Æрыгæттæн — ног ерыстæ

0
238

Уæрæсейы, Цæгат Кавказ æмæ Хуссайраг федералон зылдты футболон цæдисты иумæйаг уынаффæмæ гæсгæ 2022 азæй фæстæмæ æрыгон футболисттæн арæзт æрцæудзысты ног ерыстæ.

 

Уыцы ерыстæ цæудзысты дыууæ федералон зылды 1-аг бынат бацахсыныл. Фыццаг аз ерысты архайдзысты 15 азы кары футболисттæ. Уый фæстæ азты ма хъуамæ ацы карæй уæлдай «Æрыгæтты футболон лигæ»-йы ерысты архайой æндæр кары футболисттæ дæр.

Ростовы Уæрæсейы, Цæгат Кавказ æмæ Хуссайраг федералон зылдты футболон цæдисты иумæйаг æмбырды Ирыстоны минæвæрттæ уыдысты: РЦИ-Аланийы футболон академийы директор Битарты Роберт, футболон скъола «Æвзонгдзинад»-ы директор Гаджиты Инал, футболон скъола «Спартак-Алани»-йы директоры хæдивæг Дауиаты Зураб æмæ футболон клуб «Барс»-ы тренер-методист Андрей Передерий.

Гаджиты Инал куыд зæгъы, афтæмæй фæстæдæр ерыстæ арæзт цæудзысты цыппар кары футболон командæты ‘хсæн. Ацы аз уал 15-аздзыд кары командæты ‘хсæн Цæгат Кавказы федералон зылды фыццаг бынат бацахсыныл ерыс кæндзысты футболон академи «Алани» æмæ футболон скъола «Спартак-Алани»-йы командæтæ.

«Æрыгæтты футболон лигæ» аразджыты хъуыдымæ гæсгæ, ацы ерысты ахадындзинад хъуамæ хорзæрдæм фæзына Уæрæсейы футболы рæзтыл. Æрыгæтты ерыстæ, æнæмæнг, уыдзысты цымыдисаг. Уырны нæ, ацы ран нæ футболон скъолаты хъомылгæнинæгтæ раззагдæртæй кæй уыдзысты, æмæ дзы бирæты нæмттæ Уæрæсейы æмæ фæсарæнты дæр кæй айхъуысдзысты, уый.

Рæствæндаг ут, нæ кæстæртæ!

 

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here