Хъæугæ дзаумæттæ —лыгъд адæмæн

0
134

Акци «МахИумæ»-йы архайджытæ Донбассæй Цæгат Ирыстонмæ æнæбары раивæг адæмæн дарддæр æххуыс кæнынц.

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты цæгатирыстойнаг регионалон хайады пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй республикæйы амалхъомтæ æмæ æхсæнадон организациты æххуысæй бархионтæ санатори «Тæмисчъы» цæрæг сывæллæттæн балхæдтой скъолайы фæлыст, сæ ныййарджытæн та хилдасæн лæггад бакодтой. Уымæй уæлдай, Донецкæн æрæмбырд кодтой гуманитарон æххуысы дзаумæттæ.
Æхсæнадон палатæйы уæнгты фæрцы чызджытæ æмæ лæппутæн скъолайы фæлыст балхæдтой. Уымæй уæлдай, зындгонд амалиуæггæнæг Лалыты Лев йæ хилдасæн салоны дæсныты æрбаласта реабилитацион центр «Тæмискъ»-мæ. Республикæйы Фæсивæды хъуыддæгты комитеты, стæй аргъуан «Фарн» æмæ Цæгат Кавказы суворовон училищæйы минæвæрттимæ иумæ Донецкы цæрæг адæмæн дыууæ тоннæйæ фылдæр хъæугæдæр дзаумæттæ æрæмбырд кæнын бантыст.
Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны цæрынц Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæтæй нæм æнæбары раивæг 300 адæймагæй фылдæр.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here