2004 азы гæрзифтонг террористтæ цы ахуырадон кусæндон бацахстой, уый бындурыл дарддæр цæуы дунеон культурон-патриотон номарæн центр «Беслæн. Фыццæгæм скъола»-йы арæзтад.
Проектмæ гæсгæ подрядчик рацараздзæн скъолайæ баззайæг æппæт бæстыхæйттæ. Куыстытæ бахæс кодтой компани «СКИФОС-РСК»-йæн.
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæйы минæвар куыд радзырдта, афтæмæй ныридæгæн нысангонд куыстытæн сæ зынгæ хай æххæстгонд æрцыд: бæстыхайы сæры иу хай раивтой, агъуыстыты цартæм базылдысты, ног рудзгуытæ дзы сæвæрдтой… Ныртæккæ специалисттæ кусынц электрон тыхдæттæн хæтæлтæ бауадзыныл æмæ вентиляцийы системæ сæвæрыныл.
Уымæй уæлдай, аразджытæ сног кæндзысты, хъыгдард цы бæстыхай баййæфта, уый къултæ дæр. Уыимæ, скъолайы æддаг æмæ мидæггаг къултæ ног æрмæджытæй не сфæлгонц кæндзысты — ныр цы уавæры сты, афтæмæй сæ бахъахъхъæндзысты.
Сæрмагонд бригадтæ кусынц хъармгæнæнтæ æмæ трансформаторон дæлстанцæйы арæзтадыл дæр.
Подрядон компанийы минæвæрттæ куыд радзырдтой, афтæмæй æппæт куыстытæ дæр кæнынц культурон удварны хæзнатæ хъахъхъæныны тыххæй федералон закъонæвæрынады бындурыл. Аразджытæ кусынц фидаргонд графикæй раздæр. Подрядчик зæрдæ æвæры, æппæт нысангонд куыстытæ дæр 2022 азы декабрмæ кæй ахицæн кæндзæн, уымæй. Куыстыты хæрзхъæддзинадмæ методикон æмæ консультацион цæстдард ис УФ-йы Реставраторты цæдисы сæрдар Вячеслав Фатины ‘рдыгæй.
Цалцæггæнæн æмæ арæзтадон куыстытæ куы ахицæн уой, уæд фидæны центры æрбынæттон уыдзæн Беслæны фыдбæллæхы цауыл дзурæг экспозици. Музейон æмæ номарæн экспозицитæй уæлдай, центры уыдзæн æндæр дæлхайæдтæ дæр. Проекты æппæт уагæвæрдтæ æмæ хицæндзинæдты тыххæй дæр разыйы дзуапп райстæуыд террористон фыдракæнды хъыгдардбаййафæг адæм æмæ «Беслæны мадæлты» комитетæй. Куыстыты цыдмæ цæстдард ис РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы ‘рдыгæй дæр.
Зындгонд куыд у, афтæмæй 2021 азы июны Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг ацы центры арæзтады фарстамæ аздæхта УФ-йы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустины æргом. Уæд федералон Хицауады Сæрдар зæрдæ бавæрдта, номарæн комплексы арæзтадæн сæрмагонд фæрæзтæ кæй радих кæндзысты, уымæй. Фæстæдæр Хицауад уыцы нысанæн радих кодта 75 милуан сомы бæрц. Æмткæй райсгæйæ, центры арæзтады æмæ ифтонгады куыстытæн бахъæудзæн 200 милуан сомы бæрц (æппæт куыстытæ дæр цæудзысты æмæфсисады фæткы бындурыл).
Нæ уацхæссæг