дæр спайда кæнын хъæуы. Махæй цы аразгæ уыд, æппæт уыцы куыстытæ афойнадыл сæххæст кодтам. Æппæт хъæугæ документаци ныридæгæн ис федералон ведомствæты. Ацы фарстайы фæдыл Доны фæрæзты федералон агентады разамындимæ дæр иу хъуыдымæ æрцыдыстæм, — фембæлды фæстæ фæбæрæг кодта Дзанайты Барис.

Ныхасы архайдта Доны фæрæзты федералон агентады дæлхайады разамонæг Дмитрий Савостицкий дæр.

 

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here