Ахсджиаг фарстатæ

0
126

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло сарæзта аппаратон æмбырд. Уым бæрнон адæймæгтæн бабар кодта, ацы азы пъланмæ хаст социалон объекттæ саразын æмæ сæ бындуронæй сцалцæг кæнын.

Паддзахадон бадзырдтæ цы объекттыл скодтой, уыдоныл цæуы ныхас. Æрдæгарæзт бæстыхæйттæ та хъуамæ баййафой конкурсы процедурæтæ, хъуамæ сæ скæной æвæстиатæй. Уæд аразджытæ рæвдз бавналдзысты куыстытæм. Уыцы фарстатæм йæ хъус фæдардзæн Хицауады Сæрдары хæдивæг Бокоты Эльбрус.
«Кæд æмæ æппæт арæзтадон хъуыддæгтæн дзуапп дæтты Арæзтад æмæ архитектурæйы министрад, уæддæр хъуамæ æппæт хъуыддæгты архайой профилон ведомствæтæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады разамынд. Æххæстгæнæг хицауады размæ æвæрд хæстæ хъуамæ ахадгæ хуызы лыггонд цæуой», — фæбæрæг кодта Сæргълæууæг.
Уæлдай æргом аздæхтой Беслæны ахуырадон объекттæ аразынмæ, ома, æвзонг натуралисттæ æмæ техникты станцæтæ æмæ 550 бынатимæ скъоламæ. Арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæдивæг Моргуаты Константин куыд бацамыдта, афтæмæй дзы æппæт куыстытæ дæр кæронмæ ахæццæ сты. Сергей Меняйло объекттæ рæвдздæр скусын кæнын бафæдзæхста.
Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег куыд радзырдта, афтæмæй ивгъуыд къуырийы уæзласæн машинæтæн сæ бон æфцæджыты сæрты ахизын нæ бантыст. Транскавказаг магистрал æмæ Уæллаг Ларсы зæйтæ кæй рацыд, уый тыххæй фæндæгтæ уыдысты рæстæгæй-рæстæгмæ æх- гæд. Республикæйы сæмбырд 1900 уæзласæны, æнхъæлмæ кастысты сæ фæндагмæ. Ныртæккæ байгом сты æмæ сæ маршруттыл ахæцыдысты. Транспорты бæрц фæкъаддæр.
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Сæйраг управленийы тыхтæ бынæттон хиуынаффæйады кусджытимæ, национ диаспорæтимæ æмæ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы минæвæрттимæ шофыртæн хъарм хæринаг баластой. Æндæр хъæугæ продукттæй, донæй сæ сифтонг кодтой, сæхи схъарм кæныны фадæттæ сын скодтой.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here